Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 15/3 17–20 фф.
  • Хуыцауы организаци дын цины хос уӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы организаци дын цины хос уӕд
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Радзур «раджы заманты... хъуыддӕгтӕ»
  • Базон, алы хай дӕр куыд кусы
  • «Дзӕбӕх ын фенут йӕ мӕсгуытӕ»
  • Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй хуыздӕр базоной Йегъовӕйы организаци
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд дӕтты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 15/3 17–20 фф.

Хуыцауы организаци дын цины хос уӕд

ЙЕГЪОВӔ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уым зыны бӕрӕг фӕтк: гыццылмур удӕгас кълеткӕйӕ райдай ӕмӕ ӕнӕкӕрон галактикӕтӕй фӕу. Ӕмӕ ууыл дис кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг Хуыцаумӕ алы хъуыддаджы дӕр ис «уаг ӕмӕ ӕгъдау» (1 Кор. 14:33). Цӕмӕй йӕм адӕм кувой, уымӕн цы фӕтк ӕрӕвӕрдта, уый дӕр дисы ӕфтауы. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ цы сарӕзта, уымӕ. Уый иумӕ иу организацийы ӕрӕмбырд кодта милуангай адӕмы ӕмӕ сӕдӕгай милуан зӕдты. Радта сын сӕрибар хъуыды ӕмӕ йын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц. Уый диссаг куыннӕ у!

Хуыцауы организацийы зӕххон хай рагон Израилы ӕвдыста Иерусалим. Уым уыди Йегъовӕйы кувӕндон. Уыцы кадджын горӕты паддзахбадӕныл бадт йе ’взӕрст паддзах. Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы израилӕгтӕй иу Иерусалиммӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Иерусалим ме стырдӕр цинӕй уӕлдӕр куы нӕ сӕвӕрон, уӕд ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕсӕд» (Пс. 137:6).

Ды дӕр Хуыцауы организацийы тыххӕй афтӕ хъуыды кӕныс? Хуыцауы организацийы кӕй дӕ, уымӕй стырдӕр циндзинад ма дын ӕндӕр исты хӕссы? Дӕ сывӕллӕттӕ зонынц, Хуыцауы организацийы зӕххон хайы истори ӕмӕ куыд архайы, уый? Ӕппӕт дунейы дӕр сын цас хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уый ӕмбарынц ӕмӕ сын аргъ кӕнынц? (1 Пет. 2:17). Хорз нӕ уаид, ацы фарстатӕ иу изӕр, уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг, куы равзариккат, цӕмӕй уӕ бинонтӕ Йегъовӕйы организацийӕн тынгдӕр аргъ кӕной?

Радзур «раджы заманты... хъуыддӕгтӕ»

Израилӕгтӕй-иу алчидӕр йӕ бинонтимӕ алы аз дӕр бӕрӕг кодта Куадзӕн. Ацы бӕрӕгбонӕн бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд Моисей израилӕгтӕн загъта: «Искуы дӕ дӕ фырт куы бафӕрса, уый цӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын зӕгъ: „Йегъовӕ нӕ йӕ фидар къухӕй ракодта Египетӕй, цагъартӕ кӕм уыдыстӕм, уырдыгӕй“» (Рац. 13:14). Йегъовӕ израилӕгтӕн цы сарӕзта, уымӕн рохгӕнӕн нӕ уыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Израилы бинонты хистӕртӕй бирӕтӕ Моисейы уынаффӕ ӕххӕст кодтой. Цасдӕры фӕстӕ иу израилаг куывта: «О Хуыцау, мах нӕхи хъустӕй фехъуыстам, нӕ фыдӕлтӕ нын радзырдтой, сӕ заманты, раджы заманты, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уый тыххӕй» (Пс. 44:1).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фӕстаг 100 азы дӕргъы йе та фылдӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон абон ӕрыгӕттӕм, гӕнӕн ис, кӕсой «раджы заманты... хъуыддӕгтӕ». Дӕ бон у дӕ сывӕллӕтты уыцы хабӕрттимӕ базонгӕ кӕнын? Ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ пайда кӕнынц чиныгӕй «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога» ӕмӕ «Ежегодник»-ӕй. Фӕпайда ма кӕнынц, нӕ иннӕ публикациты кӕй ныммыхуыр кӕнынц, уыцы царды хабӕрттӕй, стӕй нӕ организацийы ногӕй цы ӕрцӕуы, уыцы хабӕрттӕй, уыимӕ ма Хуыцауы адӕмы нырыккон истори ӕвдыст кӕм цӕуы, уыцы ног дисктӕй. Советон Цӕдисы ӕмӕ нацистон Германы не ’фсымӕртӕ цы ӕфхӕрд баййӕфтой, уый фӕдыл цы кинонывтӕ рацыд, уыдон уӕ бинонтӕн баххуыс кӕндзысты уӕззау рӕстӕджыты уӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынӕн. Уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг-иу равзарут ахӕм ӕрмӕг. Уый уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, сӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд фидар фӕлӕууой.

Фӕлӕ ӕрыгӕтты нӕ организацийы историимӕ куы зонгӕ кӕнай, уӕд, чи зоны, тагъд афӕлмӕцой. Уӕд дӕ бон у, дӕ сывӕллонӕн бахӕс кӕнын, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ цы бӕстӕ цӕуы, уым Хуыцауы хъуыддаг куыд апарахат ис, уый тыххӕй ӕрмӕг бацагура ӕмӕ йӕ стӕй радзура. Кӕнӕ та уӕ бон у, уе ’мбырды бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй искӕй уӕ бинонты ахуырмӕ иу изӕр фӕхонын. Чи зоны уӕ сывӕллоны бафӕнда, цӕмӕй сӕ сӕ царды хабӕртты тыххӕй бафӕрса. Кӕнӕ ма дӕ сывӕллонӕн дӕ бон у зӕгъын, цӕмӕй исты нынныв кӕна, зӕгъӕм, Вефил куыд арӕзтой, ӕхсӕнадӕмон конгрессы хабӕрттӕ куыд цыдысты йе та раздӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ фонографӕй куыд пайда кодтой, уый.

Базон, алы хай дӕр куыд кусы

Апостол Павел чырыстон ӕмбырд абарста буаримӕ: «Ӕгас буар дӕр: буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл хӕцынц ӕмӕ иумӕ сӕ куыст кӕнынц алыхуызон хъӕугӕ нуӕртты фӕрцы. Буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы фӕкусы, уӕд буар ӕгасӕй дӕр фӕрӕзы ӕмӕ фӕфидар кӕны уарзондзинады» (Еф. 4:16). Адӕймаджы буар куыд кусы, уый хуыздӕр куы базонӕм, уӕд не Сфӕлдисӕгӕй ноджы тынгдӕр фӕбузныг вӕййӕм ӕмӕ йын тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Раст афтӕ, ӕппӕтдунеон «ӕмбырд» куыд архайы, уый куы базонӕм, уӕд дисы бафтӕм, «алыхуызӕтты чи зыны, Хуыцауы уыцы зонды» тыххӕй (Еф. 3:10).

Йегъовӕ нын бӕлвырд дзуры, йӕ организаци куыд архайы, уый тыххӕй, уыимӕ йӕ уӕларвон хай дӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕ нын дзуры, фыццаг йӕ хабӕрттӕ Йесо Чырыстийӕн кӕй раргом кодта. Фӕстӕдӕр «уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ уыцы зӕды уылты уыдӕттӕ алыхуызон нысӕнттӕй равдыста йӕ цагъар Иоаннӕн. Иоанн хъусын кодта, [...] цытӕ федта, уыдӕтты тыххӕй» (Рарг. 1:1, 2). Хуыцау ӕргом кӕны, йӕ организацийы ӕнӕуынгӕ хай куыд архайы, уый. Куыд дӕм кӕсы, цымӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй мах ӕмбарӕм, йӕ организацийы алы хай дӕр куыд кусы, уый?

Зӕгъӕм, тагъд рӕстӕджы уын уе ’мбырд бӕрӕг кӕндзӕн районон цӕстдарӕг. Хорз нӕ уаид, ӕгас бинонтӕй дӕр куы аныхас кӕниккат, цӕуӕг цӕстдарджыты лӕггад ӕмӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй? Махӕй алкӕмӕндӕр куыд ӕххуыс кӕнынц? Уӕ бон ма у ӕркӕсын ахӕм фарстатӕм: уацамындон хыгъд цӕмӕн фӕхъӕуы дӕттын? Хуыцауы организацийӕн ӕхца кӕм вӕййы? Разамонӕг совет куыд архайы ӕмӕ, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг куыд дӕтты?

Йегъовӕйы организаци куыд архайы, уый куы зонӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы: мах тыххӕй чи фыдӕбон кӕны, уыдонӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм (1 Фес. 5:12, 13). Хуыцауы хъуыддӕгтӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕндзыстӕм (Хъуыд. 16:4, 5). Ӕмӕ, Йегъовӕйы организацийы йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоныл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, куы уынӕм, цы уынаффӕтӕ хӕссынц ӕмӕ цы аразынц, уый Фыстадмӕ гӕсгӕ кӕй у (Дзут. 13:7).

«Дзӕбӕх ын фенут йӕ мӕсгуытӕ»

«Ацӕут ӕмӕ ӕрзилут Сионы алыварс, банымайут ын йӕ мӕсгуытӕ. Уе ’ргом аздахут, йӕ алыварс сыджытӕй цы быру ис, уымӕ. Дзӕбӕх ын фенут йӕ мӕсгуытӕ, цӕмӕй уый тыххӕй радзурат фидӕны фӕлтӕрӕн» (Пс. 48:12, 13). Псаломзарӕггӕнӕг израилӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй Иерусалим хуыздӕр базыдтаиккой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, израилаг бинонтӕ-иу уыцы кадджын горӕтмӕ ӕрвылазон бӕрӕгбӕттӕм куы ’рцыдысты ӕмӕ-иу уыцы диссаджы кувӕндон куы федтой, уӕд-иу цы банкъардтой, уый. Ӕвӕццӕгӕн-иу уый тыххӕй «фидӕны фӕлтӕртӕн» дӕр радзырдтой.

Ахъуыды-ма кӕнӕм Савӕйы ус-паддзахыл. Уый фыццаг нӕ уырныдта, Соломон диссаджы паддзах ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у. Цы фехъуыста, уыдон ӕцӕг куы разындысты, уӕд цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыд? Уый загъта: «Ӕз уыцы ныхӕстыл не ’ууӕндыдтӕн, цалынмӕ не ’рцыдтӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр мӕхи цӕстӕй нӕ федтон, уӕдмӕ» (2 Аз. 9:6). Ӕцӕгдӕр, «нӕхи цӕстӕй» цы фенӕм, уый ныл тынг бандавы.

Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй «сӕхи цӕстӕй» феной Йегъовӕйы организацийы диссӕгтӕ. Кӕд уӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал ӕввахс у, уӕд ӕм ацӕут. Зӕгъӕм, Мэнди ӕмӕ Вифани цы бӕстӕйы цардысты, уым ис Вефил. Уыцы Вефилмӕ цӕуын хъуыд 1 500 километры. Фӕлӕ-иу сӕ сӕ ныййарджытӕ гыццылӕй дӕр арӕх кодтой уырдӕм. Мэнди ӕмӕ Вифани дзурынц: «Цалынмӕ Вефилмӕ нӕ ацыдыстӕм, уӕдмӕ нӕм афтӕ касти, цыма дзы тынг зын у ӕмӕ дзы зӕрӕдтӕ йеддӕмӕ ничи ис. Фӕлӕ дзы ӕрыгӕтты дӕр уыди. Уыдон иууылдӕр Йегъовӕйы тыххӕй фыдӕбон кодтой ӕмӕ сӕ куыстӕй сӕ зӕрдӕ рухс кодта! Мах федтам, кӕм цӕрӕм, уым дӕр Йегъовӕйы организацийӕн йӕ гыццыл хай кӕй ис. Вефилмӕ-иу куы ацыдыстӕм, уӕд-иу алы хатт дӕр нӕ уырнындзинад бафидар ис». Мэнди ӕмӕ Вифани, Хуыцауы организаци куыд архайы, уый хуыздӕр куы базыдтой, уӕд райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ сӕ суанг Вефилмӕ дӕр фӕхуыдтой, цӕмӕй дзы иуцасдӕр балӕггад кодтаиккой.

Йегъовӕйы организаци ма нӕ бон у «уынын», рагон израилӕгтӕн ӕй сӕ бон куыд нӕ уыди уынын, афтӕ. Фӕстаг азты райстам алыхуызон кинонывтӕ Хуыцауы организацийы тыххӕй: «Свидетели Иеговы. Организованы, чтобы нести благую весть», «Наше всемирное братство», «До пределов земли», «Объединенные Божьим обучением». Уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ бинонтӕ дӕр куы фенат, куыд бирӕ фыдӕбон кӕнынц вефилӕгтӕ, барвӕндон кусджытӕ, миссионертӕ ӕмӕ, конгресстӕ чи бацӕттӕ кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ, уӕд не ’ппӕтдунеон организацийы тыххӕй ноджы тынгдӕр бузныг уыдзыстут.

Хуыцауы адӕмы ӕмбырдтӕй алкӕцыйӕн дӕр стыр ахадындзинад ис, хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕныны хъуыддаджы. Уӕдӕ уӕ бинонтимӕ рӕстӕг арут, цӕмӕй-иу «уе ’фсымӕрты ӕгас дунейы дӕр» уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнат. Уый уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «уырнындзинады фидар уат» ӕмӕ цин кӕнат (1 Пет. 5:9).

[Рамкӕ/Ныв 18 фарсыл]

Хуыцауы организаци. Ахсджиаг темӕ ахуыр кӕнынӕн

Цӕмӕй не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы организацийы истори ӕмӕ куыд архайы, уый хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй нӕм ис тынг бирӕ ӕрмӕг. Уымӕн дын баххуыс кӕндзысты дӕлдӕр амынд фарстатӕ.

☞ Нырыккон цӕуӕг цӕстдарджыты куыст куыд райдыдта? («Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 222–227 фф.).

☞ 1941 азы конгрессы «Сывӕллӕтты бон»-ы цавӕр ӕхсызгон хабар ӕрцыд? («Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 86, 88 фф.).

☞ Разамонӕг совет уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссы? («Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй», 122–129 фф.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын