Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb20 декабрь 8 ф.
  • Журналтӕй дарддӕр дӕр пайда кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Журналтӕй дарддӕр дӕр пайда кӕн
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Журналтӕ парахат кӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Ацы статья кӕй бацымыдис кӕндзӕн?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
mwb20 декабрь 8 ф.
Хо сылгоймагимӕ ныхас кӕны, журнал «Райхъал ут!»-ы цы темӕтӕ ис, уыдонӕй иуыл

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Журналтӕй дарддӕр дӕр пайда кӕн

2018 азӕй фӕстӕмӕ, парахат кӕнынӕн чи сты, уыцы журналты алы номыр дӕр вӕййы ӕрмӕстдӕр иу темӕйы фӕдыл. Уыцы журналтӕ иууылдӕр хауынц, иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм чи ис, уыцы кусӕнгӕрзтӕм. Уӕдӕ сӕ нӕ бон у уацамынды пайда кӕнын. Нӕ бон ма сӕ у немӕ хӕссын, искуыдӕм куы цӕуӕм кӕнӕ та исты ӕлхӕнынмӕ куы цӕуӕм, уӕд. Уыцы журналтӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн не сты, фӕлӕ уӕддӕр уыдоны фӕрцы, гӕнӕн ис, искӕй бафӕнда Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын.

Искӕимӕ ныхас куы райдайай, уӕд-иу ын стих бакӕс ӕмӕ-иу ын журналӕй, йӕ зӕрдӕ йын чи бацагаид, ахӕм темӕйы кой скӕн. Зӕгъӕм, кӕд ын сывӕллӕттӕ ис, йе та цӕуылдӕр маст кӕны кӕнӕ йӕ цыдӕр тыхсын кӕны, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын: «Ӕрӕджы уый фӕдыл иу хорз статья бакастӕн. Равдисон дын ӕй?» Кӕд дӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ адӕймаг бацымыдис, уӕд ын дӕ бон у журнал раттын кӕнӕ та йын ӕй электронон форматы арвитын. Афтӕ дӕ бон у бакӕнын, йемӕ фыццаг хатт куы ныхас кӕнай, уӕддӕр. Кӕд нӕ сӕйраг нысан адӕмӕн литературӕ дӕттын нӕу, уӕддӕр журналты фӕрцы нӕ бон у ссарын, Библимӕ гӕсгӕ йӕ цард аразын кӕй бафӕнда, ахӕм адӕймӕгты (Хъд 13:48).

2018

Нывтӕ: 2018 азы уагъд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы сӕйраг темӕтӕ. 1. «Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр пайда сты?». 2. «Фидӕны цы уыдзӕн?». 3. «Хуыцау дыл ӕцӕгдӕр тыхсы?». 4. «Ключ к счастью». 5. «12 секретов счастливых семей». 6. «Помощь тем, кто скорбит»

2019

Нывтӕ: 2019 азы уагъд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы сӕйраг темӕтӕ. 1. «Чи у Хуыцау?». 2. «Цард зынаргъ у?». 3. «Райгуыр ӕмӕ стӕй амӕл – цард ӕндӕр ницы у?». 4. «Будем ли мы чувствовать себя в безопасности?». 5. «Шесть качеств, необходимых ребенку». 6. «Может ли Библия изменить жизнь к лучшему?»

2020

Нывтӕ: 2020 азы уагъд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы сӕйраг темӕтӕ. 1. «Рӕстдзинад агурын цӕмӕн хъӕуы?». 2. «Цы у Хуыцауы Паддзахад?». 3. «Нӕ Хуыцауы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ». 4. «Победить стресс возможно». 5. «Ответы на 5 вопросов о страданиях». 6. «Есть ли лекарство от предубеждений?»

Уӕ территорийы адӕмы фылдӕр цавӕр темӕтӕ бацымыдис кӕнынц?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын