Ацы статья кӕй бацымыдис кӕндзӕн?
1. Нӕ брошюрӕтӕ кӕсгӕйӕ-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?
1 Нӕ брошюрӕтӕ фыст сты алыхуызон адӕмӕн. Уымӕ гӕсгӕ сӕ статьятӕ дӕр вӕййынц алыхуызон темӕтыл. Алы статья кӕсгӕйӕ дӕр-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, кӕй бацымыдис кӕндзӕн, ууыл ӕмӕ-иу стӕй бацархайӕм, цӕмӕй сӕ уацамынды ахӕм адӕмӕн дӕттӕм.
2. Нӕ брошюрӕты цы статьятӕ вӕййы, уыдон кӕй бацымыдис кӕндзысты?
2 Чи зоны, ӕрӕджы де ’мкусӕгимӕ Библийӕ цы фарстайыл ныхас кодтай, уый фӕдыл ацы мӕйы брошюрӕйы ис статья. Чи зоны дзы бакастӕ, дӕ хионӕн йӕ бинонты царды чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм статья. Йе та, чи зоны, дӕ зонгӕтӕй исчи хъавы, нӕ брошюрӕйы кӕй кой цыди, уыцы бӕстӕмӕ ацӕуын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ брошюрӕтӕй искӕцы бацымыдис кӕна, нӕ участокы цы куыстуӕттӕ кӕнӕ организацитӕ ис, уым чи кусы, уыцы адӕмы. Зӕгъӕм, ацӕргӕтӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый фӕдыл брошюрӕ, чи зоны, бацымыдис кӕна, зӕрӕдты хӕдзары чи цӕры ӕмӕ чи кусы, уыдоны. Пъӕлицӕйы кусджыты та, ӕвӕццӕгӕн, бацымыдис кӕндзӕн, сӕ куыстимӕ баст чи у, ахӕм брошюрӕ.
3. Иу бӕстӕйы бирӕ журналтӕ цӕй фӕрцы апарахат кодтой?
3 Цӕвиттонтӕ. Хуссар Африкӕйы иу ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ бинойнаг 2011 азы октябры «Пробудитесь!» «Как воспитать ребенка ответственным человеком» куы райстой, уӕд телефонӕй бадзырдтой, се ’мбырды территорийы цы 25 скъолайы ис, уыдонмӕ. 22 скъолайы уыцы журналтӕ райстой ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕн байуӕрстой. Уыцы бӕстӕйы ӕндӕр бинонтӕм дӕр фӕзынд ахӕм хъуыды ӕмӕ уыдон дӕр уыцы журналтӕ байуӕрстой, сӕ территорийы цы скъолатӕ уыд, уым. Иу скъолайы та ахуыргӕнджыты бафӕндыд уыцы журналӕй сӕ урокты спайда кӕнын. Ацы бинонтӕ уыцы хабар радзырдтой сӕ районон цӕстдарӕгӕн. Уый фӕстӕ цӕстдарӕг йӕ районы ӕмбырдты баразӕнгард кодта, цӕмӕй уыцы журналтӕй сӕ территориты скъолатӕм бахастаиккой. Филиалмӕ бирӕтӕ ныффыстой, цӕмӕй ма сын уыцы журналтӕй рарвыстаиккой, уымӕ гӕсгӕ ма дзы ноджыдӕр ныммыхуыр кодтой!
4. Цӕмӕн нӕ фӕнды брошюрӕтӕ фылдӕр адӕмӕн апарахат кӕнын?
4 Нӕ брошюрӕты фыст вӕййы, абон дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ӕмӕ адӕймаджы ’ргом здахынц Библимӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ. Ӕгас зӕххыл дӕр ӕрмӕст нӕ брошюрӕтӕ хъусын кӕнынц «ирвӕзындзинады тыххӕй» (Ис. 52:7). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ фылдӕр адӕмӕн апарахат кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын уыдзыстӕм, куы-иу ахъуыды кӕнӕм: «Ацы статья кӕй бацымыдис кӕндзӕн?»