Иу фарстайыл аныхас кӕн ӕмӕ ратт дыууӕ брошюрӕйы
Нӕ брошюрӕты вӕййы алыхуызон статьятӕ. Алы дуары раз дӕр брошюрӕйӕ цалдӕр статьяйыл ныхас кӕныны бӕсты-иу фӕлтау иу статьяйыл аныхас кӕнӕм. Лӕмбынӕг куы уӕм ӕмӕ, брошюрӕты цы статьятӕ ис, уыдон куы зонӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, адӕймаджы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм статья равзарын. Зӕгъӕм, хӕдзары кӕнӕ йӕ разы сывӕллоны хъазӕнтӕ куы фенӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн аныхас кӕнын, бинонты царды тыххӕй фыст кӕм ис, ахӕм статьяйыл. Нӕлгоймаг нӕм куы ракӕса, уӕд нӕ бон уыдзӕн аныхас кӕнын, бирӕ нӕлгоймӕгты чи цымыдис кӕны, ахӕм фарстайыл, зӕгъӕм, хорз хицау чи уыдзӕн. Кӕд иу фарстайыл ныхас кӕнӕм, уӕддӕр, адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ын раттӕн ис дыууӕ брошюрӕйы – иу ног, иннӕ та, уый размӕ кӕй райстам, уыдонӕй.