Брошюрӕтӕ хӕссын – хорз фадат Библи ахуыр кӕнын райдайынӕн
1. Йегъовӕйы организаци нӕ цӕмӕн разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын уа, ӕдзухдӕр брошюрӕтӕ кӕмӕн хӕссӕм, ахӕм адӕм?
1 Бирӕты нӕ фӕфӕнды Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ нын нӕ литературӕ ӕхсызгонӕй фӕкӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Йегъовӕйы организаци разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын уа, ӕдзухдӕр брошюрӕтӕ кӕмӕн хӕссӕм, ахӕм адӕм. Адӕм нын ӕдзухдӕр нӕ литературӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сӕ арӕх бафӕнды Хуыцауы Ныхасӕй фылдӕр цыдӕртӕ базонын (1 Пет. 2:2). Стӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ цы бакӕсой, уыдӕттӕй исты сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл дӕр сразы уой.
2. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, брошюрӕтӕ кӕмӕн хӕссыс, уый фылдӕр базонын бафӕнда?
2 Рӕстдзинады мыггӕгтыл дон кӕн. Адӕймагӕн брошюрӕтӕ куы хӕссай, уӕд-иу уайтагъд ма ацу, фӕлӕ-иу йемӕ аныхас кӕн, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай. Уый фӕрцы йын базондзынӕ йӕ уавӕртӕ, цы уарзы, цӕуыл ӕууӕнды, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ӕмбаргӕйӕ ныхас кӕндзынӕ (Ӕмб. 16:23). Алы бацыдмӕ дӕр-иу дӕхи цӕттӕ кӕн. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу ын ног брошюрӕйӕ иу хъуыды цыбыртӕй зӕгъ ӕмӕ-иу ын иу стих бакӕс. Афтӕмӕй дон кӕндзынӕ, йӕ зӕрдӕйы цы рӕстдзинады мыггӕгтӕ ныххаудта, уыдоныл (1 Кор. 3:6). Ныффысс-иу, кӕд ӕм бацыдтӕ, цавӕр литературӕ йын ныууагътай, цӕуыл ныхас кодтай ӕмӕ йын цавӕр стихтӕ бакастӕ, уый.
3. Брошюрӕтӕ кӕмӕ хӕссай, уымӕ мӕй цал хатты хъуамӕ цӕуай?
3 Мӕй йӕм цал хатты хъуамӕ цӕуай? Хъуамӕ йӕм цӕуай мӕй иу хатт, цӕмӕй-иу ын ног брошюрӕтӕ бахӕссай. Фӕлӕ, дӕ бон у арӕхдӕр цӕуын, кӕд дӕ дӕ уавӕртӕ амонынц ӕмӕ дӕм адӕймаг дзӕбӕх хъусы, уӕд. Зӕгъӕм, брошюрӕ йын куы ныууадзай, уымӕй йӕм иу кӕнӕ дыууӕ къуырийы фӕстӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ: «Бирӕ дӕ нӕ бафӕстиат кӕндзынӕн. Кӕй дын ныууагътон, уыцы брошюрӕйы мӕ фӕнды иу хъуыдымӕ дӕ хъус ӕрдарын». Афтӕмӕй адӕймаджы бафӕнддзӕн уыцы статья бакӕсын. Кӕд ӕй бакасти, уӕд ӕй дӕ бон у бафӕрсын, йӕ зӕрдӕмӕ дзы цы фӕцыд ӕмӕ йыл цыбыртӕй аныхас кӕнын. Кӕнӕ нын адӕймаг нӕ литературӕ зӕрдиагӕй куы кӕса, уӕд ын дӕ бон у равдисын, уыцы мӕй кӕй парахат кӕнӕм, уыцы публикаци, зӕгъӕм, трактат, чиныг кӕнӕ ӕндӕр исты.
4. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бамбарӕм, ӕдзухдӕр брошюрӕтӕ кӕмӕн хӕссӕм, уый Библи ахуыр кӕныныл разы у ӕви нӕ?
4 Ма ӕнхъӕлмӕ кӕс, цалынмӕ дын адӕймаг йӕхӕдӕг зӕгъа, Библи ахуыр кӕнын мӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй йын дӕхӕдӕг раздӕр зӕгъ. Кӕд раздӕр Библи ахуыр кӕныныл не сразы ис, уӕддӕр ын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ бон у йе ’ргом здахын, парахат кӕй кӕнӕм, уыцы брошюрӕйы рубрикӕмӕ «Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ». Афтӕмӕй бамбардзынӕ, Библийыл ӕй фылдӕр ныхас кӕнын фӕнды ӕви нӕ. Чи зоны, йемӕ къӕсӕргӕрон Библи ахуыр кӕнын дӕр райдайай. Фӕлӕ йӕ кӕд ахуыр кӕнын нӕ бафӕнда, уӕддӕр ын дӕ бон у дарддӕр дӕр брошюрӕтӕ хӕссын.