2 | «Фыстад... удӕнцой дӕтты»
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (РОМӔГТӔМ 15:4).
Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты
Библийы фыст ис, адӕймагӕн удӕнцой чи ӕрхӕссы, ахӕм ныхӕстӕ. Уыдон нын феххуыс кӕнынц тар хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн. Библи ма нын ныфс ӕвӕры, зӕрдӕрыст кӕй тыххӕй ӕвзарӕм, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй тагъд рӕстӕджы ӕнустӕм кӕй фервӕздзыстӕм.
Ацы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты
Ныфссӕттӕг хъуыдытӕ иуӕй-иу хатт алкӕмӕ дӕр фӕзыны. Фӕлӕ депресси кӕнӕ ӕндӕр ахӕм низ кӕмӕ ис, уыдонӕй бирӕты уыцы хъуыдытимӕ тох кӕнын ӕдзух фӕхъӕуы. Ахӕм адӕмӕн Библи куыд баххуыс кӕны?
Библийы фӕрцы нӕ бон у нӕ тар хъуыдытӕ хорз хъуыдытӕй баивын (Филиппӕгтӕм 4:8). Куы йӕ кӕсӕм, уӕд нӕ зонд дзаг кӕндзыстӕм удӕнцойдӕттӕг хъуыдытӕй ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл нӕ бар цӕуа (Псалом 94:18, 19).
Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхимӕ ницӕйаг мауал кӕсӕм (Лукайы 12:6, 7).
Библийӕ бирӕ скъуыддзӕгтӕй у бӕрӕг, иунӕг кӕй не стӕм ӕмӕ нын не Сфӕлдисӕг не ’нкъарӕнтӕ тынг хорз кӕй ӕмбары (Псалом 34:18; 1 Иоанны 3:19, 20).
Библи зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд рӕстӕджы Хуыцау афтӕ кӕй бакӕндзӕн, ӕмӕ, ныр цытӕ ӕвзарӕм, уыдӕттӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстӕм (Исай 65:17; Раргомад 21:4). Не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нын тыхст хъуыдытӕ ӕнцой куы нал дӕттой, уӕд-иу нын ацы зӕрдӕвӕрд баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн.