Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp23 № 1 10–11 фф.
  • 3 | Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 3 | Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты
  • Ацы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты
  • 2 | «Фыстад... удӕнцой дӕтты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • 4 | Библийы уынаффӕтӕ пайда сты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • 1 | Хуыцаумӕ кувын. «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • Цы ис саразӕн, дӕхи ӕдас куы нӕ хатай, уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
wp23 № 1 10–11 фф.
Пехуымпар Моисей тыхстхуызӕй хӕрдмӕ кӕсы ӕмӕ Хуыцаумӕ кувы.

3 | Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС... Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй; уыдон уыдысты «мах хуызӕн» адӕймӕгтӕ (ИАКОВЫ 5:17).

Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты

Библийы цы нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй ис фыст, уыдон ӕцӕгдӕр цардысты. Уыдысты мах хуызӕн адӕймӕгтӕ ӕмӕ сӕм уыди алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ. Ӕмӕ Библи кӕсгӕйӕ, чи зоны, ссарай, де ’нкъарӕнты хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ кӕмӕ уыд, ахӕм адӕймаджы хабар.

Ацы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты

Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ ӕмбарой, уӕлдайдӕр та, психикӕимӕ баст низ кӕмӕ ис, уыдоны. Библи кӕсгӕйӕ фенӕм, цы адӕмы тыххӕй дзы ис фыст, уыдонмӕ дӕр-иу кӕй уыд, махмӕ цы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, ахӕмтӕ. Уый фӕрцы фембарӕм, ӕрмӕст мах кӕй нӕ тох кӕнӕм ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ.

  • Библийы фыст ис, йӕ къухтӕ чи ’руагъта ӕмӕ йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, ахӕм адӕймӕгты ныхӕстӕ. Искуы афтӕ ахъуыды кодтай, зӕгъгӕ, мӕ бон нал у? Ахӕм хъуыдытӕ уыд Моисеймӕ, Илийамӕ ӕмӕ Давидмӕ дӕр (Нымӕцтӕ 11:14; 1 Паддзӕхты 19:4; Псалом 55:4).

  • Библийы ис иу сылгоймаджы кой, йӕ ном – Аннӕ. Аннӕ тынг маст кодта, уымӕн ӕмӕ йын зӕнӕг нӕ цыд, стӕй ма йын уый тыххӕй йӕ лӕджы иннӕ ус ӕдзух фидистӕ кодта (1 Самуилы 1:6, 10).

  • Библийы ма бакӕсӕн ис иу нӕлгоймаджы тыххӕй, хуынди Иов. Кӕд Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд, уӕддӕр иуафон ахӕм уынгӕджы уавӕры уыд, ӕмӕ загъта: «Цард мын сӕнад, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды» (Иов 7:16).

Уыцы адӕймӕгтӕ сӕ тар хъуыдытимӕ куыд тох кодтой, уый куы базонӕм, уӕд мах дӕр нӕхимӕ хъарутӕ ссардзыстӕм, ӕмӕ нӕ къухтӕ не ’руадздзыстӕм.

Библи куыд ӕххуыс кӕны. Кевин

Мӕ низ мыл куыд ӕндавы

Кевин йӕ дыууӕ ӕмбалимӕ къофи цымы.

50 азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд рабӕрӕг, кӕй мӕм ис, биполярное расстройство кӕй хонынц, ахӕм низ. Хатт мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мӕ бон алцыдӕр у. Хатт та афтӕ вӕййы, ӕмӕ мӕм цӕрын дӕр нал фӕцӕуы.

Библи мын куыд ӕххуыс кӕны

Библийы кӕй кой ис, уыдонӕй мын уӕлдайдӕр апостол Петры цӕвиттон у стыр ӕххуыс. Кӕд-иу йӕ рӕдыдтыты тыххӕй йӕхимӕ ницӕйаг ӕркаст, уӕддӕр-иу уыцы хъуыдытыл не сси, фӕлӕ-иу йе ’мбӕлттӕй ӕххуыс бацагуырдта. Мӕ низ куы стыхджын вӕййы, уӕд мӕ хъӕндзинӕдтыл свӕййын ӕмӕ мӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсын. Ӕз дӕр Петрау фӕархайын, цӕмӕй ме ’мбӕлттӕй мӕхи дард ма ласон. Уыдон мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕ къухтӕ ма ’руадзон ӕмӕ дарддӕр дӕр мӕ низимӕ тох кӕнон.

Стыр ӕххуыс ма мын у паддзах Давиды цӕвиттон дӕр. Уый-иу арӕх йӕхимӕ ныхъхъуыста ӕмӕ-иу йӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй йӕхи хордта. Давиды хорз ӕмбарын, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр хатт цыдӕр саразын кӕнӕ фӕзӕгъын, ӕмӕ йыл стӕй фӕфӕсмон кӕнын. 51-ӕм псалом мын удӕнцойы хос у. 3-аг стихы Давид загъта: «Ӕз зонын мӕ фыдракӕндтӕ, мӕ тӕригъӕд ӕдзухдӕр мӕ разы ис». Тар хъуыдытӕ мӕ сӕ быны куы скӕнынц, уӕд ӕз дӕр нал фӕуынын, хорзӕй мӕм цы ис, уый. 10-ӕм стихы та загъта: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау, ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон». Ӕмӕ ӕз дӕр Хуыцауӕй ӕххуыс фӕкурын, цӕмӕй мӕхимӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсон. Мӕ зӕрдӕ ма мын ӕрсабыр кӕны 17-ӕм стих: «О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ». Ацы ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Хуыцау мӕ кӕй уарзы.

Библийы кӕй кой ис, уыдоны цӕвиттонтыл, стӕй мын Хуыцау ныртӕккӕ куыд ӕххуыс кӕны, ууыл кӕй фӕхъуыды кӕнын, уый фӕрцы мӕ фидӕнӕй ис фидар ныфс. Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, Библийы цы фыст ис, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ мын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕ къухтӕ ма ’руадзон.

Фылдӕр ӕххуыс:

Сайты jw.org кӕс 2004 азы 8 январы «Пробудитесь!», статья «Жить, превозмогая эмоциональный недуг».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын