Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp23 № 1 12–13 фф.
  • 4 | Библийы уынаффӕтӕ пайда сты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 4 | Библийы уынаффӕтӕ пайда сты
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты
  • Ацы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты
  • Библи кӕмӕн баххуыс кодта, уыдон цы зӕгъынц
  • Ӕгас дунейы дӕр психикӕимӕ баст низтӕ сарӕх сты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • 3 | Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • Психикӕимӕ баст низ кӕмӕ ис, уымӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
  • Библийы фӕрцы дӕ цард куыд фӕхуыздӕр уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
wp23 № 1 12–13 фф.
Сылгоймаг велосипедыл фӕцӕуы; у хъӕлдзӕг.

4 | Библийы уынаффӕтӕ пайда сты

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр... пайда у» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:16).

Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты

Библи медицинон чиныг нӕу, фӕлӕ дзы ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ. Уыдон стыр ӕххуыс вӕййынц, психикӕимӕ баст низтимӕ чи тох кӕны, уыдонӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр уынаффӕмӕ.

Ацы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты

«Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ» (МАТФЕЙЫ 9:12).

Библийӕ бӕрӕг у, хатт адӕймаджы дохтырты ӕххуыс ӕнӕмӕнг кӕй фӕхъӕуы бацагурын. Психикӕимӕ баст низтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн стыр пайда фӕци, сӕ низы тыххӕй, ӕууӕнчы аккаг чи у, ахӕм информаци кӕй бацагуырдтой ӕмӕ дохтырмӕ кӕй ацыдысты, уый.

«Буары уӕнгтӕ фидар кӕнын» пайда у (1 ТИМОФЕЙМӔ 4:8).

Адӕймаг йе ’нӕниздзинад куы фидар кӕна, зӕгъӕм, упражненитӕ куы кӕна, пайда хӕринӕгтӕ куы хӕра ӕмӕ фаг куы фынӕй кӕна, уӕд уый йӕ психикӕйыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн.

«Хъӕлдзӕг зӕрдӕ хосау дзӕбӕх кӕны, ныфссаст зӕрдӕ та стджытӕ хус кӕны» (ӔМБИСӔНДТӔ 17:22).

Библийӕ ныфсфидаргӕнӕн скъуыддзӕгтӕ куы кӕсай ӕмӕ, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ дӕ разы куы ’вӕрай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджындӕр уай. Баххуыс ма дын кӕндзӕн, царды хорзӕй цы ис, ууыл куы хъуыды кӕнай ӕмӕ фидӕны уавӕр кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн, ууыл куы ӕууӕндай, уый дӕр.

«Зонд та ис бонзонгӕтӕм» (ӔМБИСӔНДТӔ 11:2).

Чи зоны, дӕхи бон нӕу, цы дӕ фӕндид, уыдӕттӕ иууылдӕр аразын. Кӕд афтӕ у, уӕд-иу иннӕты ӕххуысыл сразы у. Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ бинонты куыннӕ фӕнддзӕн дӕуӕн баххуыс кӕнын, фӕлӕ куыд, уый, гӕнӕн ис, ма зоной. Зӕгъ-иу сын, уӕлдай тынгдӕр дӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый. Фӕлӕ сӕ ӕгӕр бирӕ ма дом ӕмӕ сӕ се ’ххуысы тыххӕй бузныг у.

Библи кӕмӕн баххуыс кодта, уыдон цы зӕгъынц

«Цыдӕр кӕй кӕнын, уый ӕмбӕрстон ӕмӕ дохтырмӕ ацыдтӕн. Уый мын мӕ низыхатт сбӕрӕг кодта, ӕмӕ базыдтон, мӕхи афтӕ цӕмӕн фӕхатын, уый. Стӕй ма базыдтон, цавӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ ис, уый дӕр» (Никольa, ис ӕм биполярное расстройство).

Сылгоймаг дохтыримӕ ныхас кӕны.

«Мӕ бинойнагимӕ алы райсом дӕр Библи фӕкӕсӕм. Уый фӕрцы хорз цӕуылдӕрты фӕхъуыды кӕнын. Ӕмӕ мын уӕлдай зын куы вӕййы, уӕд ссарын, удӕнцойы хос мын чи фӕвӕййы, ахӕм стихтӕ» (Питер, ис ӕм депресси).

«Худинаг мӕм каст мӕ низы тыххӕй искӕмӕн радзурын. Фӕлӕ мӕм ме ’мбал лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй мӕ бамбӕрстаид. Уый фӕрцы мӕхимӕ иунӕг нӕ кастӕн ӕмӕ мын фенцондӕр» (Чи Ю, ис ӕм расстройство пищевого поведения).

«Библи мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕгӕр бирӕ ма кусон ӕмӕ фаг улӕфон. Цы зондджын уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон мын ӕххуыс кӕнынц тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн» (Тимоти, ис ӕм обсессивно-компульсивное расстройство).

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

Фломастерӕй ныв анимаци «Цы саразӕн ис, цӕмӕй мауал ӕнкъард кӕнай».
Фылдӕр ӕххуыс:

Сайты jw.org бакӕс фломастерӕй ныв анимацимӕ «Цы саразӕн ис, цӕмӕй мауал ӕнкъард кӕнай».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын