1 | Хуыцаумӕ кувын. «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут»
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 ПЕТРЫ 5:7).
Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты
Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын дзурӕм, цыдӕриддӕр нӕ тыхсын кӕны, уый (Псалом 55:22). Цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм – стыр уа ӕви гыццыл – нӕ бон у уый тыххӕй кувын. Махӕн ахсджиаг цы у, уый Йегъовӕ дӕр ахсджиагыл нымайы, уымӕн ӕмӕ ныл тыхсы ӕмӕ нын не ’нкъарӕнтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фарн уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг у кувын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
Ацы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты
Психикӕимӕ баст низ нӕм куы уа, уӕд, гӕнӕн ис, нӕхимӕ бынтон иунӕг кӕсӕм. Иннӕтӕ нын хатт нӕ уавӕр кӕронмӕ нӕ фембарынц (Ӕмбисӕндтӕ 14:10). Фӕлӕ Хуыцауӕн куывды мидӕг, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы дзурӕм, уӕд-иу нӕм алкӕддӕр байхъусдзӕн ӕмӕ-иу нӕ бамбардзӕн. Йегъовӕ алцыдӕр уыны. Уыны йӕ, куыд зын нын у ӕмӕ нӕ низимӕ куыд тох кӕнӕм, уый. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм зӕрдӕбынӕй кувӕм ӕмӕ нӕ цыдӕриддӕр тыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын дзурӕм (2 Азфыстыты 6:29, 30).
Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр бауырны, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы. Ӕмӕ уӕд нӕ бон вӕййы зӕгъын, псаломзарӕггӕнӕг йӕ куывды куыд загъта, афтӕ: «[Ды] мын федтай мӕ мӕстытӕ, базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар» (Псалом 31:7). Цытӕ ’взарӕм, уый Йегъовӕ уыны. Ӕмӕ уый кӕй зонӕм, ӕрмӕст уый дӕр нын, чи зоны, баххуыс кӕна, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Йегъовӕйӕ хуыздӕр нӕ ничи ӕмбары. Фӕлӕ нын нӕ зын уавӕр ӕрмӕст уынгӕ нӕ кӕны. Библийы уылты нын удӕнцой ратты ӕмӕ нӕ бафидар кӕны.