Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 февраль 20–24 фф.
  • «Ӕз иунӕг никуы уыдтӕн»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕз иунӕг никуы уыдтӕн»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ МЫН УЫДЫСТЫ ФӔЗМИНАГ
  • ИУНӔГӔЙ ӔХХӔСТ КӔНЫН ЗЫН ХӔСЛӔВӔРДТӔ
  • ПАПУӔ – НОГ ГВИНЕЙ
  • НӔ ГЫЦЦЫЛ БИНОНТӔ БИРӔ ФЫДӔБОН КОДТОЙ
  • СТЫР МАСТ БАВЗӔРСТОН, ИУНӔГӔЙ БАЗЗАДТӔН, ФӔЛӔ ТА НОГӔЙ ЦИН КӔНЫН
  • ЙЕГЪОВӔ МАХӔЙ ДАРД НИКУЫ ВӔЙЙЫ
  • «Алыхуызон адӕмӕн дӕр сдӕн алцыдӕр»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Ӕппӕт дӕр ныууагътон, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цыдаин
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 февраль 20–24 фф.
Анхелито Бальбоа.

БИОГРАФИ

«Ӕз иунӕг никуы уыдтӕн»

РАДЗЫРДТА ЙӔ АНХЕЛИ́ТО БАЛЬБО́А

АДӔЙМАГ йӕхимӕ иунӕг бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй фӕкӕсы, зӕгъӕм, исчи йын куы амӕлы, цӕрынмӕ ӕндӕр ранмӕ куы ацӕуы кӕнӕ йӕ хиуӕттӕй ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй йӕ разы куы ничи вӕййы, уӕд. Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕхиуыл бавзӕрстон. Фӕлӕ мӕ цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, иунӕг кӕй никуы уыдтӕн. Ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдтӕн, уый уын радзурдзынӕн.

МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ МЫН УЫДЫСТЫ ФӔЗМИНАГ

Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад уыдысты католиктӕ ӕмӕ сӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Фӕлӕ Библийӕ куы базыдтой, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уӕд систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой. Мӕ фыд хъӕддӕсны уыд, ӕмӕ цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ-иу хъӕдӕй арӕзта Йесойы нывтӕ. Фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ йӕ дӕсныйад бахъуыд, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм хъуыддагӕн. Нӕ хӕдзары фыццаг уӕладзыгӕй скодта Паддзахады зал. Уый уыди фыццаг Паддзахады зал горӕт Сан-Хуа́н-дель-Мо́нтейы (Филиппинты сӕйраг горӕт Мани́лӕмӕ хӕстӕг).

Мӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ нӕ хиуӕттимӕ

Ӕз райгуырдтӕн 1952 азы. Уыдис мын цыппар ӕфсымӕры ӕмӕ ӕртӕ хойы. Ӕз уыдтӕн се ’ппӕты кӕстӕр. Нӕ ныййарджытӕ тынг архайдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзтаиккам. Куы фестырдӕр дӕн, уӕд-иу мын мӕ фыд дзырдта, цӕмӕй алы бон дӕр Библийӕ иу сӕр кастаин. Нӕ организацийы уагъд публикациты фӕрцы ма мын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базыдтаин. Нӕ ныййарджытӕ-иу хаттӕй-хатт уазӕгуаты фӕхуыдтой цӕуӕг цӕстдарджыты ӕмӕ филиалы минӕвӕртты. Ӕхсӕв дӕр-иу нӕм ӕрлӕууыдысты. Цы хабӕрттӕ-иу нын дзырдтой, уыдонмӕ хъусын иууылдӕр тынг уарзтам. Нӕ зӕрдӕты зынг-иу ссыгъд, ӕмӕ нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сси ӕппӕты сӕйраг.

Мӕ ныййарджытӕ фидар уырнындзинады хицау уыдысты, ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Хъыгагӕн, мӕ мад фӕрынчын ӕмӕ амард. Уый фӕстӕ мӕ фыдимӕ райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын. Уый уыди 1971 азы. Фӕлӕ стӕй, 1973 азы, мӕ фыд дӕр амард. Мӕныл уӕд цыди 20 азы. Мӕ ныййарджыты мӕлӕты фӕстӕ мӕхимӕ тынг иунӕг кастӕн. Фӕлӕ Библийы цы «фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» ныфсы кой ис, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕхимӕ ма ныхъхъуыстаин ӕмӕ Йегъовӕйӕ ма адард уыдаин (Дзут. 6:19). Мӕ фыды мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй дард сакъадах Коро́нмӕ (ис провинци Пала́ваны).

ИУНӔГӔЙ ӔХХӔСТ КӔНЫН ЗЫН ХӔСЛӔВӔРДТӔ

Коронмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мыл цыди 21 азы. Горӕты кӕй схъомыл дӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕм тынг диссаг фӕкаст, бирӕ хӕдзӕрттӕм рухс ӕмӕ дон уагъд кӕй нӕ уыд. Стӕй дзы машинӕтӕ ӕмӕ мотоциклтӕ дӕр бирӕ нӕ уыд. Уыцы ран уыди цалдӕр Ӕвдисӕны. Фӕлӕ дзы пионерӕй мӕн йеддӕмӕ ничи лӕггад кодта, ӕмӕ-иу хатт хъусын кодтон иунӕгӕй. Фыццаг мӕй мӕ бинонты ӕмӕ ме ’мбӕлтты тынг мысыдтӕн. Уыдис-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу ӕхсӕвы арвмӕ стъалытӕм кастӕн ӕмӕ-иу мӕ цӕссыгтӕ мӕ рустыл гӕр-гӕр кодтой. Ӕмӕ-иу хъуыды кодтон: «Мӕ бон нал у. Фӕстӕмӕ нӕхимӕ ацӕудзынӕн».

Ахӕм рӕстӕджыты-иу Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ-иу ын дзырдтон, мӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ. Хъуыды-иу кодтон, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы ныфсдӕттӕг хъуыдытӕ бакастӕн, уыдоныл. Мӕ зӕрдыл-иу арӕх ӕрлӕууыд Псалом 19:14 стих. Ӕз бамбӕрстон: Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттыл, ома йӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕ миниуджытыл, куы хъуыды кӕнон, уӕд мӕнӕн дӕр уыдзӕн «мӕ Къӕдзӕх ӕмӕ мӕ Ӕлхӕнӕг». Ноджыдӕр ма мын баххуыс кодта, иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы статья уыд, уый, «Иунӕг никуы вӕййыс», зӕгъгӕa. Афтӕ арӕх ӕй кастӕн, ӕмӕ хъуыды дӕр нал кӕнын, цал хатты йӕ бакастӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу ахӕм рӕстӕджыты уыдтӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕимӕ. Ӕмӕ уыцы фадӕттӕн тынг аргъ кодтон. Куывтон-иу ӕм, Библи-иу иртӕстон ӕмӕ-иу Хуыцауы хъуыдытыл арф хъуыды кодтон.

Коронмӕ куы ’рцыдтӕн, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ снысан кодтой хистӕр нӕлгоймагӕй. Мӕн йеддӕмӕ дзы хистӕр нӕлгоймаг кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕ алы къуыри дӕр хъуыди Хъусынгӕнджыты скъола, хъусын кӕныны фембӕлд, ӕмбырды чиныгахуыр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр уадзын. Уымӕй уӕлдай ма-иу мын алы къуыри дӕр уыд ӕргом раныхас. Иу ныхасӕй, уыйбӕрц цыдӕртӕ мӕ хъуыд аразын, ӕмӕ ма мӕ уымӕ ӕвдӕлд, цӕмӕй мӕхимӕ иунӕг кастаин.

Короны мӕ лӕггад дӕр тыллӕг хаста. Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй чидӕртӕ донаргъуыд райстой. Фӕлӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдтӕн. Хатт-иу мӕ мӕ участокмӕ цӕуын хъуыд боны ’рдӕг ӕмӕ-иу, кӕм бахсӕвиуат кӕндзынӕн, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтон. Не ’мбырды территоримӕ ма хауд бирӕ гыццыл сакъадӕхтӕ дӕр. Уырдӕм-иу арӕх ацыдтӕн моторджын лодкӕйыл абухгӕ денджызы. Ӕмӕ ма ленк кӕнын дӕр куы зыдтаин! Фӕлӕ мӕ Йегъовӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ мын ӕххуыс кодта. Фӕстӕдӕр ӕй бамбӕрстон, кӕй мӕ цӕттӕ кодта ноджы зындӕр хӕслӕвӕрдмӕ.

ПАПУӔ – НОГ ГВИНЕЙ

1978 азы мӕ снысан кодтой Па́пуӕ – Ног Гвинеймӕ. Ис Австралимӕ хӕстӕг цӕгатырдыгӕй. Уым ис бирӕ хӕхтӕ, йӕ территори та у, Испани цӕйас у, иу уыйас. Йӕ цӕрджыты нымӕц уыд 3 милуан адӕймаджы бӕрц. Ӕмӕ куы базыдтон, 800 ӕвзагӕй фылдӕрыл кӕй дзурынц, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Хорз ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр дзырдтой мелане́зиаг пи́джиныл, хонынц ма йӕ ток-писи́н дӕр.

Рӕстӕгмӕ мӕ снысан кодтой англисаг ӕмбырдмӕ. Уыцы ӕмбырд уыд бӕстӕйы сӕйраг горӕт Порт-Мо́рсбийы. Уый фӕстӕ та ахызтӕн ток-писиныл дзурӕг ӕмбырдмӕ ӕмӕ бацыдтӕн ӕвзаджы курсытӕм. Курсыты-иу ногӕй цы базыдтон, уымӕй-иу уацамынды спайда кодтон, цӕмӕй-иу адӕмӕн мӕ хъуыдытӕ сӕхи ӕвзагыл загътаин. Уый фӕрцы ӕвзаг тагъддӕр сахуыр кодтон. Цасдӕры фӕстӕ ток-писиныл ӕргом раныхас дӕр радзырдтон. Папуӕ – Ног Гвинеймӕ куы ’рцыдтӕн, уымӕй афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ мӕ ток-писиныл дзурӕг ӕмбырдтӕн районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. Хъуамӕ бӕрӕг кодтаин, цалдӕр стыр провинцийы цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдон. Ахъуыды-ма кӕнут, уый фехъусгӕйӕ куыд фӕуыдаин!

Ӕмбырдтӕ кӕрӕдзийӕ дард уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыди бирӕ районон конгресстӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ бирӕ рӕттӕм цӕуын. Райдианы мӕхимӕ тынг иунӕг кастӕн – ног бӕстӕ, ног ӕвзаг, ног ӕгъдӕуттӕ. Хӕхбӕстӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыд. Ӕмӕ-иу мӕ, зӕгъӕн ис, алы къуыри дӕр хъуыди хӕдтӕхӕгыл тӕхын. Хатт-иу гыццыл ӕнӕбары хӕдтӕхӕджы мӕн йеддӕмӕ иу адӕймаг дӕр нӕ уыд. Тынг-иу тарстӕн, денджызы-иу лодкӕйыл цӕугӕйӕ куыд тарстӕн, афтӕ.

Телефонтӕ бирӕтӕм нӕ уыди, ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕм фыстон писмотӕ. Фӕлӕ-иу сӕм хатт мӕхӕдӕг мӕ писмотӕй раздӕр бахӕццӕ дӕн. Ӕмӕ-иу адӕмы фарстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕм ссарон, зӕгъгӕ. Куы-иу сӕ ссардтон, уӕд-иу мыл афтӕ бацин кодтой, ӕмӕ диссаг. Ӕмӕ-иу уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын, мӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ уыдысты. Ӕз уыдтон, Йегъовӕ мын алкӕддӕр куыд ӕххуыс кодта, ӕмӕ йӕм тынг баввахс дӕн.

Фыццаг хатт сакъадах Бугенви́лы ӕмбырд куы бӕрӕг кодтон, уӕд мӕм иу лӕг ӕмӕ ус сӕ мидбылты худгӕйӕ бацыдысты ӕмӕ мӕ бафарстой: «Нӕ нӕ хъуыды кӕныс?» Ӕз сӕ ӕрхъуыды кодтон. Порт-Морсбимӕ фыццаг хатт куы ’рцыдтӕн, уӕд семӕ ныхас кодтон рӕстдзинады тыххӕй. Уӕд ма семӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдтон ӕмӕ сӕ стӕй иу бынӕттон ӕфсымӕры бар бакодтон. Ӕмӕ ныр сӕ дыууӕ дӕр уыдысты донаргъуыд! Папуӕ – Ног Гвинейы фӕдӕн 3 азы, ӕмӕ мӕ уыцы рӕстӕг Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.

НӔ ГЫЦЦЫЛ БИНОНТӔ БИРӔ ФЫДӔБОН КОДТОЙ

Аделимӕ

1978 азы, Короны ма куы лӕггад кодтон, уӕд, базонгӕ дӕн иу диссаджы хоимӕ, Аде́лимӕ. Уый лӕггад кодта пионерӕй. Тынг удуӕлдай адӕймаг уыд. Аделӕн уыди дыууӕ сывӕллоны: Самуэ́ль ӕмӕ Ши́рли. Стӕй ма каст йӕ ацӕргӕ мадмӕ дӕр. 1981 азы майы Филиппинтӕм ӕрыздӕхтӕн, цӕмӕй Аделимӕ нӕ цард баиу кодтаиккам. Уый фӕстӕ иумӕ пионертӕй лӕггад кодтам, иумӕ сывӕллӕтты хъомыл кодтам ӕмӕ Аделы мадмӕ кастыстӕм.

Провинци Палаваны Аделимӕ ӕмӕ нӕ сывӕллӕттимӕ: Самуэль ӕмӕ Ширлиимӕ

Кӕд мын бинонтӕ уыд, уӕддӕр мӕ 1983 азы снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй, Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм сакъадахмӕ, Лина́паканмӕ (провинци Палаван). Гъемӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй уыцы дард ранмӕ ацыдыстӕм. Иу азы фӕстӕ Аделы мад амард. Уый нын тынг зын уыд. Фӕлӕ бирӕ лӕггад кодтам, ӕмӕ нын уый ӕххуыс кодта уыцы маст сфӕразынӕн. Бирӕтимӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын. Уыцы адӕмы фӕндыд ӕмбырдтӕм цӕуын. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуыд гыццыл Паддзахады зал, ӕмӕ нӕхӕдӕг зал сарӕзтам. Линапаканмӕ куы ’рцыдыстӕм, уымӕй 3 азы фӕстӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 110 адӕймаджы. Ууыл тынг фӕцин кодтам. Бирӕтӕ дзы нӕ фӕстӕ донаргъуыд райстой.

1986 азы мӕ снысан кодтой сакъадах Кулио́нмӕ. Фӕстӕдӕр Аделы дӕр сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой. Уыцы сакъадахыл уыди, хъотырӕй рынчынтӕ кӕм цардысты, ахӕм бынат. Фыццаг нӕ ныфс нӕ хастам, низ кӕй ныффыдынд кодта, уыцы адӕмӕн хъусын кӕнынмӕ. Тарстыстӕм, хъотыр ныл куы бахӕца, уымӕй. Фӕлӕ нын бынӕттон хъусынгӕнджытӕ загътой, ма, дам, тӕрсут, уыцы рынчынты, дам, дохтыртӕ дзӕбӕх кӕнынц. Уыдонӕй чидӕртӕ цыдысты ӕмбырдтӕм иу хойы хӕдзармӕ. Тагъд нӕ зӕрдӕмӕ дӕр цӕуын райдыдта уыцы адӕмӕн хъусын кӕнын. Уыдонмӕ афтӕ каст, ӕмӕ никӕйуал хъӕуынц: нӕдӕр Хуыцауы, нӕдӕр адӕмы. Ӕмӕ нын ӕхсызгон уыд, Хуыцау адӕмӕн ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй сын дзурын. Уыцы адӕм-иу куы базыдтой, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ низтӕ нал уыдзӕн, уӕд-иу сӕ цинӕн кӕрон нал уыд (Лук. 5:12, 13).

Нӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕххуыс кодтам, цӕмӕй ног бынатыл сахуыр уыдаиккой. Ӕмбӕрстам ӕй, хорз ӕмбӕлттӕ сӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ дыууӕ ӕрыгон хойӕн сакъадах Коронӕй загътам, цӕмӕй Кулионмӕ ӕрцыдаиккой. Самуэль, Ширли ӕмӕ уыцы дыууӕ хойы бирӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кодтой, мах та Аделимӕ ахуыр кодтам сӕ ныййарджытимӕ. Иуафон Библи ахуыр кодтам 11 бинонтимӕ. Уыйбӕрц Библийы ахуыртӕ нын уыд ӕмӕ адӕм афтӕ зӕрдиагӕй ахуыр кодтой, ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ нӕ бон сси ног ӕмбырд саразын!

Провинци Палаваны картӕ (ис Филиппинты). Ӕвдыст ыл сты, Анхелито йӕ бинонтимӕ кӕм лӕггад кодта, уыцы бынӕттӕй кӕцыдӕртӕ: Корон, Кулион, Халси, Марили ӕмӕ Линапакан.

Райдианы уым мӕн йеддӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ мын филиал бахӕс кодта, цӕмӕй алы къуыри дӕр уагътаин фембӕлдтӕ Кулионы, стӕй ма хъӕу Марили́йы дӕр. Кулионы уыд аст хъусынгӕнӕджы, Марилийы та – фараст. Марилимӕ хъуыди лодкӕйыл цӕуын 3 сахаты бӕрц. Ӕмбырды фӕстӕ-иу ӕнӕхъӕн бинонтӕй ацыдыстӕм хъӕу Ха́лсимӕ, цӕмӕй-иу Библийы ахуыртӕ ауагътаиккам. Уырдӕм зын цӕуӕн уыди, уымӕн ӕмӕ уыди хӕхбӕсты. Ӕмӕ-иу нын фӕндагыл ацыди цалдӕр сахаты.

Марилийы ӕмӕ Халсийы рӕстдзинады фӕндагыл уыйбӕрц адӕм ӕрлӕууыд, ӕмӕ дыууӕ раны дӕр бахъуыд Паддзахады залтӕ саразын. Линапаканы куыд уыд, афтӕ ам дӕр залтӕ аразынӕн фылдӕр ӕрмӕг радтой хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, стӕй, Библи чи ахуыр кодта, уыдон. Ӕмӕ дзы кусгӕ дӕр фылдӕр уыдон кодтой. Марилийы чи уыд, уыцы залы бынӕттӕ уыди 200 адӕймагӕн. Фӕлӕ афтӕ арӕзт уыд, ӕмӕ-иу ӕй ӕнцонтӕй уыд фестырдӕр кӕнӕн. Гъемӕ-иу дзы конгресстӕ дӕр ауагътам.

СТЫР МАСТ БАВЗӔРСТОН, ИУНӔГӔЙ БАЗЗАДТӔН, ФӔЛӔ ТА НОГӔЙ ЦИН КӔНЫН

1993 азы, нӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр сты, уӕд, лӕггад кӕнын райдыдтон районон цӕстдарӕгӕй Филиппинты. Ӕмӕ Адель дӕр мемӕ лӕггад кодта. 2000 азы та мӕ фӕхуыдтой Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъоламӕ, цӕмӕй сахуыр уыдаин уыцы скъола уадзын. Уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ мӕ ныфс нӕ хастон. Фӕлӕ-иу мын Адель мӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Дзырдта-иу мын, Йегъовӕ мын кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ мын алцыдӕр кӕй рауайдзӕн (Фил. 4:13). Адель уый йӕхицӕй зыдта. Кӕд бынтон ӕнӕниз нӕ уыд, уӕддӕр йӕ бон уыд дарддӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

2006 азы, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола куы уагътон, уӕд, базыдтам, Адельмӕ Паркинсо́ны низ кӕй ис. Арвы цӕфау фестӕм! Ӕз хъавыдтӕн ӕфсымӕртӕн зӕгъынмӕ, цӕмӕй мӕ мӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕй ссӕрибар кодтаиккой, ӕмӕ мӕ бон уыдаид Адельмӕ кӕсын. Фӕлӕ мын Адель загъта: «Хорз дохтыр мын ссар. Ӕмӕ нын Йегъовӕ та баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм». Уый фӕстӕ ма Адель фӕцард 6 азы. Ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Никуы фехъуыстон, цӕмӕй истӕмӕй рахъаст кодтаид. Йӕ бон цӕуын куы нал уыд, уӕд та хъусын кодта инвалиды коляскӕйы бадгӕйӕ. Фӕстагмӕ ма тыххӕйты дзырдта, фӕлӕ-иу уӕддӕр ӕмбырдты дзуапп лӕвӕрдта. Иу кӕнӕ дыууӕ ныхасы-иу загъта. Адель амард 2013 азы. Йӕ мӕлӕты онг дӕр ӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕдзух фыстой, йӕ фидардзинадӕй сын фӕзминаг кӕй у ӕмӕ дзы бузныг кӕй сты. Мӕ иузӕрдион, ме ’нувыд цардӕмбалимӕ фӕцардтӕн 30 азы. Ӕмӕ куы нал уыд, уӕд стыр зӕрдӕрыст бавзӕрстон, ӕмӕ та мӕхимӕ тынг иунӕг ӕркастӕн.

Аделы-иу фӕндыд, цӕмӕй дарддӕр ӕххӕст кодтаин, организаци мын мӕ бар цы хӕстӕ бакодта, уыдон. Гъемӕ ӕз дӕр афтӕ кодтон. Бирӕ куыст мын кӕй уыд, уый мын ӕххуыс кодта, цӕмӕй мӕхимӕ афтӕ иунӕг ма кастаин. 2014 азӕй 2017 азмӕ бӕрӕг кодтон тагайлаг ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдтӕ, нӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын кӕм нӕ уыд, уыцы бӕстӕты. Уый фӕстӕ тагайлаг ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтон Тайваны, Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмӕ Канадӕйы. 2019 азы та Индийы ӕмӕ Таиланды уагътон Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола англисаг ӕвзагыл. Уыдӕттӕ мын стыр циндзинад хастой. Мӕ рӕстӕг иууылдӕр Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы фӕцӕуы, уӕд мӕнӕй амондджындӕр нӕ вӕййы.

ЙЕГЪОВӔ МАХӔЙ ДАРД НИКУЫ ВӔЙЙЫ

Кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнон,– алы ран дӕр хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тынг бауарзын, ӕмӕ мын алы хатт дӕр ӕндӕр ранмӕ ацӕуын тынг зын вӕййы. Фӕлӕ сахуыр дӕн мӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын. Цал ӕмӕ цал хатты федтон, куыд-иу мын баххуыс кодта. Уымӕ гӕсгӕ-иу цыфӕнды ивындзинадыл дӕр сразы дӕн. Ныр лӕггад кӕнын Филиппинты сӕрмагонд пионерӕй. Кӕм лӕггад кӕнын, уыцы ӕмбырд мын хи бинонты ад скодта. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мыл зӕрдиагӕй тыхсынц ӕмӕ мын ӕххуыс кӕнынц. Самуэль ӕмӕ Ширлийӕн дӕр сӕ мады хуызӕн сӕ уырнындзинад у фидар, ӕмӕ сӕ сӕрыстыр дӕн (3 Иоан. 4).

Анхелито йе ’мбӕлттимӕ ӕддейӕ рӕсугъд бынаты фынджы уӕлхъус бады. Сӕ разы ис сок ӕмӕ рог хӕринаг.

Ме ’мбырд мын сси мӕхи бинонты хуызӕн

Царды бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрстон. Федтон, мӕ зынаргъ цардӕмбал куыд фӕрынчын ӕмӕ куыд амард. Бирӕ хӕттыты мӕ бахъуыд ног уавӕртыл ахуыр кӕнын. Фӕлӕ алы хатт дӕр уыдтон, Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард [кӕй] нӕу» (Хъуыд. 17:27). «Йегъовӕйы къух цыбыр» нӕу – йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕмфӕнды ма уой, цыфӕнды дард рӕтты ма лӕггад кӕной, уӕддӕр сын йӕ бон вӕййы баххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын (Ис. 59:1). Йегъовӕ, мӕ Къӕдзӕх, алкӕддӕр уыд мӕ фарсмӕ, ӕмӕ дзы тынг бузныг дӕн. Ӕз иунӕг никуы уыдтӕн.

a Кӕс 1972 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 521–527 фӕрстӕ (англ.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын