Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 февраль 25–27 фф.
  • Ацы дунейы адӕмау хиуарзон ма су

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ацы дунейы адӕмау хиуарзон ма су
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ДӔХИ ХЪАХЪХЪӔН – МА СУ ХИУАРЗОН ӔМӔ КАДМОНДАГ
  • Цы стӕм, нӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл хъуамӕ ма уӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Йегъовӕ тынг аргъ кӕны йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Архайут, цӕмӕй сӕрныллӕг уат
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Иегъовӕ йӕ кад ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 февраль 25–27 фф.
Уазӕгдзӕрӕны приемныйы иу нӕлгоймаг администраторимӕ хыл кӕны. Уазӕгдзӕрӕнмӕ ма ноджыдӕр чи ’рбацыд, уыцы адӕм йӕ фӕстӕ ӕрӕмбырд сты.

Ацы дунейы адӕмау хиуарзон ма су

АЦЫ дунейы бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сты уӕлдай кады аккаг кӕнӕ сӕм ӕмбӕлы фылдӕр бартӕ. Ӕмӕ сын иннӕтӕ цасфӕнды ма аразой, уӕддӕр сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ фылдӕры аккаг сты. Ахӕм зондыл хӕст цӕмӕн сты? Уымӕн ӕмӕ сты хиуарзон ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц. Ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Библийы дӕр, фӕстаг бонты, дам, адӕм ахӕмтӕ уыдзысты (2 Тим. 3:2).

Хиуарзон адӕм алкӕддӕр уыди. Зӕгъӕм, Адам ӕмӕ Евӕ сфӕнд кодтой сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм. Науӕд Иудӕйы паддзах Ози. Уымӕ афтӕ каст, ӕмӕ йын ис бар, цӕмӕй кувӕндоны буд ссудза. Фӕлӕ тынг рӕдыд (2 Аз. 26:18, 19). Фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ та афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ Хуыцау иннӕтӕй фылдӕр уарзы (Матф. 3:9).

Нӕ алыварс бирӕ ис хиуарзон ӕмӕ кадуарзаг адӕм. Ӕмӕ сӕ зондахаст, гӕнӕн ис, махыл дӕр фӕзына (Гал. 5:26). Ӕмӕ уӕд хъуыды кӕнын райдайдзыстӕм, зӕгъгӕ нӕм ӕмбӕлы фылдӕр бартӕ кӕнӕ стӕм уӕлдай кады аккаг. Нӕ бон куыд у нӕхи ахӕм зондахастӕй бахизын? Хъӕуы нӕ, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый зонын. Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыдымӕ Библийӕ.

Кӕмӕ цы ӕмбӕлы, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны. Мӕнӕ цалдӕр цӕвиттоны.

  • Бинонты куы райсӕм, уӕд лӕг уый аккаг у, цӕмӕй йӕ йӕ ус нымайа, ус та уый аккаг у, цӕмӕй йӕ йӕ лӕг уарза (Еф. 5:33). Дыууӕ цардӕмбалы уарзоны цӕстӕй ӕрмӕстдӕр кӕрӕдзимӕ хъуамӕ кӕсой (1 Кор. 7:3). Ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕй домын, цӕмӕй сӕ коммӕ кӕсой. Сывӕллӕттӕ та уый аккаг сты, цӕмӕй сӕ сӕ ныййарджытӕ уарзой ӕмӕ сыл тыхсой (2 Кор. 12:14; Еф. 6:2).

  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сӕ нымайӕм, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц (1 Фес. 5:12). Фӕлӕ сын уый бар нӕй, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕхи хицау кӕной (1 Пет. 5:2, 3).

  • Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕн бар радта, цӕмӕй сӕ дӕлбар адӕмӕй хъалонтӕ исой. Ӕмӕ хицӕуттӕн хъӕуы кад кӕнын дӕр (Ром. 13:1, 6, 7).

Йегъовӕ нын, цы аккаг стӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр дӕтты. Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕрмӕстдӕр мӕлӕты аккаг стӕм (Ром. 6:23). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нӕ схайджын кӕны бирӕ арфӕдзинӕдтӕй (Пс. 103:10, 11). Уыцы арфӕдзинӕдтӕй нӕ схайджын кӕны йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ (Ром. 12:6–8; Еф. 2:8).

ДӔХИ ХЪАХЪХЪӔН – МА СУ ХИУАРЗОН ӔМӔ КАДМОНДАГ

Ацы дунейы зондахастӕй дӕхи хиз. Чи зоны йӕ нӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕмӕй хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ иннӕтӕй фылдӕр кады аккаг стӕм кӕнӕ нӕм фылдӕр цыдӕртӕ ӕмбӕлы. Уый Йесо равдыста иу фӕсномыг ныхасӕй. Иу адӕймаг, дам, кусджытӕ баххуырста ӕмӕ сын загъта, боны куыстӕн сын фӕйнӕ динары кӕй бафиддзӕн. Ӕмӕ уыдон дӕр сразы сты. Уыцы бон ма фӕстӕдӕр баххуырста ӕндӕр кусджыты дӕр. Изӕрӕй та се ’ппӕтӕн дӕр ӕмхуызон бафыста, кӕд фӕстӕгтӕ ӕрмӕстдӕр иу сахат бакуыстой, уӕддӕр. Уӕд, райсомӕй чи райдыдта кусын, уыцы кусджытӕ загътой, ӕмӕ уыдонӕн фылдӕр бафиддзӕн, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕнӕхъӕн бон уыцы тӕвды фӕкуыстам (Матф. 20:1–16). Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ райгонд кӕй хъуамӕ уой, Хуыцау сын цы дӕтты, уыдӕттӕй.

Ӕххуырст кусджытӕ Йесойы фӕсномыг ныхасӕй сӕнӕфсирдоны хицауимӕ хъуыр-хъуыргӕнгӕ ныхас кӕнынц.

Ӕнӕхъӕн бон чи фӕкуыста, уыцы кусджытӕм афтӕ каст, ӕмӕ сын иннӕтӕй фылдӕр ӕмбӕлы бафидын

Хорздзинадӕн аргъ кӕнын зон ӕмӕ иннӕтӕй фылдӕр цыдӕртӕ ма дом (1 Фес. 5:18). Бафӕзм апостол Павелы. Уый коринфаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй нӕ домдта, цӕмӕй йӕм фӕкастаиккой ӕхцайӕ, дзаумайӕ, хӕринагӕй, кӕд ын уый бар уыд, уӕддӕр (1 Кор. 9:11–14). Мах дӕр хъуамӕ алцӕй тыххӕй дӕр бузныг уӕм, хорздзинад нын чи аразы, уыдонӕй ӕмӕ-иу фылдӕр цыдӕртӕ ма домӕм.

Апостол Павел ӕмӕ дыууӕ нӕлгоймаджы цатыртӕ хуыйынц.

Апостол Павел иннӕтӕй нӕ домдта, цӕмӕй йӕ дардтаиккой

У сӕрныллӕг. Адӕймаг йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл куы вӕййы, уӕд ӕм афтӕ кӕсын райдайы, ӕмӕ йӕм цы ис, уымӕй фылдӕры аккаг у. Ӕмӕ ахӕм ӕвзӕр зондахастӕн йӕ хос у сӕрныллӕгдзинад.

Цалдӕр нывы: 1. Пехуымпар Данел зӕрондӕй. 2. Рагон горӕт Вавилон. 3. Ӕрыгон Данел йе ’ртӕ дзуттаг ӕмбалимӕ.

Пехуымпар Данел уыд сӕрныллӕг адӕймаг, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕн уыд тынг зынаргъ

Пехуымпар Данел тынг сӕрныллӕг адӕймаг уыд. Уый уыди кадджын бинонтӕй, уыди рӕсугъд, зондджын, ӕмбаргӕ, курдиатджын лӕппу. Ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ йӕхицӕй ныхъхъал уыдаид? Уӕд афтӕ хъуыды кодтаид, ӕмӕ йын цы кадджын бынат ӕмӕ бартӕ уыд, уыдон йӕхи фӕрцы бафтыдысты йӕ къухы (Дан. 1:3, 4, 19, 20). Фӕлӕ Данел йӕхиуыл нӕ фервӕссыд. Уый уӕддӕр уыд сӕрныллӕг, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕн уыд тынг зынаргъ (Дан. 2:30; 10:11, 12).

Ныртӕккӕ ацы дунейы бирӕтӕ сты хиуарзон ӕмӕ кадмондаг. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмтӕ уӕм. Мах фӕнды, Йегъовӕ нӕ йе стыр хорзӕхы фӕрцы цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр цин кӕнын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын