Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 февраль 28–29 фф.
  • Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг ӕмбал уай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг ӕмбал уай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔЦӔГ ӔМБӔЛТТӔ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНЫНЦ?
  • У ӔЦӔГ ӔМБАЛ, ЙӔ БОН ХӔДЗАРӔЙ ӔДДӔМӔ РАЦӔУЫН КӔМӔН НӔУ, УЫДОНӔН
  • У ӔЦӔГ ӔМБАЛ, ЙӔ ФӔДЫЛ КӔМӔН ЗИЛЫНЦ, УЫДОНӔН
  • Хорз ӕмбӕлттӕ куыд ссарӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Ацы уазал дунейы нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Йегъовӕ дын тых дӕтдзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Алкӕимӕ дӕр лӕггад кӕнӕм?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 февраль 28–29 фф.

Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг ӕмбал уай?

ЗЫН уавӕры бахаугӕйӕ дӕм искуы афтӕ каст, ӕмӕ дын чи баххуыс кӕна, уый нӕй? Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы» (2 Тим. 3:1). Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, нӕ ныфс асӕтты кӕнӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ никӕй хъӕуӕм. Фӕлӕ зын рӕстӕджыты иунӕг нӕ вӕййӕм. Библийы фыст ис, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ-иу «зын сахат» нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕудзысты (Ӕмб. 17:17).

ӔЦӔГ ӔМБӔЛТТӔ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНЫНЦ?

Апостол Павел у ахст. Тихикмӕ фыстӕг дӕтты.

Кӕд Павелы хӕдзары ахстӕй дардтой, уӕддӕр йӕ бон уыд лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ йын йӕ иузӕрдион ӕмбӕлттӕ ӕххуыс кодтой

Апостол Павелӕн стыр ӕххуыс уыдысты, йемӕ-иу уацамындон балцыты чи ацыд, уыцы ӕмбӕлттӕ (Кол. 4:7–11). Ромы ахст куы уыд, уӕд, йӕхи бон кӕй нӕ уыд аразын, уыцы хъуыддӕгтӕ йе ’мбӕлттӕ арӕзтой. Зӕгъӕм, Епафродит Павелмӕ фӕхӕццӕ кодта, Филиппты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йын цы рарвыстой, уыдӕттӕ (Фил. 4:18). Тихик та Павелы фыстӕджытӕ фӕхӕццӕ кодта цалдӕр ӕмбырдмӕ. Павелӕн йе ’мбӕлтты фӕрцы йӕ бон уыд ӕмбырдтӕ фидар кӕнын, хӕдзары йӕ ахстӕй куы дардтой ӕмӕ фӕстӕдӕр ахӕстоны куы уыд, суанг уӕд дӕр. Дӕуӕн та дӕ бон куыд у равдисын, ӕцӕг ӕмбал кӕй дӕ, уый?

Абон дӕр бирӕты хабӕрттӕй бӕрӕг у, ӕцӕг ӕмбалӕн аргъ кӕй нӕй. Элисабе́т цӕры Испанийы ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Уый радзырдта, зын уавӕры йын иу хо ӕцӕг ӕмбал куыд разынд, уый тыххӕй. Элисабеты мадмӕ ссардтой рак, фӕлӕ йын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыд. Уыцы зын рӕстӕг-иу уыцы хо Элисабетмӕ арӕх ныффыста цавӕрдӕр хъуыдытӕ Библийӕ, цӕмӕй-иу ӕй бафидар кодтаид. Элисабет загъта: «Куы-иу мӕм ныффыста, уӕд-иу бамбӕрстон, иунӕг кӕй нӕ дӕн, чидӕр мыл кӕй хъуыды кӕны. Ӕмӕ та-иу мӕ тыхтӕ бацыд» (Ӕмб. 18:24).

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм, Хуыцауы хъуыддӕгты архайынӕн сын куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд. Зӕгъӕм, дӕ бон нӕ уаид ацӕргӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕры ӕмбырдмӕ ӕрбаласын науӕд та йӕ уацамынды акӕнын? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу уыдоны дӕр бафидар кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу нӕхӕдӕг дӕр бафидар уыдзыстӕм (Ром. 1:12). Фӕлӕ иуӕй-иу чырыстӕттӕн сӕ бон нӕу хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын. Уыдонӕн та нӕ бон куыд вӕййы сӕ фарсмӕ балӕууын?

У ӔЦӔГ ӔМБАЛ, ЙӔ БОН ХӔДЗАРӔЙ ӔДДӔМӔ РАЦӔУЫН КӔМӔН НӔУ, УЫДОНӔН

Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕмӕндӕрты сӕ бон нӕу ӕмбырдтӕм Паддзахады залмӕ цӕуын, рынчын кӕй сты, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Зӕгъӕм, Дэвидмӕ ссардтой лимфомӕ, ӕмӕ йын ӕхсӕз мӕйӕ фылдӕр кодтой химиотерапийӕ. Уыцы рӕстӕг-иу Дэвид ӕмӕ йӕ цардӕмбал Лидийӕ ӕмбырдтӕм баиу сты видеоконференцийы фӕрцы.

Хотӕ ӕмӕ сын ӕфсымӕртӕ куыд ӕххуыс кодтой? Паддзахады залы-иу чи уыд, уыдонӕй-иу чидӕртӕ алы ӕмбырды фӕстӕ дӕр семӕ видеоконференцийы фӕрцы аныхас кодтой. Дзуапп-иу куы раттой, уӕд-иу сӕм уый фӕстӕ бирӕтӕ телефонӕй афыстой ӕмӕ-иу сын бузныг загътой. Уыдӕтты фӕрцы Дэвид ӕмӕ Лидийӕ ӕмбӕрстой, иунӕг кӕй не сты.

Иу хо ацӕргӕ хоимӕ телефонӕй хъусын кӕны ӕмӕ дзы ӕппӕлы.

Йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ лӕггад кӕн

Дӕ бон нӕ уаид, йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонимӕ лӕггад кӕнын? Иу гыццыл-иу нӕ пълӕнттӕ куы фӕивӕм ӕмӕ-иу семӕ куы балӕггад кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй сӕ нӕ рох кӕнӕм (Ӕмб. 3:27). Зӕгъӕм, ис рӕстӕг рахицӕн кӕнӕн, цӕмӕй иумӕ писмо ныффыссат кӕнӕ телефонӕй хъусын кӕнат. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ма сӕ бон у бацархайын, цӕмӕй-иу ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ видеоконференцийы фӕрцы уацамындон фембӕлдтӕм дӕр ӕрбаиу уой. Дэвид ӕмӕ Лидийӕ уый тыххӕй ӕфсымӕртӕй тынг бузныг сты. Дэвид загъта: «Уацамындон фембӕлды-иу цавӕрдӕр фарстайыл аныхас кодтам ӕмӕ-иу стӕй ӕфсымӕр скуывта. Фембӕлд-иу цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ уыд. Фӕлӕ-иу нӕ уыйбӕрц тыхтӕ бауагъта, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй!» Хорз ма уаид, сӕ уавӕр куы амона, уӕд-иу сӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, ахӕм адӕймагимӕ куы бацӕуиккам ӕмӕ-иу Библийы ахуыр иумӕ куы ауадзиккам. Фӕлӕ-иу сӕ уый тыххӕй хъӕудзӕн рагацау бафӕрсын.

Йӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фылдӕр рӕстӕг куы фервитӕм, уӕд сӕ хуыздӕр базонӕм, сӕ хорз миниуджытӕ сын фенӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй тынгдӕр балымӕн вӕййӕм. Зӕгъӕм, Хуыцауы Ныхас адӕмӕн куыд амонынц ӕмӕ сын Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый куы фенӕм, уӕд сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн Хуыцауы хъуыддӕгты архайынӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд нын фылдӕр ӕмбӕлттӕ фӕзындзӕн (2 Кор. 6:13).

Павелы йе ’мбал Тит куы бабӕрӕг кодта, уӕд Павелӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтыд (2 Кор. 7:5–7). Уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Нӕ ныхӕстӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ныфсыл ныфс кӕй бафтауӕм, уый хорз у. Фӕлӕ ма хорз вӕййы, куы сӕ бабӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ сын истӕмӕй куы баххуыс кӕнӕм, уый дӕр (1 Иоан. 3:18).

У ӔЦӔГ ӔМБАЛ, ЙӔ ФӔДЫЛ КӔМӔН ЗИЛЫНЦ, УЫДОНӔН

Уӕрӕсейы нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цӕры, уыдон кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕй нын сты фӕзминаг. Ӕркӕсӕм Сергей ӕмӕ Татьянӕйы хабармӕ. Пъӕлицӕйы кусджытӕ сын сӕ хӕдзар баджигул кодтой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ допросмӕ акодтой. Фыццаг рауагътой Татьянӕйы. Сергей радзырдта: «Татьянӕ куыддӕр хӕдзармӕ ’рбацыд, афтӕ йӕ иу хо абӕрӕг кодта. Уымӕн хъӕбатырдзинад хъуыд! Стӕй нӕм иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ нын хӕдзар бафснайынӕн баххуыс кодтой».

Сергей ма загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ алкӕддӕр тынг цыд Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стих. Уым фыст ис: „Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр“. Ӕмӕ ныр ацы ныхӕстӕ ноджы хуыздӕр бамбӕрстон. Мӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафын, ӕмӕ мӕ ме ’мбӕлтты ӕххуыс тынг хъӕуы. Ӕмӕ мын Йегъовӕ радта, алкӕддӕр мӕ фарсмӕ чи ’рбалӕууы, ахӕм хъӕбатыр ӕмбӕлттӕ»a.

Ацы зын рӕстӕджыты нӕ не ’мбӕлтты ӕххуыс ӕцӕгдӕр тынг хъӕуы. Ӕмӕ нӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг та ноджы тынгдӕр хъӕудзӕн. Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй ныртӕккӕ дӕр кӕрӕдзийӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ уӕм! (1 Пет. 4:7, 8).

a Сайты jw.org кӕс статья «Иегова подарил им бесстрашных друзей».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын