ИНДОНЕЗИ
Йегъовӕйы ном сӕрыстырӕй хъусын кӕнынц
Индонезийы бирӕ азты дӕргъы хъусын кӕныны бар куы нӕ уыди, уӕд ӕфсымӕртӕ сӕхи дардтой Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, «кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин», зӕгъгӕ (Матф. 10:16). Фӕлӕ сын сӕрибарӕй архайыны бар куы радтой, уӕд бирӕты бахъуыд ахуыр кӕнын «ныфсджынӕй дзурын» (Хъуыд. 4:31).
Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ сӕ ныфс нӕ хастой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ хъус тынгдӕр здӕхтой дыккаг бацыдтӕ кӕнынмӕ ӕмӕ Библийы ахуыртӕ уадзынмӕ. Иннӕты та нӕ фӕндыд пысылмӕттӕн хъусын кӕнын. Уацамынды-иу бирӕтӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не схуыдтой, фӕлӕ чырыстӕттӕ ӕмӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ӕйa индонезиаг ӕвзагыл пайда кӕныны бӕсты пайда кодтой чырыстон аргъуанты тӕлмацтӕй. Иннӕтӕ та литературӕ ӕргом дӕттын нӕ уӕндыдысты.
Хабар афтӕ цӕмӕн рауад? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ афтӕ сахуыр сты, хъусын кӕныны бар сын куы нӕ уыди, уӕд. Иннӕмӕй та бынӕттон ӕгъдӕутты аххосӕй. Индонезиӕгтӕ искӕй ныхмӕ рацӕуыны бӕсты фӕлтау йемӕ сразы уыдзысты ӕмӕ сӕ хъуыды комкоммӕ зӕгъыны бӕсты иумӕйаг ныхӕстӕ кӕндзысты. Цымӕ ӕфсымӕртӕн цы хъуамӕ баххуыс кодтаид?
Йегъовӕ сын уынаффӕ радта фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрты уылты (Еф. 4:11, 12). Зӕгъӕм, 2010 азы Индонезимӕ Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Стивен Летт куы ’рцыд, уӕд ӕфсымӕртӕн йӕ раныхасы фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, куыд ахсджиаг у уацамынды «Ног дунейы тӕлмац»-ӕй пайда кӕнын ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн Хуыцауы номы тыххӕй дзурын. Миссионер Миша Биренс радзырдта: «Ӕфсымӕр Летты раныхас бирӕты зӕрдӕты арф ахызт. Уыдон бамбӕрстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕй кӕй хъуамӕ хицӕн кӕной ӕмӕ ныфсджынӕй Хуыцауы Ныхасы сӕрыл кӕй хъуамӕ дзурой».
Индонезийы цӕрӕг пысылмӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр нымайынц чырыстон дунейы аргъуантӕй иуыл. Уымӕ гӕсгӕ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» индонезиаг ӕвзагыл уыди ахӕм хорз разамынд: «Искӕимӕ куы сныхас кӕнай, уӕд-иу ын дӕ ныхасы райдианы комкоммӕ зӕгъ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ... Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уымӕй сӕрыстыр стӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын нӕ территорийы адӕм йӕ ном ӕмӕ йӕ фӕндон базоной». Ӕфсымӕр Синсукэ Кавамото, Индонезийы филиалӕй, загъта: «Уыцы ӕргом, фӕлӕ уӕзданӕй загъд уынаффӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн тынг фӕпайда. Пысылмон диныл хӕст адӕмӕй бирӕты фӕнды, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты, уый базонын. Фӕфӕнды сӕ базонын, мах иннӕ динтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнӕм, уый. Ӕмӕ нын уый фӕрцы фадат вӕййы, цӕмӕй сын хорз хабары тыххӕй радзурӕм».
Стӕй ма хъусынгӕнджытӕн дзырдтой, цӕмӕй фылдӕр парахат кӕной журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Лотар Миханк, филиалы комитеты координатор, дзуры: «Цӕмӕй нӕ адӕм базоной, уый тыххӕй нын хъуамӕ нӕ журналтӕ кӕсой. Нӕ журналтӕ нын кӕй фӕкӕсынц, уымӕ гӕсгӕ нӕм хуыздӕр фӕхъусынц ӕмӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ хуыздӕр айсынц. Гӕнӕн кӕмдӕриддӕр ис, уым журналтӕ куы парахат кӕнӕм, уӕд фылдӕр адӕм Йегъовӕйы тыххӕй базондзысты».
Хъусын кӕнынц, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты
2013 азы Разамонӕг советы барлӕвӕрдӕй Индонезийы филиал разамынд дӕттын райдыдта дыууӕ ног программӕйӕн: стыр горӕтты бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын (йӕ хъус ӕм дары филиал) ӕмӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын (йӕ хъус ӕм дары ӕмбырд). Уый фӕрцы хорз хабар фехъусынц бирӕ фылдӕр адӕм.
Стыр горӕтты бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын райдыдтой, Джакартӕйы ныгуылӕн хайы иу стыр дуканийы стъӕлттӕ литературӕимӕ кӕй сӕвӕрдтой, уымӕй. Стӕй ӕмбырдтӕ дӕр сӕ территориты ӕвӕрын райдыдтой стендтӕ ӕмӕ стъӕлттӕ нӕ литературӕимӕ. Иу азмӕ Индонезийы ахӕм стендтӕ ӕмӕ стъӕлттӕ уыди 400 фылдӕр. Цымӕ уыцы программӕты фӕрцы цы бантыст?
Юсак Униплайтӕ, хистӕр нӕлгоймаг Джакартӕйӕ, зӕгъы: «Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты цалынмӕ хъусын кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ не ’мбырды заказ иу мӕйӕн уыди 1 200 журналы. Афӕдзы ӕрдӕджы фӕстӕ та алы мӕй дӕр заказ кодтам 6 000 журналы. Ныр та нӕ заказ у 8 000 журналы алы мӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма байуарӕм бирӕ чингуытӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ». Меданы (провинци Цӕгат Суматрӕ) цалдӕр пионеры стендтӕ ӕртӕ раны сӕвӕрдтой. Фыццаг мӕй апарахат кодтой 115 чиныджы ӕмӕ 1 800 журналы бӕрц. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ стендтӕ уыд авд раны, ӕмӕ 60 пионеры бӕрц апарахат кодтой 1 200 чиныг ӕмӕ 12 400 журналӕй фылдӕр. Миссионер Джесси Кларк загъта: «Ацы ног хъусын кӕныны мадзал стыр циндзинад хӕссы хъусынгӕнджытӕн, стӕй ӕвдисы, рӕстдзинад чи агуры, ахӕм адӕм Индонезийы нырма бирӕ кӕй ис. Ацы мадзал растдӕр махӕн у!»
Хорз хабар зӕрдӕйӕн ӕхсызгон ӕвзагыл
Индонези ис, зӕххы къорийыл ӕппӕты фылдӕр ӕвзӕгтыл кӕм дзурынц, уыцы хӕйттӕй иуылb. Адӕмӕн сӕ фылдӕр дзурынц индонезиаг ӕвзагыл, уый у сӕ иумӕйаг ӕвзаг (лингвӕ франкӕ). Фӕлӕ дзы уӕддӕр бирӕтӕ дзурынц бынӕттон ӕвзӕгтӕй дӕр кӕцыдӕрыл.
Батакаг (тобӕ) тӕлмацгӕнджыты къорд Цӕгат Суматрӕйы
2012 азы филиал йӕ хъус ӕрдардта, утӕппӕт ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмы цы литературӕ хъӕуы, уымӕ. Том Ван Лемпюттен радзырдта: «Литературӕ тӕлмац кӕнын райдыдтам 12 бынӕттон ӕвзагмӕ. Уыцы ӕвзӕгтыл дзуры иу-120 милуан адӕймаджы. Явайнаг тӕлмацгӕнджытӕ фыццаг буклет сӕ мадӕлон ӕвзагыл куы федтой, уӕд фырцинӕй сӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. Кӕдӕй-уӕдӕй сӕм фӕзынд уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг сӕхи ӕвзагыл!»
Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ ӕмбырдтӕ фембӕлдтӕ уагътой индонезиаг ӕвзагыл, адӕмӕн сӕ фылдӕр бынӕттон ӕвзӕгтыл кӕм дзырдтой, суанг уыцы бынӕтты дӕр. Лотар Миханк радзырдта: «2013 азы мӕ цардӕмбал Карменимӕ уыдыстӕм дыууӕбонон конгрессы сакъадах Ниасыл (провинци Цӕгат Суматрӕ). Конгрессы уыд 400 адӕймаджы, ӕмӕ сӕ фылдӕр дзырдтой ниасаг ӕвзагыл, раныхӕстӕ та уыдысты индонезиаг ӕвзагыл. Гъемӕ, раныхӕстӕ кӕмӕн хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕфсымӕртимӕ аныхас кодтон, ӕмӕ стӕй фехъусын кодтам, дыккаг боны программӕ ниасаг ӕвзагыл кӕй уыдзӕн. Дыккаг бон конгресмӕ ӕрбацыд 600 адӕймагӕй фылдӕр». Кармен дзуры: «Бӕрӕг уыд, адӕм программӕмӕ ниасаг ӕвзагыл бирӕ лӕмбынӕгдӕр кӕй хъуыстой, уымӕй размӕ бон раныхӕстӕ индонезиаг ӕвзагыл куы уыдысты, уыимӕ абаргӕйӕ. Иууылдӕр цин кодтой, Библийы хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй хъусынц ӕмӕ алцыдӕр кӕй ӕмбарынц, ууыл».
Хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм сылгоймагӕн хъусын кӕнынц
Хъусӕй чи нӕ хъусы, суанг уыцы индонезиӕгтӕн дӕр сӕ бон у хорз хабар сӕхи ӕвзагыл «хъусын». 2010 азӕй фӕстӕмӕ къухӕйамонгӕ тӕлмацгӕнджыты къорд ратӕлмац кодта авд брошюрӕйы ӕмӕ аст буклеты индонезиаг къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ. Уымӕй уӕлдай ма филиал скодта къухӕйамонгӕ ӕвзаджы курсытӕ. Ӕдӕппӕтӕй ауагътой 24 къласы, ахуыр та дзы кодта 750 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Абон Индонезийы ис 23 ӕмбырды ӕмӕ къорды къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕм бӕстӕйы ис ӕртӕ милуаны бӕрц, ӕмӕ сын уыцы ӕмбырдты хъусынгӕнджытӕ ӕххуыс кӕнынц рӕстдзинад базонынӕн.
Индонезийы филиалы тӕлмацгӕнджыты хайады ис 37 къорды. Уыдон кусынц, алы рӕтты цы 19 офисы ис, уым. Тӕлмацгӕнджытӕ иууылдӕр иумӕ сты 117, ӕндӕр куыстытӕ дзы чи кӕны, уыдон та – 50.
a «Ног дунейы тӕлмац» индонезиаг ӕвзагыл ӕнӕхъӕнӕй мыхуыры рацыд 1999 азы. Тӕлмац ӕй кодтой авд азы, бӕстӕйы хъусын кӕныны бар куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕг. Цалдӕр азы фӕстӕ та индонезиаг ӕвзагыл рацыдысты «Фыстады ӕмбарынад» (2 томы) ӕмӕ библиотекӕ дискыл.
b Индонезийы дзурынц 707 ӕвзагыл, уырдыгӕй гыццыл скӕсӕнырдӕм та, Папуӕ – Ног Гвинейы, дзурынц 838 ӕвзагыл.