Англи: хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зӕрдиаг ӕгасцуай дзурынц, ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ чи ӕрцыд, уыдонӕн
ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ
Европӕ
БӔСТӔТӔ 47
ЦӔРДЖЫТӔ 743 421 605
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 1 614 244
БИБЛИЙЫ АХУЫРТӔ 842 091
Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕй фенхъӕлдтой, уый Библи ахуыр кӕнын райдыдта
Английы Лондоны цы ӕхсӕнадӕмон конгресс уыди, уый цины хос уыд, ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ӕрцыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон Ӕвдисӕнтӕн дӕр. Эндрю ӕмӕ Элизабет ацыдысты Лондоны уазӕгдзӕрӕнмӕ, цӕмӕй, конгресмӕ чи ӕрцыд, уыдоныл бацин кодтаиккой. Уазӕгдзӕрӕны бахизӕны федтой иу аив конд сылгоймаджы ӕмӕ фенхъӕлдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у. Уӕд ӕм Элизабет бацыд ӕмӕ йын зӕрдиаг хъӕбыс акодта. Сылгоймаг тынг бадис кодта. Уӕд ын Элизабет загъта:
– Бахатыр кӕн, афтӕ фенхъӕлдтон, ӕмӕ ды дӕр конгресмӕ ӕрцыдтӕ!
– Цавӕр конгресмӕ? – бафарста йӕ сылгоймаг.
Элизабет ын къухӕй ацамыдта, уазӕгдзӕрӕны бахизӕны мидӕгӕй цы ныхӕстӕ фыст уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕгас цӕут, зӕгъгӕ, уыдонмӕ, ӕмӕ йын уӕд сылгоймаг загъта:
– Цы ӕхсызгон мын у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн мӕ кӕй фенхъӕлдтат!
Элизабет уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ бацин кодта.
Уыцы сылгоймаджы ном хуынди Вивиен, ӕмӕ ныхас кӕнгӕйӕ рабӕрӕг, Нигерийӕ кӕй у ӕмӕ Лондоны кӕрӕдзимӕ хӕстӕг кӕй цӕрынц. Вивиен сразы Библи ахуыр кӕныныл ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ цот дӕр йемӕ иумӕ ахуыр кодтаиккой. Уый фӕстӕ йӕм Эндрю ӕмӕ Элизабет хӕдзармӕ бацыдысты, ӕмӕ сыл Вивиен тынг бацин кодта. Лондоны центры афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй базонгӕ сты, уый Вивиены зӕрдӕйы фӕд ныууагъта. Эндрю ӕмӕ йын Элизабет, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг куы равдыстой, уӕд бадис кодта ӕмӕ сын загъта, ахӕм чиныг ӕм кӕй ис ӕмӕ йӕ йӕ сывӕллӕттӕй цыппаримӕ кӕй фӕкӕсы. Куы йын загътой, уыцы чиныджы фӕрцы адӕмимӕ Библи хӕдзары лӕвар кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уӕд цингӕнгӕ загъта: «Ныр райдайӕм ахуыр кӕнын!»
Писмо цигайнаг ӕфсымӕрӕй
2014 азы ноябры Словакийы фӕзынд фыццаг ӕмбырд цигайнаг ӕвзагыл. Уымӕй гыццыл раздӕр дзы цы районон конгресс уыд, уым донаргъуыд райста, цигайнаг ӕвзагыл чи дзырдта, 21 ахӕм адӕймаджы. Иууылдӕр уыдысты иу хъӕуӕй. Ӕрымысӕн изӕрмӕ та уыцы ӕмбырдмӕ ӕрбацыд 495 адӕймаджы. Донаргъуыд чи райста, уыдонӕй иу ӕфсымӕр ныффыста ахӕм ныхӕстӕ:
Словаки: дыууӕ хъусынгӕнӕджы цингӕнгӕ ныхас кӕнынц цигайнаг сылгоймагимӕ
«Ӕз дӕн цигайнаг, цӕрын Словакийы Жехрӕйы хъӕуы. Уым урсцъар адӕм цигайнӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц. Афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ цигайнӕгтӕ чъизи адӕм сты, стӕй сайгӕ ӕмӕ давгӕ кӕнынц. Иуафон сфӕнд кодтон аргъуанмӕ цӕуын, ӕмӕ уырдӕм куы бацыдтӕн, уӕд мын аргъуангӕс загъта, зӕгъгӕ, дам, дын ам бынат нӕй, ӕмӕ ацу ардыгӕй. Ахӕм хабӕртты фӕстӕ, ныр уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут, урсцъар адӕммӕ цы зӕрдӕ дардтон, ууыл. Цасдӕры фӕстӕ мӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕхуыдтой Паддзахады залмӕ. Дызӕрдыг кодтон, уым дӕр та фыдӕнхъӕл фӕуыдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ уӕддӕр ацыдтӕн. Паддзахады залмӕ хизгӕ дӕр нӕма бакодтон, афтӕ мын урсцъар нӕлгоймаг мӕ къух райста ӕмӕ мыл зӕрдиагӕй бацин кодта. Раныхасы рӕстӕг мӕ хъуыдытӕ дзӕгъӕлтӕ кодтой. Ӕрмӕст ма ууыл хъуыды кодтон, ӕмӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ мӕм се ’ппӕт дӕр ахӕм хорз зӕрдӕ дарой.
Уыцы ӕхсӕв фынӕй дӕр нӕ бадӕн, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, Паддзахады залы цы федтон, ууыл. Гъемӕ сфӕнд кодтон ногӕй уырдӕм ацӕуын, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаин, ӕцӕгдӕр уыдысты ахӕм хӕларзӕрдӕ ӕви хабар ӕнӕуи афтӕ рауад. Фӕлӕ ацы хатт уыдысты ноджы хӕларзӕрдӕдӕр ӕмӕ, цыма мӕ рагон хӕлӕрттӕ уыдысты, афтӕ ныхас кодтой мемӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу ӕмбырд дӕр нӕ фӕцух кодтон ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райстон. Ӕмӕ мӕм уый фӕстӕ дӕр ӕфсымӕртӕ уыдысты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ мын кӕй аргъ кодтой, уый сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд. Хатт мын-иу радтой, сӕхӕдӕг цы хӕринӕгтӕ хордтой, уымӕй хуыздӕр хӕринӕгтӕ! Мӕн фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр ацы организацийы уон ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнон».
Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста
Нӕ хо Айсел цӕры Азербайджаны. Ӕмӕ иухатт горӕт Гянджайӕ Бакумӕ автобусыл куы цыд, уӕд Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид искӕимӕ Библийы тыххӕй аныхас кӕнынӕн. Айсел хъуамӕ сбадтаид, йӕ билеты цы бынат уыд фыст, уым. Фӕлӕ иу сылгоймаг ныллӕууыд, цӕмӕй йӕ фарсмӕ сбадтаид. Айсел фыццаг ӕнӕуи цӕуылдӕрты ныхас кодта йемӕ ӕмӕ фӕстӕдӕр йӕ ныхас Библимӕ аздӕхта. Сылгоймаг ын загъта, Чырыстийы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды фылдӕр базонын. Уӕд кӕрӕдзийӕн сӕ телефонты номыртӕ радтой ӕмӕ баныхас кодтой, ногӕй кӕй фембӕлдзысты, ууыл. Сылгоймаг ма Айселӕн загъта, цӕмӕй, кӕд гӕнӕн ис, уӕд ын Библи ӕрбахӕсса.
Айсел фӕстӕмӕ Гянджамӕ куы ацыд, уӕд уыцы сылгоймагмӕ йӕ куыстмӕ бацыд. Сылгоймаг ын загъта, «куывдтыты чиныг» ӕм кӕй ис ӕмӕ йӕ алы бон дӕр кӕй фӕкӕсы. Уыцы «куывдтыты чиныг» разынд брошюрӕ «Алы бон дӕр Фыстад иртас» 2013 азӕн, ӕмӕ Айсел ууыл бадис кодта. Айсел сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Тынг цин кодта, Йегъовӕ йын хъӕбатырдзинад кӕй радта, цӕмӕй автобусы уыцы фадатӕй спайда кодтаид ӕмӕ сылгоймагимӕ сныхас кодтаид.
Бузныджы ныхӕстӕ, ахӕстоны чи бады, ахӕм нӕлгоймагӕй
Испанийӕ райстам ахӕм писмо:
«Фыццаджыдӕр мӕ фӕнды бузныг уын зӕгъын, алыхуызон адӕммӕ Библийы хабар фӕхӕццӕ кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайут.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ фыццаг хатт базонгӕ дӕн 15 азы размӕ Албанийы, горӕт Тиранӕйы. Уӕд ӕрыгӕттӕ уыдыстӕм ӕмӕ нӕ бандӕйы уыд дӕс адӕймаджы. Ӕмӕ нӕм иухатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу бацыд. Диссаг мӕм фӕкаст, уыйбӕрц хъӕбатырдзинад ӕм кӕй разынд, уымӕн ӕмӕ нӕм ничи уӕндыд. Ӕмӕ нӕм кӕд хӕцӕнгарз уыд, уӕддӕр нӕ фӕтарст ӕмӕ немӕ Библийыл ныфсджынӕй ныхас кодта. Йӕ хъӕбатырдзинад мӕ стыр дисы бафтыдта.
Ныр Испанийы ахӕстоны бадын. Цыппар азы размӕ мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕрбацыд ӕмӕ мын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй загъта. Ӕз сразы дӕн, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ цард хуыздӕрырдӕм аивта. Ныр ӕгъатыр ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймаг нал дӕн. Стӕй фыдбылызты дӕр рагӕй нал бахаудтӕн. Йегъовӕйы базыдтон ӕмӕ ныр ӕмбарын, цӕмӕн цӕрын, уый. Архайын адӕмимӕ фӕрнӕй цӕрыныл ӕмӕ иу афӕдзӕй фылдӕр дӕн ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг.
Ахӕстоны бадын 12 азы, ӕмӕ фӕстаг 4 азы куыд амондджын дӕн, афтӕ никуыма. Стӕй мӕ зӕрдӕйы ис фарн. Мӕ царды алы боны тыххӕй дӕр Йегъовӕйӕ бузныг дӕн.
Цалдӕр къуырийы размӕ сайты видеороликтӕм кастӕн. Иу дзы уыди, Иугонд Штатты ахӕстоны чи бадти, уыцы ӕфсымӕры тыххӕй, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Йӕ зӕрдӕ ӕнцонтӕй кӕмӕн суынгӕг вӕййы, уыдонӕй нӕ дӕн, фӕлӕ уыцы ӕфсымӕр йӕ цард куыд тынг аивта, уый куы федтон, уӕд мӕ цӕссыгтӕ нӕ баурӕдтон.
Йегъовӕ уын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнӕд, цӕмӕй хорз хабар бирӕ ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнат ӕмӕ, ахӕстоны чи бады, уыдоны бӕрӕг кӕнат, ӕмӕ афтӕмӕй алыхуызон адӕм хорз хабар базоной.
Стыр бузныг уын».
«Кӕдӕй-уӕдӕй мӕ зӕрдӕйы фарн ӕрцард»
Швецийы чи цӕры, иу ахӕм 68-аздзыд сылгоймаг, Фелисити, загъта: «Цӕмӕн цардтӕн, уый нӕ зыдтон. Мӕ царды бонтӕ ӕнӕуи афтӕ ӕрвыстон. Ӕдзух бӕллыдтӕн, цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы фарн ӕрцардаид, фӕлӕ мӕ цыма уый тӕрсгӕ кодта, афтӕ мӕм каст». Кӕд Фелисити католикон диныл хӕст уыд, уӕддӕр йӕ динӕй йӕ зӕрдӕ нӕ рухс кодта, ӕмӕ райдыдта алыхуызон динты ахуырӕдтӕ иртасын. Ӕппынфӕстаг хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнын ӕмӕ дӕсны фӕрсын райдыдта.
Цӕмӕн цӕры, уый кӕй не ’мбӕрста, уый тыххӕй йӕхимӕ афтӕ тынг ныхъхъуыста, ӕмӕ йӕхи марынвӕнд скодта. Фелисити дзуры: «Мӕ цӕссыгтӕ гӕр-гӕр кодтой, афтӕ Хуыцаумӕ хъӕрӕй скуывтон, ӕмӕ загътон, цӕмӕй мын бамбарын кодтаид, цы кӕнгӕ мын у, уый. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ мӕм чидӕр ӕрбахоста. Къӕсӕрыл лӕууыд ӕрыгон нӕлгоймаг ӕмӕ мӕ йӕ мидбылты худгӕйӕ бафарста, Хуыцауы Ныхасмӕ байхъусын, дам, дӕ нӕ фӕнды. Ӕз мӕхинымӕр ахъуыды кодтон: „О Хуыцау, уымӕ куы нӕ бӕллыдтӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕм цӕмӕн ӕрбацыдысты?!“»
Фелисити фыццаг хъавыд дуар сӕхгӕнынмӕ, фӕлӕ стӕй йӕхицӕн загъта, гъа-ма, байхъусон, зӕгъгӕ. Ныхас кӕнын райдыдтой ӕмӕ йын радтой, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг. «Баххуыс мын кодтой, цӕмӕй Библимӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастаин»,– загъта уый. Фелисити донаргъуыд райста 2014 азы, Швецийы цы регионалон конгресс уыд, уым. Ныр афтӕ зӕгъы: «Цард-цӕрӕнбонты цы агуырдтон, уый ссардтон. Кӕдӕй-уӕдӕй мӕ зӕрдӕйы фарн ӕрцард».