Израил: планшеты фӕрцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц
ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ
Ази ӕмӕ Ӕввахс Скӕсӕн
БӔСТӔТӔ 49
ЦӔРДЖЫТӔ 4 409 131 383
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 718 716
БИБЛИЙЫ АХУЫРТӔ 766 364
100 сахаты, 100 азы кӕй сӕххӕст, уый номыл
Азийы бӕстӕтӕй иуы иу зындгонд актрисӕ ӕмӕ модель Библи ахуыр кӕныныл сразы. Цы-иу базыдта, уымӕ гӕсгӕ-иу уайтагъддӕр архайын райдыдта ӕмӕ, спиритизмимӕ баст чи уыд, ахӕм литературӕ ӕмӕ йӕм буддистты динӕй цы гуымирытӕ уыд, уыдон аппӕрста.
Йе ’ввахс ӕмбал ын лӕгъстӕ кодта: «Дӕ Библийы ахуыр иу-ӕртӕ азмӕ фӕуадз, ӕмӕ дӕ куысты кой кӕн. Уый фӕстӕ та йӕ ногӕй райдайдзынӕ ахуыр кӕнын».
Сылгоймаг ын загъта: «Мӕн алкӕддӕр фӕндыд Хуыцауы ссарын. Ӕмӕ ныр мӕ ахуыр цӕмӕн хъуамӕ ныууадзон ӕмӕ ӕртӕ азы цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон?»
Хъусынгӕнджыты скъолайы йын хӕслӕвӕрд куы уыд, уыцы къуыри йӕм иу кинокомпани фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта, семӕ цыппар азмӕ контракт куы скӕна ӕмӕ цыфӕнды роль хъазыныл дӕр куы сразы уа, уӕд ын бирӕ ӕхца кӕй фиддзысты. Фӕлӕ сын не сразы. Ӕмӕ 2014 азы майы сси ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг. Стӕй сфӕнд кодта, цӕмӕй августы 100 сахаты хъусын кӕна. Куы йӕ бафарстой, цӕмӕн ӕй бафӕндыд, уӕд загъта: «Фӕнды мӕ, Чырысти 100 азы Паддзах кӕй у, уый сбӕрӕг кӕнын, ӕмӕ йӕ хицаудзинады алы азы тыххӕй хъусын кӕндзынӕн иу сахат!» Ӕмӕ йӕ нысан йӕ къухы бафтыд. 2015 азы январы та донаргъуыд райста ӕмӕ ныр лӕггад кӕны ӕххуысгӕнӕг пионерӕй.
Ахӕстоны ӕхсӕвы хъусын кодтой
Шри-Ланкайы цыппар хойы автобусыл ацыдысты, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауы, ахӕм ран хъусын кӕнынмӕ. Уыцы ран адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕст сты буддизмыл. Дыккаг бон уацамынды куы уыдысты, уӕд сӕм иу моладзан ӕмӕ таксийы шофыр ӕртхъирӕн кӕнын райдыдтой. Гыццыл фӕстӕдӕр та сыл иу-30 знӕт адӕймаджы амбырд. Пъӕлицӕ ӕрбацыд ӕмӕ хоты участокмӕ акодтой. Уым сӕ камерӕты ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕдардтой, кӕд сӕм ӕппындӕр ницы аххос ссардтой, уӕддӕр. Фыдгӕнджытимӕ сӕ сбадын кодтой, ӕмӕ сын уыдон ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой ӕмӕ сӕ ӕлгъыстой. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ хотӕн уыд фадат хъусын кӕнынӕн. Хотӕй иу афтӕ загъта: «Мӕн сбадын кодтой лӕгмартимӕ, фӕлӕ сын мӕ бон уыд хорз хабар радзурын. Тынг диссаг сӕм фӕкаст, ахӕстонмӕ куыд бахаудтӕн, уый ӕмӕ мӕм бирӕ фарстатӕ лӕвӕрдтой, цӕуыл ӕууӕндын, уый тыххӕй. Семӕ иу камерӕйы чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаг та мӕ бафарста: „Ахӕм амондджын цӕй фӕрцы дӕ?“»
Шри-Ланка: цыппар хойы автобусыл ацыдысты, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауы, ахӕм ран хъусын кӕнынмӕ
Не ’фсымӕртӕ Шри-Ланкайы Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕрӕджы пъӕлицӕйыл хъаст балӕвӕрдтой, уый бар сын кӕй нӕ уыд, цӕмӕй хоты ӕнаххосӕй ахӕстоны бакодтаиккой. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг ныр дӕр ма нӕ равзӕрстой.
Ӕххуыс кӕны хуысгӕ рынчын сылгоймагӕн
Японийӕ иу пионер-хо, Митико, Библи къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ахуыр кодта, рынчындоны чи хуыссыд, иу ахӕм ацӕргӕ сылгоймагимӕ. Нӕ хо рынчындоны кусджыты бафарста, рынчынтӕй ма йӕ бон Библийыл кӕимӕ у аныхас кӕнын. Ӕмӕ афтӕмӕй базонгӕ, хъусӕй чи хъуыста, фӕлӕ йӕ бон дзурын кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм сылгоймагимӕ, Кадзумиимӕ. 23 азы йыл куы цыд, уӕд аварийы бахауд, ӕмӕ ӕруатон, йӕ бон нӕ уыд хӕрын ӕмӕ суанг дон нуазын дӕр. Бирӕ фарстатӕ йӕм уыд, ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы.
Япони: Кадзуми уарзы зӕрдӕфидаргӕнӕн писмотӕ фыссын
Митико Кадзумимӕ фарстатӕ лӕвӕрдта ӕмӕ Кадзуми йӕ къухтӕй амыдта, абзацты цы дзуаппытӕ уыди, уыдонмӕ кӕнӕ та-иу сӕ фысгӕ ныккодта. Кадзумимӕ телефон куы фӕзынд, уӕд Митико йемӕ алы райсом дӕр боны стих ӕвзарын райдыдта. Кадзумийӕн йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъдӕр кодта, фӕлӕ йӕ уырнындзинад та фидардӕр кодта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаид. Кадзуми Библи ахуыр кодта 13 азы ӕмӕ ӕппынфӕстаг, 61 азы йыл куы цыд, уӕд, сси ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг.
Кадзуми хуысгӕ рынчын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ бацархайдтой, цӕмӕй ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты программӕмӕ трансляцийы фӕрцы хъуса. Ӕмбырдмӕ цы дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕны, уыдон та йын хотӕ бакӕсынц.
Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр Кадзуми ныффыссы зӕрдӕфидаргӕнӕн писмотӕ. Хъусын кӕны рынчындоны кусджытӕн ӕмӕ йӕм рынчынфӕрсӕг чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн дӕр. Кадзуми сын фӕзӕгъы: «Библи куы ахуыр кӕнат, уӕд амондджын уыдзыстут».
Моладзан рӕстдзинад базыдта
Хуссар-скӕсӕн Азийы бӕстӕтӕй иуы иу хо ацыд рынчындонмӕ цӕстыты дохтырмӕ ӕмӕ уым сӕмбӕлд иу нӕлгоймагыл. Уый уыд моладзан. Хо йӕ бафарста: «Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй ӕнӕниз уай ӕмӕ ӕнустӕм рӕсугъд ран цӕрай?» Сӕ ныхас дзӕбӕх рауад, ӕмӕ йын хо радта брошюрӕ «Хуыцаумӕ хъус». Моладзан хойӕн йӕ телефоны номыр радта, хо та йӕ уый фӕстӕ радта ӕмбырды иу ӕфсымӕрӕн. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕм ӕфсымӕр телефонӕй бадзырдта, ӕмӕ йӕ сӕрмагонд раныхасмӕ фӕхуыдта. Моладзанӕн ӕмбырды йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, уӕлдайдӕр та Паддзахады зарджытӕ зарын. Ӕмбырды йыл се ’ппӕт дӕр кӕй бацин кодтой, уый та йӕм бынтон диссаг фӕкаст.
Моладзан ӕфсымӕры бафарста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм дины университеттӕ кӕнӕ скъолатӕ ис, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр ын бамбарын кодта, алкӕимӕ дӕр хицӕнӕй Библи кӕй фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр загъта, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдайа. Иннӕ къуыри йӕхӕдӕг бацӕттӕ кодта, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныгӕй фыццаг сӕр. Моладзан Библи дарддӕр дӕр ахуыр кодта, ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта ӕмӕ-иу ахуыргӕнӕн статья куы ӕвзӕрстой, уӕд-иу дзуаппытӕ лӕвӕрдта.
Моладзан районон конгресмӕ куы ацыд, уӕд ӕй филиалӕй нысангонд ӕфсымӕр Вефилмӕ экскурсимӕ фӕхуыдта. Гъемӕ иннӕ къуыри Вефилмӕ ацыд, фӕндагыл ӕй бахъуыд иу-10 сахаты. Куы ныххӕццӕ, уӕд ыл уым тынг бацин кодтой. 2015 азы февралы кӕрон моладзандоны йӕ бынат ныууагъта. Ныронг дӕр Библи ахуыр кӕны ӕмӕ ӕмбырдты дзуаппытӕ фӕдӕтты, ӕмӕ уый йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы.
Ногӕй та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ссардта
Ӕрӕджы дыууӕ пионеры, лӕг ӕмӕ усы, хъусын кӕнынмӕ арвыстой Индийы цӕгат-скӕсӕн хаймӕ. Уым хорз хабар бирӕ азты дӕргъы ничи хъусын кодта, ӕмӕ дзы уыцы пионертӕ ссардтой, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, бирӕ ахӕм адӕмы. Ӕмӕ сфӕнд кодтой, ӕмбырдтӕ кӕм уагътаиккой, ахӕм бынат ссарын. Иуахӕмы Библийы ахуырмӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ федтой, кӕронмӕ арӕзт чи нӕ уыд, иу ахӕм агъуыст ӕмӕ ахъуыды кодтой, ацы агъуысты тыххӕй искӕй бафӕрсын хъӕуы, зӕгъгӕ. Гыццыл дарддӕр куы ацыдысты, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Уыцы агъуысты раз иу ацӕргӕ сылгоймагыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ йын загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты. Йӕ цӕсгом фырцинӕй ныррухс, ӕмӕ сын загъта: «Ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн». Йӕ хӕдзармӕ сӕ фӕхуыдта ӕмӕ сын равдыста, 1970–1980 азтӕн ӕм цы литературӕ ӕрӕмбырд, уый. 30 азы размӕ йемӕ Библи ахуыр кодтой пионертӕ ӕмӕ, кӕд йӕ лӕг йӕ ныхмӕ цыд, уӕддӕр-иу иуӕй-иу фембӕлдтӕм цыд. Фидарӕй йӕ зыдта, рӕстдзинад кӕй ссардта, фӕлӕ пионертӕ куы ацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл никуыуал сӕмбӕлд. Йӕ цот райдыдтой алыхуызон аргъуантӕм цӕуын, фӕлӕ сын йӕхӕдӕг нӕ куымдта.
Инди: фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы сылгоймаг ӕвдисы, 1970–1980 азтӕн ӕм цы литературӕ ӕрӕмбырд, уый
Фӕстаг рӕстӕг ын йӕ цот тыхӕй католикон дин исын кодтой, зӕгъгӕ, дам, куы амӕлай, уӕд, дам, дӕ католикон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бавӕрдзыстӕм. Йӕ хо та ныллӕууыд, цӕмӕй аргъуаны аргъуыд райса, ӕмӕ йӕ уырдӕм аласта. Ӕмӕ фӕндагыл бирӕ машинӕтӕ кӕй уыд, уый тыххӕй сӕ бахъуыд фӕстӕмӕ хӕдзармӕ раздӕхын. Уӕд ын йӕ хо загъта, райсом, дам, ацӕудзыстӕм, фӕлӕ фӕрынчын. Ӕмӕ пионертӕ раст уыцы бон ӕрбацыдысты! Ныр уыцы сылгоймаг ногӕй Библи ахуыр кӕны ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуы, стӕй ма йӕ цотӕн ӕмӕ йӕ цоты цотӕн дӕр фӕдзуры, цӕмӕй уыдон дӕр ахуыр кӕнын райдайой.