Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwhf 14 статья
  • Нӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттӕм ӕви нӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттӕм ӕви нӕ?
  • Ӕххуыс бинонтӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цавӕр фарстатыл уӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?
  • Уӕ бон цы у саразын
  • Куыд ис ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Библи цы дзуры ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсыны тыххӕй?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сывӕллоны хъомыл кӕнут йӕ гыццылӕй
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Сывӕллонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, зиан куы ’рцӕуа, уӕд?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Ӕххуыс бинонтӕн
ijwhf 14 статья
Сывӕллӕттӕ рӕвдауӕндоны хъазӕнтӕй хъазынц.

ӔХХУЫС БИНОНТӔН | НЫЙЙАРДЖЫТӔ

Нӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттӕм ӕви нӕ?

Кусгӕ чи кӕны, уыцы ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ фӕхъуыды кӕнынц, сӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттой ӕви нӕ, ууыл. Цымӕ уӕ сывӕллонӕн уым хуыздӕр уыдзӕн?

  • Цавӕр фарстатыл уӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?

  • Уӕ бон цы у саразын

Цавӕр фарстатыл уӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?

Нӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ куы раттӕм, уӕд тӕссаг нӕ уыдзӕн, йемӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд куы нал уӕм, уымӕй? Сывӕллон гыццылӕй алцӕуыл дӕр тагъд фӕахуыр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ адӕмыл дӕр тагъд ацахуыр вӕййы кӕнӕ сӕ тагъд айрох кӕны. Ӕмӕ, цалынмӕ сывӕллон гыццыл у, уӕдмӕ архайут, цӕмӕй йемӕ фылдӕр рӕстӕг уат (Дыккаг закъон 6:6, 7).

  • Сӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттынвӕнд чи кӕны, уыцы ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ сӕ сывӕллон ма адард уа.

Уӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ куы раттат, уӕд ма уӕм раздӕрау хъусдзӕн? Чи зоны, нӕ. Иу чиныджы фыст ис: «Сывӕллӕттӕ иумӕ цас фылдӕр рӕстӕг вӕййынц, уыйас кӕрӕдзи зондыл тынгдӕр фӕцӕуынц» (Hold On to Your Kids).

  • Сӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттынвӕнд чи кӕны, уыцы ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ сывӕллон ма сӕм раздӕрау хъусдзӕн ӕви нӕ.

Уӕ сывӕллон рӕвдауӕндоны фӕстӕ скъоламӕ куы бацӕуа, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн ахуыр кӕнын? Иуӕй-иутӕ зӕгъынц «о». Иннӕтӕ та зӕгъынц, рӕвдауӕндон уымӕн бирӕ ӕххуыс нӕу кӕнӕ ӕппындӕр ницы ӕххуыс у. Психолог Пенелопӕ Лич ныффыста: «Афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ, сывӕллӕттӕ скъолайы цы базоной, уый сын царды ӕппӕты стырдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Стӕй афтӕ дӕр ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ, уӕ сывӕллон цас раздӕр бацӕуа скъоламӕ, уыйас хуыздӕр. Кӕд афтӕ хъуыды кӕнут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кӕронмӕ не ’мбарут, уӕ сывӕллоны уӕхӕдӕг цӕуыл сахуыр кӕнат, уый йын бирӕ фылдӕр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн».

  • Ныййарджыты хъӕуы ахъуыды кӕнын, сӕ сывӕллоны ӕнӕмӕнг хъӕуы рӕвдауӕндонмӕ раттын ӕмӕ сын уый исты пайда фӕуыдзӕн ӕви нӕ, ууыл.

Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй уӕ дыууӕйӕ исчи сывӕллонимӕ хӕдзары бада? Иуӕй-иу хатт ныййарджытӕ дыууӕйӕ дӕр фӕкусынц, цӕмӕй сӕм фылдӕр ӕхца уа. Фӕлӕ цымӕ уымӕн йӕ пайда фылдӕр вӕййы ӕви йӕ зиан?

  • Ныййарджыты хъӕуы ахъуыды кӕнын: сӕ бон нӕ уаид сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, цӕмӕй сӕ иу ма куса ӕмӕ сывӕллонмӕ кӕса?

Цалынмӕ уӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ нӕ раттат, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕнут, уый хорз цӕмӕй у ӕмӕ ӕвзӕр цӕмӕй у, ууыл ӕмӕ уый фӕстӕ рахӕссут уынаффӕ. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдыстут, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттат.

Уӕ бон цы у саразын

Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг... хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Уӕдӕ сымах дӕр хъӕуы алцӕуылдӕр бӕстон ахъуыды кӕнын.

Цавӕр гӕнӕнтӕ уын ис

  • Иуӕй-иутӕ сӕ хӕдзары саразынц сывӕллӕтты рӕвдауӕндон, ӕмӕ уым сывӕллӕттӕм иу кӕнӕ цалдӕр адӕймаджы фӕкӕсынц. Ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ равзарынц ахӕм рӕвдауӕндон, уымӕн ӕмӕ дзы сывӕллӕттӕ бирӕ нӕ вӕййы.

  • Иннӕ ныййарджытӕ та сӕ сывӕллоны сӕ хӕстӕджытӕй искӕй бар бакӕнынц кӕнӕ та искӕй баххуырсынц, цӕмӕй сывӕллонмӕ кӕса.

Ныййарджытӕ цыфӕнды мадзал ма равзарой – алкӕцы дӕр дзы цӕмӕйдӕр у хорз, цӕмӕйдӕр та ’взӕр. Уӕ бон у аныхас кӕнын, йӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ кӕнӕ ӕндӕр искуыдӕм чи радта, уыцы ныййарджытӕй искӕйтимӕ. Библийы фыст ис: «Уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ... ис зонд» (Ӕмбисӕндтӕ 13:10).

Кӕд уӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттынмӕ хъавут, уӕд...

Уӕ сывӕллоны кӕдӕм дӕттут, уыцы рӕвдауӕндоны тыххӕй фылдӕр базонут

  • Закъонмӕ гӕсгӕ чи хъӕуы, уыцы гӕххӕттытӕ сӕм иууылдӕр сты? Иннӕ ныййарджытӕ дзы цы дзурынц? Цавӕр ном ын ис?

  • Сыгъдӕг дзы у ӕмӕ дзы сывӕллӕттӕн тӕссаг ницӕмӕй у?

  • Сывӕллӕттӕ дзы цы фӕкусынц?a

Сывӕллӕттӕм чи кӕсдзӕн, уыдоны тыххӕй базонут

  • Кӕм ахуыр кодтой? Гыццыл сывӕллӕттимӕ кусыны бар сын ис? Фыццаг ӕххуыс куыд кӕнын хъӕуы, уый зонынц?

  • Сывӕллӕттӕм чи кӕсдзӕн, уыдонӕн цавӕр ном ис?

  • Кусджытӕ арӕх ивынц? Кӕд о, уӕд уӕ сывӕллоны ӕдзух хъӕудзӕн ног адӕмыл ахуыр кӕнын.

  • Сывӕллӕттӕм чи кӕсы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр цал сывӕллоны хауы? Кӕд бирӕ, уӕд уӕ сывӕллонмӕ фаг хъусдард нӕ уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу сывӕллӕттӕм тынгдӕр фӕхъӕуы хъус дарын. Уый кӕнгӕ вӕййы, сывӕллоныл цал азы цӕуы ӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ хорз арӕхсы ӕви нӕ, уымӕй.

  • Сывӕллӕттӕм чи кӕсы, уыдонимӕ-иу уӕ бон уыдзӕн сӕрибарӕй аныхас кӕнын, цы уӕ тыхсын кӕны, уыдӕттыл?

a Зӕгъӕм, телевизор сын бакӕнынц, цӕмӕй уымӕ кӕсой ӕви сӕ цӕуылдӕрты фӕахуыр кӕнынц ӕмӕ семӕ фӕхъазынц?

Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут. Нӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттӕм ӕви нӕ?

  • Цавӕр гӕнӕнтӕ уын ис. Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттынц. Иннӕтӕ та йӕ сӕ хӕстӕджытӕй искӕй бар бакӕнынц кӕнӕ та йын искӕй баххуырсынц. Ныййарджытӕ цыфӕнды мадзал ма равзарой – алкӕцы дӕр дзы цӕмӕйдӕр у хорз, цӕмӕйдӕр та ’взӕр.

Кӕд уӕ сывӕллоны рӕвдауӕндонмӕ раттынмӕ хъавут, уӕд...

  • Уӕ сывӕллоны кӕдӕм дӕттут, уыцы рӕвдауӕндоны тыххӕй фылдӕр базонут. Сыгъдӕг дзы у ӕмӕ дзы сывӕллӕттӕн тӕссаг ницӕмӕй у? Закъонмӕ гӕсгӕ чи хъӕуы, уыцы гӕххӕттытӕ сӕм иууылдӕр сты? Сывӕллӕттӕ дзы цы фӕкусынц?

  • Сывӕллӕттӕм чи кӕсдзӕн, уыдоны тыххӕй базонут. Кӕм ахуыр кодтой? Уӕ бон-иу уыдзӕн семӕ сӕрибарӕй аныхас кӕнын, цы уӕ тыхсын кӕны, уыдӕттыл? Сывӕллӕттӕм чи кӕсы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр цал сывӕллоны хауы?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын