Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwfq 31 статья
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сектӕ сты?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сектӕ сты?
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы у сектӕ?
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ америкаг сектӕ сты?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Чи сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Хорз Разамонӕг — кӕм ӕй ис ссарӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕцы дин цӕуы?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
Фылдӕр фенын
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
ijwfq 31 статья
Йегъовӕйы Ӕвдисӕн цалдӕр адӕймаджы кӕсын ӕмӕ фыссын ахуыр кӕны.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сектӕ сты?

Нӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сектӕ не сты. Мах стӕм чырыстӕттӕ, ӕмӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕзмӕм ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм.

Цы у сектӕ?

Сектӕ цы у, уый адӕм алыхуызон ӕмбарынц. Фӕлӕ ӕркӕсӕм, сектӕ цы у, уый тыххӕй адӕм арӕхдӕр цы хъуыды кӕнынц, дыууӕ ахӕм хъуыддагмӕ ӕмӕ уыдон махмӕ цӕуылнӕ хауынц.

  • Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ сектӕ у, ног кӕнӕ сӕйраг диныл нымад чи нӕу, ахӕм дин. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ног дин не ’рхъуыды кодтой. Мах Хуыцауӕн кувӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ йын куыд куывтой, афтӕ. Сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ ахуырӕдтӕ фыст сты Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Мах уырны, Хуыцауӕн куыд кувын хъӕуы, уый тыххӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Сыгъдӕг Фыстады цы фыст ис, уый.

  • Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ сектӕ у, йӕ разамонӕг адӕймаг кӕмӕн у, ахӕм тӕссаг дины къорд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕй сӕ разамонӕгыл никӕй нымайынц. Мах фидар хӕцӕм, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы уынаффӕ радта, ууыл. Уый загъта: «Иу Разамонӕг [уын] ис – Чырысти» (Матфейы 23:10).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тӕссаг сектӕ не сты. Сӕ дин пайда у сӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр. Цӕвиттон, адӕмимӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы бирӕтӕ ныууагътой се ’взӕр хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, наркотиктӕ ӕмӕ нуӕзт. Уымӕй уӕлдай-ма, ӕгас дунейы дӕр саразӕм кӕсын ӕмӕ фыссыны курсытӕ ӕмӕ мингай адӕмы сахуыр кодтам кӕсын ӕмӕ фыссын. Стӕй ма зӕрдиагӕй баххуыс кӕнӕм, ӕрдзон бӕллӕхы чи бахауы, уыдонӕн. Мах ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй иннӕтыл хорзырдӕм ӕндавӕм, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ (Матфейы 5:13–16).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын