Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 135 статья
  • Библийы эвтаназийы тыххӕй исты фыст ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы эвтаназийы тыххӕй исты фыст ис?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Дзуапп Библийӕ
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 135 статья
Ӕрыгон сылгоймаг рынчындоны ацӕргӕ адӕймагӕн йӕ къухыл хӕцы

Библийы эвтаназийы тыххӕй исты фыст ис?

Дзуапп Библийӕ

Библийы ницы фыст ис эвтаназийыa тыххӕй. Фӕлӕ дзы цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, уыцы фарстамӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм. Уый бар нын нӕй, цӕмӕй кӕмӕндӕр йӕ цард аскъуынӕм. Фӕлӕ адӕймаг мӕлӕтдзаг рынчын куы уа, уӕд цыфӕндыйӕ дӕр ууыл архайӕм, ӕмӕ уыцы уавӕр фылдӕр ахӕсса, уый дӕр нӕ ничи домы.

Библимӕ гӕсгӕ Хуыцау у не Сфӕлдисӕг, нӕ «царды суадон» (Псалом 36:9; Хъуыддӕгтӕ 17:28). Хуыцауы цӕсты цард тынг зынаргъ у. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй иу адӕймаг иннӕйы цард байса кӕнӕ адӕймаг йӕхи амара (Рацыд 20:13; 1 Иоанны 3:15). Уымӕй уӕлдай ма, Библимӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи цард дӕр хъахъхъӕнӕм ӕмӕ иннӕты цард дӕр (Дыккаг закъон 22:8). Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй цардӕн аргъ кӕнӕм.

Адӕймаг мӕлӕтдзаг рынчын куы уа, уӕд та?

Библимӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, цӕмӕй иу адӕймаг иннӕ адӕймагӕн йӕ цард байса, кӕд тагъд амӕлдзӕн, уӕд дӕр. Ӕркӕсӕм-ма Израилы паддзах Саулы хабармӕ. Саул тохы рӕстӕг уӕззау цӕф куы фӕци, уӕд йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн загъта, цӕмӕй йӕ амардтаид (1 Самуилы 31:3, 4). Фӕлӕ уый не сразы. Фӕстӕдӕр иу адӕймаг афтӕ куы загъта, цыма Саулы йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ амардта, уӕд ӕй Давид амарын кодта, уымӕн ӕмӕ уый дӕр цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй каст (2 Самуилы 1:6–16).

Хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр цард фӕдаргъдӕр кӕныныл архайӕм?

Кӕд адӕймаг мӕлӕтдзаг рынчын у, уӕд Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ цыфӕндыйӕ дӕр ууыл хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй уыцы уавӕр фылдӕр рӕстӕг ахӕсса. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Мӕлӕт нӕ фыддӕр знаг у, ӕмӕ мӕлӕм, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 5:12; 1 Коринфӕгтӕм 15:26). Кӕд мӕлын никӕй фӕнды, уӕддӕр тӕрсын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн (Иоанны 6:39, 40). Цардӕн чи аргъ кӕны, уый хос кӕнынӕн хуыздӕр мадзӕлттӕ агурдзӕн. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ уд чи исы, уыцы адӕймаджы цард цыбыр рӕстӕгмӕ фӕдаргъдӕр кӕныны тыххӕй цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕй ӕнӕмӕнг спайда кӕнын хъӕуы.

Адӕймаг йӕхи куы амара, уӕд ын йӕ тӕригъӕд хатыргонд не ’рцӕудзӕн?

Библимӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕу. Йӕхи чи амары, уый уӕззау тӕригъӕдb саразы, фӕлӕ Хуыцау ӕмбары, уыцы хъуыддаг цӕмӕн бакодта, уый, зӕгъӕм, психикон рынчын у, зын уавӕры бахауд кӕнӕ уый йӕ туджы рахаста (Псалом 103:13, 14). Хуыцау Библийы фӕрцы ныфс бауадзы, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта, уыдоны. Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, зӕгъӕм, йӕхи чи амардта, уыдонӕн ныфс кӕй ис, Хуыцау сӕ кӕй райгас кӕндзӕн, уымӕй.

Цӕрӕгойтӕн эвтанази кӕнӕн ис?

Цӕрӕгойтӕн эвтанази кӕнын ӕмӕ адӕймагӕн эвтанази кӕнын иу не сты. Хуыцау цӕрӕгойтӕн нӕ, фӕлӕ адӕмӕн дӕтты ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уымӕй (Ромӕгтӕм 6:23; 2 Петры 2:12). Ӕмӕ кӕд Библимӕ гӕсгӕ цӕрӕгойтӕн фыдмитӕ кӕнӕн нӕй, уӕддӕр адӕймагӕн загъд уыд, йӕ бар сыл кӕй цӕуы (Райдиан 9:3). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй цӕрӕгойтӕм хорз цӕстӕй кӕсӕм. Фӕлӕ куы хъизӕмар кӕна, уӕд адӕймагӕн йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, цӕмӕй йын ахӕм хос скӕной, ӕмӕ ӕнцонтӕй амӕла (Ӕмбисӕндтӕ 12:10).

a Дзырдуатмӕ гӕсгӕ эвтанази у, рынчынӕн ахӕм хос скӕнын, цӕмӕй ӕнцонтӕй амӕла кӕнӕ йын йӕ цард аскъуынын, цӕмӕй йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕза (Merriam-Webster Learner’s Dictionary). Рынчынӕн дохтыр куы баххуыс кӕны амӕлын, уӕд уый хонынц ассистированный суицид.

b Библийы фыст ис, йӕхи чи амардта, цалдӕр ахӕм адӕймаджы тыххӕй, фӕлӕ уыцы адӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ архайдтой (2 Самуилы 17:23; 1 Паддзӕхты 16:18; Матфейы 27:3–5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын