Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 143 статья
  • Тамако дымын тӕригъӕдыл нымад у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Тамако дымын тӕригъӕдыл нымад у?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Марихуанӕ кӕнӕ ӕндӕр наркотиктӕй хи аирхӕфсыны тыххӕй пайда кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы исты фыст ис?
  • Тамако дымын ӕви нӕ, уый Хуыцауӕн исты уӕлдай у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 143 статья
Адӕймаг тамако дымы

Тамако дымын тӕригъӕдыл нымад у?

Дзуапп Библийӕ

Библийы тамако дымыныa тыххӕй кӕнӕ дзы ӕндӕр хуызы пайда кӕныны тыххӕй ницы фыст ис. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, чъизи кӕнӕ ӕнӕниздзинадӕн зиан чи хӕссы, Хуыцау ахӕм хъуыддӕгты ныхмӕ кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ тамако дымын тӕригъӕдыл нымад у.

  • Цардӕн аргъ кӕнын. «Хуыцау... алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 17:24, 25). Цард Хуыцауы лӕвар кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахӕмӕй мацы аразӕм, цӕмӕй цӕрынхъуагӕй амӕлӕм, зӕгъӕм, тамако дымӕм. Тамако дымын хауы, ӕгас дунейы дӕр тынг бирӕ адӕм кӕй тыххӕй амӕлы, уыцы хъуыддӕгтӕм. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ бон у уыцы мӕлӕтӕй сӕхи бахизын.

  • Адӕмы уарзын. «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матфейы 22:39). Иннӕты раз куы дымӕм, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Ӕдзух тамако кӕй разы дымынц ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ фӕздӕг чи улӕфы, уыдонӕн тынг тӕссаг у, тамако чи дымы, уыдонмӕ арӕхдӕр цы низтӕ фӕзыны, уыдонӕй куы фӕрынчын уой, уымӕй.

  • Хъуамӕ уӕм сыгъдӕг. «Уӕ буӕрттӕ раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн» (Ромӕгтӕм 12:1). «Нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Хуыцау адӕймаджы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй тамако дыма. Тамако чи дымы, уый сыгъдӕгыл нымад нӕу, уымӕн ӕмӕ зонгӕ-зонын йе ’нӕниздзинадӕн зиан хӕссы.

Марихуанӕ кӕнӕ ӕндӕр наркотиктӕй хи аирхӕфсыны тыххӕй пайда кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы исты фыст ис?

Библийы марихуанӕ кӕнӕ ӕндӕр наркотикты тыххӕй ницы фыст ис. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, хи аирхӕфсыны тыххӕй ахӕм цӕмӕйдӕрты пайда кӕнын раст кӕй нӕу, стӕй сыл адӕймаг кӕй сахуыр вӕййы. Райдианы цы уагӕвӕрдты кой кодтам, уыдонӕй уӕлдай ма ис ӕндӕртӕ дӕр.

  • Хъуамӕ нӕ зондыл нӕ бар цӕуа. «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз... ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37, 38). «Уӕ зонд ӕгасӕй дӕр саразут ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ» (1 Петры 1:13). Адӕймаг наркотиктӕ куы фӕкӕны, уӕд йӕ зондыл йӕ бар нал фӕцӕуы, уымӕй уӕлдай ма сыл бирӕтӕ ахуыр дӕр свӕййынц. Наркотиктӕ чи фӕкӕны, уымӕн йӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр вӕййынц, куыд сӕ самал кӕна, ууыл ӕмӕ хорз цӕуылдӕрты нал фӕхъуыды кӕны (Филиппӕгтӕм 4:8).

  • Закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын. «Сӕ зӕрдыл [сын] лӕууын кӕн, цӕмӕй хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъусой» (Титмӕ 3:1). Бирӕ бӕстӕты хицауад йӕ хъус дары, наркотиктӕй куыд пайда кӕнынц уымӕ. Кӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ хицауады коммӕ кӕсӕм (Ромӕгтӕм 13:1).

Тамако ӕмӕ уе ’нӕниздзинад

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй алы аз дӕр ӕхсӕз милуан адӕймаджы бӕрц амӕлы, тамакойы тыххӕй цы низтӕ фӕзыны, уыдонӕй. Стӕй ма, йӕхӕдӕг чи нӕ дымы, фӕлӕ тамакойы фӕздӕг чи фӕулӕфы, ахӕм адӕмӕй амӕлы 600 000 фылдӕр. Ӕркӕсӕм, тамако чи дымы ӕмӕ сӕ алыварс чи вӕййы, уыдонӕн уый се ’нӕниздзинадыл куыд фӕзыны.

Рак. Тамакойы фӕздӕджы ис, рак кӕмӕй фӕзыны, ахӕм буаргъӕдтӕ (50 канцерогенных веществ). Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, рӕуджыты рак кӕмӕ ссарынц, уыдонӕн сӕ 90 процентмӕ фӕзыны тамакойы фӕздӕджы тыххӕй (Encyclopædia Britannica). Тамакойы фӕздӕджы тыххӕй ма рак фӕзыны бирӕ рӕтты, зӕгъӕм, дзыхы, хъуыры, хурхуадындзты, улӕфӕнты, игӕры, фарсылӕвзаджы ӕмӕ мисындзӕджы.

Улӕфӕнты низтӕ. Тамакойы фӕздӕджы тыххӕй арӕхдӕр фӕрынчын вӕййынц, зӕгъӕм, рӕуджыты низтӕй ӕмӕ гриппӕй. Тамакойы фӕздӕг чи фӕулӕфы, уыцы сывӕллӕттӕ арӕхдӕр фӕрынчын вӕййынц астмӕйӕ, ӕдзух фӕхуыфынц ӕмӕ сӕ рӕуджытӕ ӕвзӕрдӕр фӕрӕзынц ӕмӕ фӕкусынц.

Зӕрдӕйы низтӕ. Тамако чи дымы, уыдонӕн тӕссагдӕр у инсультӕй ӕмӕ зӕрдӕйы низтӕй. Тамакойы фӕздӕджы цы маргджын газ ис, уый рӕуджытӕй тугмӕ бахауы ӕмӕ кислороды бынат бацахсы. Уый аххосӕй туджы кислород къаддӕр вӕййы ӕмӕ зӕрдӕ тыхкуыст кӕнын райдайы, цӕмӕй буармӕ кислород, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕццӕ кӕна.

Сывӕрджын сылгоймагыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыны. Тамако чи дымы, уыцы сылгоймӕгтӕн тынг тӕссаг вӕййы, сӕ сывӕллон афонӕй раздӕр куы райгуыра, йӕ уӕз гыццыл куы уа кӕнӕ сахъатӕй куы райгуыра. Ахӕм сывӕллӕттӕн арӕх фӕрынчын вӕййынц сӕ улӕфӕнтӕ кӕнӕ ӕвиппайды амӕлынц (синдром внезапной детской смерти).

a Ам тамако дымынмӕ хауы, сигарӕ, трубкӕ ӕмӕ кальянӕй барӕй тамакойы фӕздӕг улӕфын. Цы уагӕвӕрдтыл ныхас кӕнӕм, уыдон хауынц, ӕууилгӕ ӕмӕ смудгӕ кӕй кӕнынц, уыцы тамакотӕм ӕмӕ, никотин кӕм ис, ахӕм электронон тамакотӕм, стӕй ӕндӕр ахӕм цӕмӕдӕртӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын