Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 32 радз.
  • Дӕс ӕфхӕрды

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕс ӕфхӕрды
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Дӕсӕм бӕллӕх
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Иннӕ ӕхсӕз бӕллӕхы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 32 радз.
Фыццаг ӕфхӕрд - Нилы цӕугӕдон туг фестад

32 РАДЗЫРД

Дӕс ӕфхӕрды

ӔРКӔС МА ацы нывтӕм. Уым ӕвдыст цӕуынц, Иегъовӕ Египетыл цы дӕс ӕфхӕрды ӕруагъта, уыдон. Уыныс, фыццаг нывы Аарон йӕ лӕдзӕгӕй Нилы цӕугӕдон ӕрцавта ӕмӕ дон туг фестад. Цы кӕсӕгтӕ дзы уыд, уыдон ныццагъды сты ӕмӕ дон смаг кӕнын райдыдта.

Дыккаг ӕфхӕрды рӕстӕг фараон йӕ хуыссӕнӕй хӕфсыты суры

Дарддӕр Иегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Нилы цыдӕриддӕр галхӕфсытӕ уыд, уыдон сурзӕхмӕ рабырыдысты. Кӕм нӕ уыдысты, ахӕм бынат нал баззад – пецты, мигӕнӕнты, хуыссӕнты, иудзырдӕй, алкуыдӕр. Хӕфсытӕ куы амардысты, уӕд сӕ египетӕгтӕ стыр кӕритӕ скодтой, ӕмӕ ӕгас бӕстыл се смагӕй сулӕфӕн нал уыд.

Уый фӕстӕ Аарон йӕ лӕдзӕгӕй зӕхх ӕрцавта ӕмӕ рыгӕй сасчъытӕ равзӕрд. Сасчъытӕ сты лыстӕг бындзытӕ, фӕлӕ тынг риссаг хӕст кӕнынц. Уый уыд ӕртыккаг ӕфхӕрд Египетыл.

Ӕртыккаг ӕфхӕрды рӕстӕг сылгоймагыл лыстӕг бындзытӕ хӕцынц

Ӕппӕт иннӕ ӕфхӕрдтӕ разиан кодтой ӕрмӕстдӕр египетӕгтӕн, израилӕгты ницы бахъыгдардтой. Цыппӕрӕм ӕфхӕрдӕн Иегъовӕ рауагъта стыр бындзытӕ. Уыдон-иу дзыгуыртӕй батахтысты египетӕгты хӕдзӕрттӕм. Фӕндзӕм ӕфхӕрд та стыр зиӕнттӕ ракодта фосӕн. Египетӕгты хъуццытӕ, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕй бирӕ фӕцагъды.

Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон фӕнык райстой ӕмӕ йӕ уӕлдӕфы спырх кодтой. Уыйадыл адӕмӕн дӕр ӕмӕ фосӕн дӕр сӕ буар байдзаг сынчъытӕй. Ахӕм уыд ӕхсӕзӕм ӕфхӕрд.

Ӕвдӕм ӕфхӕрдӕн Моисей йӕ къухтыл арвмӕ схӕцыд, ӕмӕ Иегъовӕ арв ныннӕрын кодта ӕмӕ их рауагъта. Египеты ахӕм стыр их никуы ма уарыди.

Цыппӕрӕм ӕфхӕрды рӕстӕг египетӕгтӕ стыр бындзытӕй лидзынц
Фӕндзӕм ӕфхӕрды рӕстӕг египетӕгты фос амардысты

Ӕстӕм ӕфхӕрд та ахӕм уыд, ӕмӕ Египеты зӕхх байдзаг мӕтыхтӕй. Уымӕй размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр афтӕ бирӕ мӕтыхтӕ никуы уыд. Сӕ цӕхӕрадӕтты ма ихуарды фӕстӕ цы гыццыл муртӕ баззад, уый та мӕтыхтӕ бахордтой.

Фарӕстӕм ӕфхӕрд уый мидӕг уыд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар. Ӕртӕ боны дӕргъы бӕстыл рухсы цъыртт никуы уыд. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыд раздӕрау рухс.

Фӕстагмӕ Иегъовӕ загъта йӕ адӕмӕн, цӕмӕй сӕ уӕлкъӕсӕртӕ байсӕрстаиккой сӕныччы кӕнӕ уӕрыччы тугӕй. Уый фӕстӕ Хуыцауы зӕд ӕрзылд Египетыл ӕмӕ тугӕй сӕрст цы хӕдзӕрттӕ уыдысты, уым никӕй амардта. Фӕлӕ туг цы уӕлкъӕсӕртыл нӕ уыд, уым Хуыцауы зӕд амардта фыццаггуырдты адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр. Уый уыд дӕсӕм ӕфхӕрд.

Фӕстаг ӕфхӕрды фӕстӕ фараон бардзырд радта израилӕгтӕн, цӕмӕй ацыдаиккой. Хуыцауы адӕм алцӕмӕйдӕр цӕттӕ уыдысты фӕндагмӕ, ӕмӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв араст сты Египетӕй.

Рацыд, 7–12 сӕртӕ.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын