Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 85 радз.
  • Йесо райгуырд скъӕты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо райгуырд скъӕты
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Ай у мӕ Фырт»
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Йесо кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд?
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Зӕдтӕ фехъусын кодтой Йесойы райгуырды тыххӕй
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йесойы райгуырд — кӕм ӕмӕ кӕд?
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 85 радз.
Иосиф, Мариа ӕмӕ ноггуырд Йесо скъӕты

85 РАДЗЫРД

Йесо райгуырд скъӕты

АЦЫ гыццыл лӕппуйы зоныс? О, уый Йесо у. Ацы тӕккӕ райгуырд скъӕты. Уым конд вӕййы фос. Мариа Йесойы ӕвӕры кӕвдӕсы, хӕрджытӕ ӕмӕ иннӕ фосӕн холлаг кӕм февӕрынц, уым. Фӕлӕ Мариа ӕмӕ Иосиф ам фосимӕ цӕмӕн сты? Исты скъӕт сывӕллон арӕн бынат у?

Нӕу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы. Фӕлӕ ам уымӕн сты, ӕмӕ Ромы хицау, кесӕр Август, радта ахӕм бардзырд, цӕмӕй алчидӕр ацӕуа, цы сахары райгуырд, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ ном чиныджы ныффысса. Иосиф та ам, Вифлеемы, райгуырд. Фӕлӕ Мариаимӕ сахармӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд сӕхицӕн бынат никуы ссардтой. Уӕдӕ ам, фосы цур дӕр уымӕн ӕрлӕууыдысты. Ӕмӕ раст уыцы бон Мариа ныййардта Йесойы! Фӕлӕ куыд уыныс, афтӕмӕй сывӕллон йӕхи дзӕбӕх хаты.

Фыййӕуттӕ ӕрцыдысты Вифлееммӕ, цӕмӕй Йесойы феной

Уыныс, Йесойы фенынмӕ чи ’рцыд, уыцы фыййӕутты? Ӕхсӕвы сӕ фыстимӕ сӕрвӕты куы уыдысты, уӕд ӕваст сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс. Уый уыд зӕд! Фыййӕуттӕ тынг фӕтарстысты, фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут. Цины хабар уӕм ӕрхастон. Абон Вифлеемы райгуырд Хицау Чырысти. Уый фервӕзын кӕндзӕн адӕмы! Ссардзыстут ӕй хӕцъилты тыхтӕй кӕвдӕсы». Зӕд уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕвиппайды йӕ алыварс фӕзынд тынг бирӕ зӕдтӕ ӕмӕ кадджын кодтой Хуыцауы. Фыййӕуттӕ уыцы тӕккӕ араст сты Йесойы агурӕг ӕмӕ йӕ мӕнӕ скъӕты ссардтой.

Йесо иннӕ сывӕллӕттӕй афтӕ тынг цӕмӕн хицӕн кӕны? Чи у ӕцӕгӕй, уый зоныс? Хъуыды ма кӕныс, нӕ чиныджы фыццаг сӕры дзырдтам Хуыцауы фыццаг Фырты тыххӕй. Уыцы Фырт Иегъовӕимӕ иумӕ сфӕлдыста, арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр цы ис, уый. Уӕдӕ гъе уыцы Фырт у Йесо.

О, Иегъовӕ йӕ Фырты цард уӕларвӕй Мариайы хуылфмӕ рахаста. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сывӕллон рӕзын райдыдта йӕ гуыбыны, алы сывӕллон дӕр йӕ мады гуыбыны куыд фӕрӕзы, афтӕ. Фӕлӕ ацы саби Хуыцауы Фырт уыди. Ӕппынфӕстаг Йесо райгуырд Вифлеемы, скъӕты. Ныр ӕй ӕмбарыс, зӕдтӕн Йесойы райгуырды хабар фехъусын кӕнын афтӕ ӕхсызгон цӕмӕн уыди?

Лукайы 2:1–20.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын