5 сӕр
Йесойы райгуырд — кӕм ӕмӕ кӕд?
РОМЫ империйы хицау кесӕр Август бардзырд ратта, цӕмӕй алчидӕр йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрцӕуа ӕмӕ уым йӕхи ныффысса. Иосиф дӕр араст йӕ райгуырӕн бӕстӕм, Вифлееммӕ.
Вифлееммӕ сӕхи ныффыссынмӕ тынг бирӕ адӕм кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ Иосиф ӕмӕ Мариа ӕхсӕвиуат кӕнынӕн ссардтой ӕрмӕстдӕр скъӕт. Хӕрджытӕ ӕмӕ иннӕ фос кӕм вӕййынц конд, уым райгуырд Йесо. Мариа йӕ батыхта ӕмӕ йӕ, фосӕн холлаг кӕм февӕрынц, уым, кӕвдӕсы, сӕвӕрдта.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кесӕр Август сфысты бардзырд кӕй ратта, уый Хуыцауы разамынд уыд. Афтӕмӕй Йесо райгуырд Вифлеемы — сахары, кӕцы Сыгъдӕг Фыстады бирӕ раздӕр рагзагъд уыд, куыд зӕрдӕвӕрд хицауы райгуырӕн бынат.
Цӕй диссаджы ӕхсӕв уыд уыцы ӕхсӕв! Сахары ӕдде, быдыры, фыййӕутты сӕрмӕ сӕрттывта ирд рухс. Уый Иегъовӕйы кад у! Ӕмӕ сын мӕнӕ цы дзуры Иегъовӕйы зӕд: «Ма тӕрсут; ӕз хъусын кӕнын сымахӕн стыр циндзинад, кӕцы уыдзӕн ӕппӕт адӕмӕн: уымӕн ӕмӕ ныр райгуырд сымахӕн Давиды сахары Ирвӕзынгӕнӕг, Кӕцы у Хицау Чырысти; ӕмӕ мӕнӕ сымахӕн нысан: сымах ссардзыстут Сывӕллоны тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ». Ӕвиппайды фӕзындысты бирӕ зӕдтӕ ӕмӕ зарынц: «Кад бӕрзӕндты Хуыцауӕн, ӕмӕ зӕххыл фарн, адӕймӕгты мидӕг хорзӕх».
Зӕдтӕ куы фӕцыдӕр сты, уӕд фыййӕуттӕ кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Цӕуӕм Вифлееммӕ ӕмӕ фенӕм, цы ӕрцыд уым, цӕй тыххӕй фехъусын кодта махӕн Хицау». Тагъд бахӕццӕ сты ӕмӕ сын зӕд кӕм загъта, растдӕр уыцы бынаты ссардтой Йесойы. Ӕмӕ сын зӕд цы фехъусын кодта, уый куы радзырдтой, уӕд иуылдӕр дисы бацыдысты. Мариа та уыцы ныхӕстӕ арф нывӕрдта йӕ зӕрдӕйы.
Абон бирӕтӕ ӕууӕндынц, Йесо 25-ӕм декабры кӕй райгуырд, ууыл. Фӕлӕ декабры мӕйы Вифлеемы вӕййы къӕвдатӕ ӕмӕ уазал. Уыцы афон фыййӕуттӕ сӕ дзугтимӕ ӕхсӕвыгон быдыры нӕ уыдаиккой. Уымӕй уӕлдай ма зын бауырнӕн у, Ромы император, йӕ ныхмӕ растынӕввонг цы адӕм уыдысты, уыдоны зымӕджы карзы сфыст рацӕуыны тыххӕй ахӕм дард фӕндагыл кӕй арвыстаид. Бӕрӕг у, Йесо уыцы аз рагфӕззӕджы кӕй райгуырд. Лукайы 2:1—20; Михей 5:2.
▪ Цӕмӕн араст сты Иосиф ӕмӕ Мариа Вифлееммӕ?
▪ Цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, Йесо куы райгуырд, уыцы ӕхсӕв?
▪ Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо 25-ӕм декабры кӕй нӕ райгуырд?