Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 5 сӕр, 18 ф.–19 ф., 6 абз.
  • Йесо кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд?
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесойы райгуырд — кӕм ӕмӕ кӕд?
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Зӕдтӕ фехъусын кодтой Йесойы райгуырды тыххӕй
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йесо райгуырд скъӕты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йесо Чырысти: ноггуырд сывӕллон ӕви Паддзах?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 5 сӕр, 18 ф.–19 ф., 6 абз.
Марийӕ хӕрӕгыл бады, афтӕмӕй Иосифимӕ Вифлеемӕ фӕцӕуынц

5 СӔР

Йесо кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд?

ЛУКАЙЫ 2:1–20

  • ЙЕСО РАЙГУЫРД ВИФЛЕЕМЫ

  • ФЫЙЙӔУТТӔ ӔРБАЦЫДЫСТЫ НОГГУЫРД ЙЕСОЙЫ ФЕНЫНМӔ

Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй алчидӕр йӕхи ныффыстаид, цы горӕты райгуырди, уым. Уымӕ гӕсгӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕйы ацӕуын хъуыди Иосифы райгуырӕн горӕт Вифлееммӕ. Уыцы горӕт уыди Иерусалимӕй хуссарырдӕм.

Уыцы рӕстӕг Вифлееммӕ сӕхи ныффыссынмӕ дуне адӕм ӕрцыд. Ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ ӕрлӕууыдысты скъӕты, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр бынат никуы ссардтой. Афтӕмӕй Йесо райгуырд, хӕрджытӕ ӕмӕ иннӕ фос кӕм дардтой, уым. Марийӕ йӕ гыццыл хъӕбулы хӕцъилты батыхта ӕмӕ йӕ кӕвдӕсы, фосӕн холлаг кӕм февӕрынц, уым, нывӕрдта.

Паддзах Августӕн ахӕм бардзырд раттын йӕ сӕрызонды, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау сӕвӕрдта. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Йесо райгуырд, йӕ фыдӕл, паддзах Давид, цы горӕтӕй уыд, уым. Фыстады бирӕ раздӕр загъд уыд, Хуыцау адӕмӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Хицау кӕй хъуамӕ райгуыра уыцы горӕты (Михей 5:2).

Уыцы ӕхсӕв диссаджы ӕхсӕв куыннӕ уыди! Фыййӕуттӕ сӕ фосимӕ быдыры уыдысты, ӕмӕ ӕвиппайды сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс. Уый уыди Йегъовӕйы кад! Ӕмӕ Хуыцауы зӕд фыййӕуттӕн загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр цинӕй чи байдзаг кӕндзӕн, ахӕм хорз хабар: абон Давиды горӕты райгуырд уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Хицау Чырысти! Афтӕ кӕй у, уый базондзыстут уымӕй, ӕмӕ кӕвдӕсы, хӕцъилты тыхтӕй, ссардзыстут ноггуырд сывӕллоны». Ӕмӕ ӕвиппайды уыцы зӕды раз февзӕрд бирӕ ӕндӕр зӕдтӕ ӕмӕ дзурын райдыдтой: «Кад уӕлӕрвты бӕрзондылбадӕг Хуыцауӕн! Зӕххыл та, йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн!» (Лукайы 2:10–14).

Ноггуырд Йесо хуыссы кӕвдӕсы ӕмӕ йӕм Марийӕ, Иосиф ӕмӕ фыййӕуттӕ кӕсынц

Зӕдтӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхтысты, уӕд фыййӕуттӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Рӕвдздӕр цомут Вифлееммӕ ӕмӕ, цы ’рцыд, Йегъовӕ нын цӕй тыххӕй фӕхабар кодта, уый фенӕм» (Лукайы 2:15). Гъемӕ атагъд кодтой ӕмӕ ноггуырд Йесойы ссардтой, зӕд сын кӕм загъта, растдӕр уым. Фыййӕуттӕ радзырдтой, сывӕллоны тыххӕй сын зӕд цы загъта, уый. Ӕмӕ, уый тыххӕй чи фехъуыста, уыдон се ’ппӕт дӕр дис кодтой. Марийӕ та уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ.

Абон бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йесо 25 декабры райгуырд. Фӕлӕ декабры Вифлеемы къӕвдатӕ вӕййы ӕмӕ дзы вӕййы уазал. Хатгай дзы мит дӕр фӕуары. Ӕмӕ ахӕм афон фыййӕуттӕ ӕхсӕв сӕ фосимӕ быдыры куыд хъуамӕ уыдаиккой! Стӕй Ромы паддзах зымӕджы хъызты адӕмы ахӕм дард балцы нӕ арвыстаид, уымӕн ӕмӕ ӕнӕуи дӕр йӕ ныхмӕ цыдысты. Уӕдӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, райгуырди октябры.

  • Иосиф ӕмӕ Марийӕйы Вифлееммӕ цӕмӕн бахъуыди ацӕуын?

  • Йесо куы райгуырд, уыцы ӕхсӕв цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд?

  • Йесо 25 декабры кӕй нӕ райгуырд, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын