Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 92 радз.
  • Йесо ӕгас кӕны мӕрдты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо ӕгас кӕны мӕрдты
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Гыццыл чызг райгас!
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Райдианы цӕссыгтӕ — уый фӕстӕ та стыр цин
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Сылгоймаг аныдзӕвыд Йесойы дарӕсыл
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 92 радз.
Йесо Иаиры чызджы райгас кодта

92 РАДЗЫРД

Йесо ӕгас кӕны мӕрдты

АЦЫ чызгыл цӕуы дыууадӕс азы. Йӕ къухыл ын хӕцы Йесо, йӕ цуры та лӕууынц йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд. Афтӕ тынг цӕуыл цин кӕнынц, уый зоныс? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Чызджы фыдӕн йӕ ном хуыйны Иаир, уый у стыр хицау. Иу бон йӕ чызг фӕрынчын ӕмӕ ӕруатон. Фӕлӕ нӕ хуыздӕр кодта. Бонӕй-бонмӕ йӕ уавӕр кодта ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр. Сӕ гыццыл хъӕбул сӕ цӕстыты раз куыд тайы, уый уынгӕйӕ Иаир ӕмӕ йӕ бинойнаг мӕтӕй сӕхи хӕрынц. Уый сӕ иунӕг хъӕбул у. Уыйадыл Иаир ацыд Йесойы агурӕг, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, диссӕгтӕ кӕй аразы, уый.

Иаир Йесойы ссардта тынг бирӕ адӕмы астӕу. Куыддӕрты адӕмы ӕхсӕнты размӕ абырыд ӕмӕ Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд. «Мӕ чызг тынг уӕззау рынчын у,– дзуры уый.– Лӕгъстӕ дын кӕнын, ӕрцу ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕн». Йесо сразы.

Иу гыццыл куы ауадысты, уӕд сыл ноджы фылдӕр адӕм ӕрӕмбырди. Йесо ӕваст фӕлӕууыд ӕмӕ фӕрсы: «Чи мыл аныдзӕвыд?» Йесо фӕхатыд, тых дзы кӕй рацыд, уый, ӕмӕ уымӕй базыдта, чидӕр ыл кӕй аныдзӕвыд. Фӕлӕ чи? Дыууадӕс азы дӕргъы уӕззау рынчын чи уыд, ахӕм сылгоймаг. Уый сусӕгӕй бацыд, Йесойы дарӕсыл аныдзӕвыд ӕмӕ сдзӕбӕх!

Иаир уый куы федта, ӕмӕ Йесо афтӕ ӕнцонӕй дзӕбӕх кӕны адӕмы, уӕд дзы ныфс бацыд. Фӕлӕ йӕм уӕдмӕ ӕрбахӕццӕ хъӕргӕнӕг. «Мауал тыхсын кӕн Йесойы,– дзуры Иаирӕн.– Дӕ чызг амард». Йесо фехъуыста уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ Иаирӕн загъта: «Тыхсгӕ ма кӕн, алцыдӕр хорз уыдзӕн».

Иаиры хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым адӕм зӕрдӕхалӕн ӕрдиаг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут. Сывӕллон мӕлгӕ нӕ акодта. Фынӕй кӕны». Фӕлӕ уыдон худынц Йесойыл ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, чызг мард кӕй у.

Уӕд Йесо чызджы фыд ӕмӕ мады, стӕй йӕ апостолтӕй ӕртӕйы акодта ӕмӕ сывӕллон кӕм ӕвӕрд уыд, уырдӕм бацыдысты. Сывӕллоны къух райста ӕмӕ загъта: «Сыст!» Ӕмӕ куыд уыныс, афтӕ чызг ӕцӕгдӕр райгас. Уый фӕстӕ сыстад ӕмӕ уаты рацу-бацу кӕны! Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд дӕр афтӕ амондджын уый тыххӕй сты.

Фӕлӕ Йесо кӕй райгас кодта, уыдонӕй ацы чызг фыццаг нӕу. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй фыццаг райгас кодта Наины сахарӕй идӕдз усы лӕппуйы. Уый фӕстӕ ма Йесо райгас кодта Мариа ӕмӕ Марфӕйы ӕфсымӕр Лазӕры дӕр. Хуыцау паддзахы бартӕ иууылдӕр Йесойы къухмӕ куы ратта ӕмӕ хицауиуӕг кӕнын куы райдайа, уӕд райгас кӕндзӕн бирӕ-бирӕ адӕмы. Ӕццӕй, уый стыр циндзинад нӕу?

Лукайы 8:40–56; 7:11–17; Иоанны 11:17–44.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын