Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 47 сӕр, 118 ф.–119 ф., 6 абз.
  • Гыццыл чызг райгас!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Гыццыл чызг райгас!
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Райдианы цӕссыгтӕ — уый фӕстӕ та стыр цин
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесо ӕгас кӕны мӕрдты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Йесо арӕзта бирӕ диссӕгтӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 47 сӕр, 118 ф.–119 ф., 6 абз.
Йесо Иаиры чызджы райгас кодта

47 СӔР

Гыццыл чызг райгас!

МАТФЕЙЫ 9:18, 23–26 МАРЧЫ 5:22–24, 35–43 ЛУКАЙЫ 8:40–42, 49–56

  • ЙЕСО РАЙГАС КОДТА ИАИРЫ ЧЫЗДЖЫ

Иаир йӕхи цӕстӕй федта, Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймаджы. Ӕмӕ йӕ ныфс уыд, йӕ чызгӕн дӕр ын кӕй баххуыс кӕндзӕн, кӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ чызг «афонмӕ амард», уӕддӕр (Матфейы 9:18). Фӕлӕ ма йын ӕцӕгдӕр уыди баххуыс кӕнӕн?

Йесо нырма, цы сылгоймаджы сдзӕбӕх кодта, уыимӕ ныхас кодта, афтӕ Иаирмӕ хӕдзарӕй чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын фӕхабар кодтой, «дӕ чызг амард», зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма сӕ ныхасмӕ бафтыдтой: «Цы ма тыхсын кӕныс ахуыргӕнӕджы?» (Марчы 5:35).

Уымӕй ӕвирхъаудӕр хабар ма цы хъуамӕ уа! Адӕмы ’хсӕн нымад ӕмӕ кадджын лӕг ӕнӕбон сывӕллоны хуызӕн фестад. Йӕ иунӕг хъӕбул нал ис. Фӕлӕ хабар Йесо дӕр фехъуыста, ӕмӕ Иаирмӕ разылд ӕмӕ йын фидарӕй загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст дӕм уырнындзинад уӕд» (Марчы 5:36).

Адӕм Иаиры чызджы мардыл кӕуынц

Ӕмӕ дарддӕр Иаиримӕ ацыд. Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта. Иууылдӕр куыдтой, хъарджытӕ кодтой ӕмӕ фырадӕргӕй сӕхи хостой. Йесо мидӕмӕ бахызт ӕмӕ загъта диссаджы ныхӕстӕ: «Сывӕллон мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у» (Марчы 5:39). Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд Йесойыл худын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ зыдтой, чызг ӕцӕгдӕр мард кӕй у. Фӕлӕ Йесойӕн, Хуыцау ын цы хъару радта, уый фӕрцы йӕ бон уыд, чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын – уыцы адӕмӕн, тарф фынӕй чи баци, ахӕм адӕймаджы райхъал кӕнын сӕ бон куыд уыд, афтӕ.

Йесо йӕ разы ныууагъта ӕрмӕстдӕр Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны, стӕй чызгӕн йӕ ныййарджыты, иннӕты та ӕддӕмӕ рарвыста. Уыцы фондз адӕймагимӕ бацыд, чызг кӕм ӕвӕрд уыди, уырдӕм, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕм сдзырдта: «„Талифа куми“, ома: „Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст!“» (Марчы 5:41). Ӕмӕ чызг уайтагъд сыстад ӕмӕ цӕуын райдыдта. Иаир ӕмӕ йӕ бинойнаг фырцинӕй цытӕ кодтаиккой, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн! Чызг ӕцӕгдӕр удӕгас кӕй у, ууыл цӕмӕй ӕппындӕр мауал дызӕрдыг кодтаиккой, уый тыххӕй сын Йесо загъта, исты йын бахӕрын кӕнут, зӕгъгӕ.

Уымӕй размӕ дӕр-иу Йесо искӕй куы сдзӕбӕх кодта, уӕд-иу сын загъта, цӕмӕй йӕ макӕмӕн радзырдтаиккой. Ӕмӕ чызджы ныййарджытӕн дӕр уый ныффӕдзӕхста. Фӕлӕ уыдон дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр уыцы цины хабар ӕнӕ радзургӕ куыд хъуамӕ фӕлӕууыдаиккой! Ӕмӕ уайтагъд хабар айхъуыст «ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл дӕр» (Матфейы 9:26). Уӕвгӕ, дӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыдонӕй исчи куы райгас уаид, уӕд ӕй ды дӕр фырцинӕй иннӕтӕн нӕ дзурис? Уӕд Йесо дыккаг хатт райгас кодта адӕймаджы.

  • Иаир цавӕр хабар фехъуыста ӕмӕ дзы Йесо ныфс куыд бауагъта?

  • Йесо Иаиримӕ сӕ хӕдзармӕ куы бахӕццӕ, уӕд адӕм цытӕ кодтой?

  • Йесо мард сывӕллонӕй афтӕ цӕмӕн загъта, фынӕй у, зӕгъгӕ?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын