35 СӔР
Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!
КУЫ амӕлӕм, уӕд нӕ цымӕ Хуыцау райгас кӕндзӕн? Бафӕнддзӕн ӕй? ~ Иу хорз адӕймаджы, Иовы, уырныдта, Хуыцауы кӕй фӕнды мӕрдты райгас кӕнын. Афтӕ йӕм куы каст, ӕмӕ амӕлдзӕн, уӕд Хуыцауӕн загъта: «Фӕдзурдзынӕ мӕм ды, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн». Иов ма загъта, Йегъовӕ Хуыцау кӕй бабӕлдзӕн, ома йӕ тынг кӕй бафӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ райгас кӕна (Иов 14:14, 15).
Йесо алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыд Йегъовӕйы хуызӕн. Йесойы фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Иухатт ын иу хъотырджын лӕг куы загъта, зӕгъгӕ, «ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ», уӕд ын Йесо загъта: «Фӕнды мӕ». Ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта (Марчы 1:40–42).
Йегъовӕ сывӕллӕтты кӕй уарзы, уый куыд равдыста?
Йесо йӕ Фыдӕй сахуыр сывӕллӕтты уарзын дӕр. Тынг раджы Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ райгас кодтой дыууӕ сывӕллоны. Илиа Йегъовӕйӕ куырдта, цӕмӕй райгас кӕна, цы сылгоймаг ӕй суазӕг кодта, уымӕн йӕ лӕппуйы. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фехъуыста. Фӕстӕдӕр та ахӕм тых радта Елисейӕн, ӕмӕ уый дӕр иу гыццыл лӕппуйы райгас кодта (3 Паддзахӕдты 17:17–24; 4 Паддзахӕдты 4:32–37).
Куыд хорз у, Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг кӕй уарзы! Зӕгъ-ма, ууыл нӕ цин кӕныс? ~ Йегъовӕ махыл алкӕддӕр хъуыды кӕны. Куы амӕлӕм, уӕддӕр нӕ нӕ ферох кӕндзӕн. Иухатт Йесо афтӕ загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау кӕй уарзы, уыдонӕй чи амард, уыцы адӕм ын ӕгас сты! (Лукайы 20:38). Библийы афтӕ фыст ис: «Ницы нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Хуыцауы уарзондзинадӕй – нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ» (Ромӕгтӕм 8:38, 39).
Йесо зӕххыл куы цард, уӕд ӕй равдыста, Йегъовӕ сывӕллӕтты дӕр бирӕ кӕй уарзы. Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йесо-иу сывӕллӕттӕн алы хатт дӕр кӕй ссардта рӕстӕг, цӕмӕй-иу сын Хуыцауы тыххӕй радзырдтаид? Фӕлӕ йӕ зыдтай, Хуыцау Йесойӕн ахӕм тых кӕй радта, цӕмӕй сывӕллӕтты ӕгас кӕна? ~ Иухатт Йесо райгас кодта 12-аздзыд чызджы. Йӕ фыд хуынди Иаир.
Иаир йӕ ус ӕмӕ йӕ иунӕг чызгимӕ цард Галилейы денджызы цур. Иу бон йӕ гыццыл чызг тынг фӕрынчын, ӕмӕ Иаир бамбӕрста, йӕ уавӕр тынг уӕззау кӕй у. Уӕд ӕрхъуыды кодта, кӕй фехъуыста Йесойы тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, рынчынты дзӕбӕх кӕны. Ӕмӕ йӕ агурӕг ацыд. Ссардта йӕ Галилейы денджызы был. Йесойы раз уыд бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ ахуыр кодта.
Иаир адӕмы ’хсӕнты Йесомӕ бацыд ӕмӕ йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд. Ӕмӕ йын загъта: «Мӕ гыццыл чызг тынг рынчын у. Курын дӕ, рацу мемӕ ӕмӕ йын баххуыс кӕн. Тынг дын лӕгъстӕ кӕнын!» Йесо уайтагъд Иаиримӕ ацыд. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ байхъусынмӕ чи ’рцыд, уыцы адӕм дӕр сӕ фӕдыл ацыдысты. Фӕлӕ ма фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Иаирмӕ хӕдзарӕй чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Цы ма тыхсын кӕныс ахуыргӕнӕджы?»
Йесо дӕр фехъуыста уыцы ныхӕстӕ. Уый йӕ ’мбӕрста, Иаирӕн куыд зын у йӕ иунӕг хъӕбулы мӕлӕт. Ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс. Ӕрмӕст Хуыцауыл ӕууӕнд, ӕмӕ дӕ чызгӕн ницы уыдзӕн». Иаиры хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын сӕ хӕстӕджыты ӕмӕ се ’мбӕлтты кӕугӕ баййӕфтой. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут. Чызг мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у».
Уӕд адӕм худын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, чызг мард кӕй у. Фӕлӕ Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, фынӕй у? ~ Уымӕй Йесойы адӕмӕн цы зӕгъын фӕндыд? ~ Фӕндыди йӕ, цӕмӕй зыдтаиккой, чи амӕлы, уый фынӕй адӕймагӕй уӕлдай кӕй нӕ вӕййы. Стӕй ма йӕ фӕндыди равдисын, Хуыцауы тыхы фӕрцы йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын. Махӕн фынӕй адӕймаджы райхъал кӕнын куыд ӕнцон у, афтӕ ӕнцон у Йесойӕн та мард адӕймаджы райгас кӕнын.
Йесо Иаиры чызджы кӕй райгас кодта, уымӕй цы ис базонӕн?
Йесо адӕмы хӕдзарӕй рарвыста, ныууагъта ма ӕрмӕстдӕр йӕ апостолты – Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны, стӕй чызгӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады. Уый фӕстӕ, чызг кӕм уыди, уырдӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Чызг, сыст!» Ӕмӕ чызг ӕцӕгдӕр сыстад ӕмӕ цӕуын райдыдта! Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад ма фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой! (Марчы 5:21–24, 35–43; Лукайы 8:40–42, 49–56).
Ныр-ма ахъуыды кӕн: кӕд Йесо уыцы чызджы райгас кодта, уӕд йӕ бон нӕ бауыдзӕн иннӕты дӕр райгас кӕнын? ~ Куыд хъуыды кӕныс, ӕцӕгдӕр сӕ райгас кӕндзӕн? ~ Куыннӕ. Йесо йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон мын фехъусдзысты мӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).
Куыд хъуыды кӕныс, Йесойы фӕнды адӕмы райгас кӕнын? ~ Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй-ма Библийы ӕркӕсӕм ӕндӕр хабармӕ дӕр. Уымӕй базондзыстӕм, адӕймагӕн исчи куы амӕлы, уӕд уый Йесойӕн дӕр зын кӕй вӕййы. Уыцы хабар ӕрцыд горӕт Наины цур.
Горӕтӕй рацӕйцыд мӕрддзыгой адӕм ӕмӕ рацӕйхастой иу сидзӕргӕс усы лӕппуйы. Уый размӕ йӕ лӕг амард, ныр та йӕ иунӕг хъӕбул. Куыд зын ын уыди! Наинӕй йӕ фӕдыл рацыд бирӕ адӕм. Мад йӕ кӕуынӕй не ’нцади, ӕмӕ йын никӕй бон уыди баххуыс кӕнын.
Уыцы рӕстӕг та Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕцӕйцыдысты Наинмӕ. Горӕтмӕ куы баввахс сты, уӕд ауыдтой мӕрддзыгой адӕмы. Йесо сылгоймаджы кӕугӕ куы федта, уӕд ын тынг фӕтӕригъӕд кодта. Йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст. Ӕмӕ Йесойы бафӕндыди уыцы сылгоймагӕн баххуыс кӕнын.
Уӕд ын Йесо фӕлмӕнӕй, фӕлӕ фидарӕй загъта: «Ма ку». Адӕм иууылдӕр Йесомӕ ныккастысты. Ӕмӕ мард лӕппумӕ куы бацыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, цымӕ цы аразынмӕ хъавы, зӕгъгӕ. Йесо мардӕн фидарӕй загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын: сыст!» Ӕмӕ лӕппу ӕцӕгдӕр рабадт ӕмӕ дзурын райдыдта! (Лукайы 7:11–17).
Ахъуыды-ма кӕн, йӕ мад куыд тынг цин кодтаид! Чи дын амард, уыдонӕй исчи куы райгас уаид, уӕд нӕ цин кӕнис? ~ Зӕгъ-ма, ацы хабар хорз не ’вдисы, Йесо адӕмы ӕцӕгдӕр кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын? ~ Мах дӕр куыд тынг цин кӕндзыстӕм, Хуыцау ног дунейы мӕрдты куы ӕгас кӕна, уӕд! (2 Петры 3:13; Раргомад 21:3, 4).
Йесо ацы сылгоймаджы иунӕг лӕппуйы кӕй райгас кодта, уый цӕуыл дзурӕг у?
Ног дунейы райгас уыдзысты, кӕй зыдтам, уыцы адӕм дӕр. Райгас уыдзысты нӕ зонгӕ сывӕллӕттӕ дӕр. Ӕмӕ мӕнӕ Иаир йӕ чызджы куыд базыдта, афтӕ-иу сӕ мах дӕр базондзыстӕм. Райгас ма уыдзысты, сӕдӕ азты ӕмӕ мин азты размӕ чи амард, уыдон дӕр. Кӕд тынг раджы цардысты, уӕддӕр сӕ Хуыцау нӕ ферох кодта.
Зӕгъ-ма, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти афтӕ тынг кӕй уарзынц, ууыл нӕ цин кӕныс? ~ Уыдоны фӕнды, цӕмӕй цӕрӕм цалдӕр азы нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм!
Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй-ма бакӕс Исайы 25:8; Хъуыддӕгты 24:15 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 15:20–22.