15 (35) зарӕг
Уарзты фӕндаг — ӕппӕты рӕсугъддӕр фӕндаг
1. Иагъ у уарзт, ӕмӕ нӕ хоны
Уарзты фӕндагыл цӕуын,
Адӕмы, Хуыцауы уарзын
Ӕмӕ афтӕмӕй цӕрын.
Кӕд ыстӕм уырнӕг ’мӕ зондджын,
Зонӕм пехуымпарты ’взаг,
Фӕлӕ махмӕ уарзт куы нӕ уа,
Нӕй нын уӕд ӕппындӕр аргъ.
2. О, кӕнӕм мах хъусын бирӕ,
’Фхӕрд фӕразӕм ӕмӕ маст,
Фӕлӕ, зӕгъ, уый нын цы ратдзӕн,
Кӕд нӕу зӕрдӕйы фӕнд раст?
Уарзт у хорз, фӕлмӕн, фӕразон,
Уый йӕхи нӕ дары ’взӕр,
Нӕу хӕлӕггӕнаг, сӕрбӕрзонд,
У уӕздан уый алкӕддӕр.
3. Уарзт нӕ зоны хыл, тӕргӕйттӕ,
Дард лӕууы фыддзинадӕй.
Цины хос ын у рӕстдзинад,
Стӕй йын, зон, фӕцудӕн нӕй.
Уарзт, уырнынад, ныфс, бӕгуыдӕр,
Сты нӕ лӕггады сӕйраг.
Фӕлӕ фӕндӕгтӕй рӕсугъддӕр
У уӕлвонг уарзты фӕндаг.