Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 1 сӕр
  • Хабӕрттӕ уӕларвӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хабӕрттӕ уӕларвӕй
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дыууӕ ахсджиаг хабары Хуыцауӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Елизаветӕйӕн райгуырд лӕппу
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йесойы йӕ райгуырды размӕ скадджын кодтой
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Зӕд фӕзынд Мариамӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 1 сӕр

1 сӕр

Хабӕрттӕ уӕларвӕй

БИБЛИ ӕнӕхъӕнӕй дӕр у, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ царды разамындӕн кӕй ратта, ахӕм хъусинаг уӕларвӕй. Фӕлӕ иу 2 000 азы размӕ «Хуыцауы раз лӕууӕг» зӕд Гавриил фехъусын кодта дыууӕ сӕрмагонд хабары. Ӕркӕсӕм уыцы дыууӕ ахсджиаг фембӕлдмӕ зӕххыл.

Н. э. агъоммӕ 3 аз. Иерусалиммӕ хӕстӕг Иудейы хӕхбӕсты цӕры Иегъовӕйы сауджын Захари. Йӕ ус Елисаветӕимӕ базӕронд сты, фӕлӕ сын зӕнӕг нӕй. Захари ис Иерусалимы Хуыцауы кувӕндоны сауджынты радон куысты. Ӕвиппайды йӕм будсудзӕн нывондхӕссӕны рахизырдыгӕй фӕзынд Гавриил.

Захари тынг фӕтарст. Фӕлӕ йӕ Гавриил сабыр кӕны ӕмӕ йын дзуры: «Ма тӕрс, Захари, уымӕн ӕмӕ фехъуыст дӕ куывд, ӕмӕ дӕ ус Елисаветӕ ныййардзӕн дӕуӕн фырт, ӕмӕ йыл ном сӕвӕрдзынӕ: Иоанн». Дарддӕр Гавриил ӕмбарын кӕны, Иоанн кӕй ‘уыдзӕн стыр Хуыцауы раз’ ӕмӕ кӕй бавдисдзӕн «Хицаумӕ цӕттӕ адӕм».

Фӕлӕ Захари ууыл не ’ууӕнды. Афтӕ йӕм кӕсы, Елисаветӕимӕ ма сын афтӕ зӕрондӕй сывӕллон райгуыра, уый гӕнӕн нӕй. Уымӕ гӕсгӕ йын Гавриил дзуры: «Ды уыдзынӕ ӕнӕдзургӕ ӕмӕ дӕ бон нӕ уыдзӕн дзурын уыцы бонмӕ, цалынмӕ уый сӕххӕст уа, уый тыххӕй, кӕй нӕ баууӕндыдтӕ мӕ ныхӕстыл».

Уыцы рӕстӕг кӕрты лӕууӕг адӕм дис кӕнынц, Захари афтӕ бирӕ рӕстӕг кувӕндоны цы аразы, ууыл. Ӕппынфӕстаг куы рацыд, уӕд йӕ бон дзурын нӕ уыд, ӕрмӕст къухӕй цыдӕртӕ амыдта, ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, уӕлӕрдзон цыдӕр кӕй федта.

Кувӕндоны йӕ куыст куы фӕци, уӕд Захари хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ цы фехъуыста, уый ӕцӕгдӕр ӕрцыд — Елисаветӕ басывӕрджын! Сывӕллонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Елисаветӕ фондз мӕйы хӕдзарӕй ӕддӕмӕ нӕ цӕуы, йӕхи ӕмбӕхсы адӕмӕй.

Фӕстӕдӕр Гавриил ногӕй фӕзынд. Кӕимӕ дзуры ныр та? Назареты цӕрӕг ӕвзонг, ӕнӕцыд чызг Мариаимӕ. Цавӕр хабар хъусын кӕны ацы хатт та? Байхъус! «Ды ссардтай хорз лӕвар Хуыцаумӕ,— дзуры Гавриил Мариайӕн.— Ӕмӕ мӕнӕ, сӕвзӕрдзӕн дӕ гуыбыны, ӕмӕ ныййардзынӕ Фырт, ӕмӕ Йыл ном сӕвӕрдзынӕ: Йесо». Дарддӕр Гавриил дзуры: «Уый уыдзӕн номдзыд ӕмӕ хуыйндзӕн Ӕппӕтбӕрзонды Фырт... ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн Иаковы хӕдзарыл мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахдзинадӕн нӕ уыдзӕн кӕрон».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Гавриилӕн уыцы хабӕрттӕ фехъусын кӕнын стыр кад уыд. Иоанн ӕмӕ Йесойы тыххӕй фылдӕр куы бакӕсӕм, уӕд ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, цӕмӕн афтӕ ахсджиаг сты ацы уӕларвон хабӕрттӕ. 2 Тимофеймӕ 3:16; Лукайы 1:5—33.

▪ Цавӕр дыууӕ хабары фехъусынчындӕуыд уӕларвӕй?

▪ Чи хъусын кӕны уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ кӕмӕн?

▪ Цӕмӕн афтӕ зын у уыцы хабӕрттыл баууӕндын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын