Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 1 сӕр, 10 ф.–11 ф., 8 абз.
  • Дыууӕ ахсджиаг хабары Хуыцауӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дыууӕ ахсджиаг хабары Хуыцауӕй
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хабӕрттӕ уӕларвӕй
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Елизаветӕйӕн райгуырд лӕппу
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Райгуырд, фӕндаг чи ӕрцӕттӕ кодта, уый
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Зӕд фӕзынд Мариамӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 1 сӕр, 10 ф.–11 ф., 8 абз.
Гавриил фӕзынд Захаримӕ; Елизаветӕ басывӕрджын

1 СӔР

Дыууӕ ахсджиаг хабары Хуыцауӕй

ЛУКАЙЫ 1:5–33

  • ЗӔД ГАВРИИЛ РАГАЦАУ ФЕХЪУСЫН КОДТА АРГЪАУӔГ ИОАННЫ РАЙГУЫРДЫ ТЫХХӔЙ

  • ГАВРИИЛ МАРИЙӔЙӔН ЗАГЪТА ЙЕСОЙЫ РАЙГУЫРДЫ ТЫХХӔЙ

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауӕй ӕрвыст хабар. Уыцы чиныгӕй нӕ бон базонын у, нӕ уӕларвон Фыд нын цы зӕгъинаг у, уый. Цӕй ӕмӕ базонӕм, иу-2 000 азы размӕ цы дыууӕ ахсджиаг хабары фехъусын кодта. Хъусын та сӕ фӕкодта, «Хуыцауы раз» чи лӕууы, уыцы зӕд Гавриилы уылты (Лукайы 1:19). Зӕд уыцы ахсджиаг хабӕрттӕ кӕд, кӕм ӕмӕ кӕмӕн фехъусын кодта?

Уый уыди н. э. размӕ 3 азмӕ ’ввахс. Гавриил фыццаг хабар кӕм фехъусын кодта? Иудейӕйы хӕхбӕсты, ӕвӕццӕгӕн, Иерусалиммӕ хӕстӕг цард Йегъовӕйы сауджын Захари. Захарийӕн уыди бинойнаг, Елизаветӕ. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ацӕргӕ ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг, сауджынты фӕткмӕ гӕсгӕ, Захарийӕн уыд йӕ рад Иерусалимы Хуыцауы кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн. Гъемӕ, кувӕндоны куы уыд, уӕд будсудзӕн нывондхӕссӕны фарсмӕ ӕвиппайды йӕ разы февзӕрд зӕд Гавриил.

Захари тынг фӕтарст. Фӕлӕ йӕ зӕд ӕрсабыр кодта: «Ма тӕрс, Захари, Хуыцау дын дӕ куывд фехъуыста. Дӕ бинойнаг Елизаветӕ дын ныййардзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Иоанн». Стӕй ма йын загъта, зӕгъгӕ, Иоанн «кадджын уыдзӕни Йегъовӕйы цӕсты» ӕмӕ «Йегъовӕйы раз цӕттӕ адӕм ӕрлӕууын кӕндзӕн» (Лукайы 1:13–17).

Захари къухӕй ӕмбарын кӕны, цы зӕгъын ӕй фӕнды, уый

Захарийы уыцы ныхӕстӕ нӕ бауырныдтой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Елизаветӕ дӕр ацӕргӕ уыдысты. Уӕд ын Гавриил загъта: «Цалынмӕ ацы хъуыддаг не ’рцӕуа, уӕдмӕ уыдзынӕ ӕгомыг, дӕ бон дзурын нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндыдтӕ» (Лукайы 1:20).

Уыцы рӕстӕг ӕддейӕ цы адӕм лӕууыд, уыдон та дис кодтой, Захари кувӕндонӕй куыд ӕрӕгмӕ цӕуы, зӕгъгӕ. Стӕй кӕддӕр рацыд, фӕлӕ йӕ бон дзурын нӕ уыди. Ӕрмӕст къухӕй ӕмбарын кодта, цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уый. Ӕмӕ уӕд адӕм бамбӕрстой, кувӕндоны цыдӕр диссаг кӕй федта.

Захарийӕн кувӕндоны йӕ лӕггады бонтӕ куы фесты, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Цасдӕры фӕстӕ Елизаветӕ басывӕрджын! Фондз мӕйы дӕргъы, цалынмӕ сывӕллон нӕ райгуырди, уӕдмӕ, Елизаветӕ адӕммӕ йӕхи нӕ равдыста.

Гавриил фӕзынд Марийӕмӕ

Уыцы рӕстӕг Гавриил фӕзынд дыккаг хатт. Ацы хатт та кӕмӕ? Ӕрыгон ӕнӕцыд чызгмӕ, йӕ ном Марийӕ. Марийӕ цард Иерусалимӕй цӕгатырдӕм, Галилейӕйы горӕт Назареты. Цымӕ зӕд уымӕн та цы загъта? Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ды ссардтай Хуыцауы хорзӕх». Дарддӕр Гавриил Марийӕйӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Йесо». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уый уыдзӕн номдзыд адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт... ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:30–33).

Уыцы дыууӕ хабары фехъусын кӕнын Гавриилӕн стыр кад куыннӕ уыди! Дарддӕр Иоанны ӕмӕ Йесойы царды хабӕрттӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд ӕй фендзыстӕм, уыцы дыууӕ хабары афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты.

  • Хуыцауӕй дыууӕ ахсджиаг хабары чи фехъусын кодта?

  • Уыцы дыууӕ хабары кӕмӕн фехъусын кодта?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы хабӕрттыл баууӕндын зын цӕмӕн уыд?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын