Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 68 сӕр, 162 ф.–163 ф., 1 абз.
  • Елизаветӕйӕн райгуырд лӕппу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Елизаветӕйӕн райгуырд лӕппу
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Райгуырд, фӕндаг чи ӕрцӕттӕ кодта, уый
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Дыууӕ ахсджиаг хабары Хуыцауӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Фӕндаг ӕрцӕттӕгӕнӕджы райгуырд
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Хабӕрттӕ уӕларвӕй
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 68 сӕр, 162 ф.–163 ф., 1 абз.
Захари йӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн фӕхабар кодта, йӕ фырты ном кӕй уыдзӕн Иоанн

68 СӔРГОНД

Елизаветӕйӕн лӕппу райгуырд

Иерусалимы къултӕ арӕзт куы фесты, уымӕй 400 азӕй фылдӕр куы рацыд, уыцы рӕстӕг Иерусалиммӕ хӕстӕг цардысты сауджын Захари ӕмӕ йӕ ус Елизаветӕ. Иумӕ бирӕ фӕцардысты, фӕлӕ сын сывӕллӕттӕ нӕ уыди. Иухатт Захари кувӕндоны Хуыцауӕн нывонд куы хаста, уӕд ӕм фӕзынд зӕд Гавриил. Захари тынг фӕтарст, фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дын Йегъовӕйӕ хорз хабар ӕрбахастон. Дӕ ус Елизаветӕйӕн райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Иоанн. Йегъовӕ Иоаннӕн бахӕс кӕндзӕн ахсджиаг хъуыддаг». Уӕд ӕй Захари бафарста: «Фырт мын кӕй райгуырдзӕн, уый мӕ куыд хъуамӕ бауырна? Зӕронд куы дӕн. Уӕдӕ мӕ бинойнаг дӕр ӕрыгон нал у». Гавриил ын загъта: «Мӕн дӕумӕ Хуыцау ӕрбарвыста. Фӕлӕ мыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй дӕ бон дзурын нал уыдзӕн, цалынмӕ уын сывӕллон нӕ райгуыра, уӕдмӕ».

Захари кувӕндонӕй ӕрӕгмӕ цыд, адӕм та йӕм ӕддейӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. Ӕмӕ кӕддӕр-кӕддӕр куы рацыд, уӕд сӕ базонын фӕндыд, уым ыл цы ’рцыд, уый. Фӕлӕ Захарийӕн йӕ бон дзурын нӕ уыд, ӕмӕ сын къухӕй цыдӕртӕ амыдта. Уӕд адӕм бамбӕрстой, кувӕндоны цыдӕр диссаг кӕй федта.

Цасдӕры фӕстӕ Елизаветӕ басывӕрджын, ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, зӕд куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕм йӕ хиуӕттӕ цыдысты, цӕмӕй сывӕллоны федтаиккой, ӕмӕ йыл иууылдӕр тынг цин кодтой. Елизаветӕ загъта: «Йӕ ном уыдзӕн Иоанн». Адӕм та йын загътой: «Уӕ бинонтӕй ахӕм ном куы никӕмӕн ис. Фӕлтау ыл йӕ фыд Захарийы ном сӕвӕрут». Фӕлӕ сын Захари гыццыл фӕйнӕгыл ныффыста: «Йӕ ном у Иоанн». Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг Захари сдзырдта! Сывӕллоны хабар айхъуыст ӕнӕхъӕн Иудейӕйы, ӕмӕ адӕм хъуыдытӕ кодтой: «Цымӕ ацы сывӕллон куы сыстыр уа, уӕд чи уыдзӕн?»

Стӕй Захарийыл сыгъдӕг тых ӕрцыд, ӕмӕ ахӕм пехуымпар-ныхас загъта: «Табу Йегъовӕйӕн! Уый Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй рарвитдзӕн Мессийӕйы, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна. Иоанн уыдзӕн пехуымпар, цӕмӕй Мессийӕйӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕна».

Иу диссаджы хабар ма ӕрцыд Елизӕветӕйы хӕстӕг Марийӕйыл дӕр. Уый тыххӕй та базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.

«Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Матфейы 19:26)

Фарстатӕ. Гавриил Захарийӕн цы загъта? Иоанн цавӕр ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ бакодтаид?

Матфейы 11:7–14; Лукайы 1:5–25, 57–79; Исай 40:3; Малахи 3:1

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын