6 сӕр
Зӕрдӕвӕрд сывӕллон
НАЗАРЕТМӔ раздӕхыны бӕсты Иосиф ӕмӕ Мариа баззадысты Вифлеемы. Ӕмӕ Йесойыл аст боны куы сӕххӕст, уӕд ын, Моисейы уылты лӕвӕрд Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ, сунӕт скодтой. Ӕвӕццӕгӕн, ноггуырдыл ӕстӕм бон ном ӕвӕрын дӕр ӕгъдау уыд. Уыдон ӕххӕст кӕнынц зӕд Гавриилы ныхӕстӕ ӕмӕ ноггуырдыл ӕвӕрынц ном Йесо.
Рацыд иу мӕйӕ фылдӕр, ныр Йесойыл цӕуы 40 боны. Кӕдӕм ӕй хӕссынц ныр йӕ ныййарджытӕ? Иерусалимы кувӕндонмӕ, кӕцы сӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕр километры дӕрддзӕджы ис. Моисейы уылты лӕвӕрд Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ, лӕппуйы райгуырдӕй 40 боны фӕстӕ мад хъуамӕ кувӕндоны сыгъдӕггӕнӕн нывонд ӕрхӕсса.
Раст афтӕ аразы Мариа. Нывондӕн ӕрхаста дыууӕ гыццыл маргъы. Уымӕй бӕрӕг у, Иосиф ӕмӕ Мариа мӕгуыр адӕм кӕй сты. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ нывондӕн ӕрхӕссын ӕмбӕлы уӕрыкк, кӕцы бирӕ зынаргъдӕр у уыцы мӕргътӕй. Фӕлӕ кӕд мадӕн йӕ бон уыйбӕрц нӕу, уӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны дӕр фаг сты.
Кувӕндоны зӕронд лӕг Симеон Йесойы йӕ къухтӕм райста. Хуыцау ын рагагъоммӕ загъта, цалынмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрд Чырысти кӕнӕ Мессиайы фена, уӕдмӕ кӕй нӕ амӕлдзӕн. Симеон уыцы бон кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд ӕй сыгъдӕг уд комкоммӕ бакодта, Иосиф ӕмӕ Мариа кӕй ӕрбахастой, уыцы сывӕллонмӕ.
Йесойы йӕ къухты даргӕйӕ, Симеон арфӕ кӕны Хуыцауӕн ӕмӕ дзуры: «Ныр уадзыс Дӕ цагъары, Бардарӕг, Дӕ дзырдмӕ гӕсгӕ, фарнимӕ; уымӕн ӕмӕ федтой мӕ цӕстытӕ Дӕ ирвӕзындзинад, кӕцы Ды ӕрцӕттӕ кодтай ӕппӕт адӕмты цӕсгомы раз, рухс муртатты срухс кӕнынӕн, ӕмӕ Дӕ адӕм Израилы кадӕн».
Уыцы ныхӕстӕ хъусгӕйӕ Иосиф ӕмӕ Мариа дис кӕнынц. Стӕй сын Симеон арфӕ кӕны ӕмӕ Мариайӕн зӕгъы, йӕ фырт кӕй «хуыссы ахауынӕн ӕмӕ бирӕты сыстынӕн Израилы», ӕмӕ йӕхицӕн та хъыгдзинад цыргъагау йӕ уды кӕй ахиздзӕн.
Уыцы рӕстӕджы ма уым ис 84-аздзыд ус-пехуымпар Аннӕ. О, уый иудадзыг вӕййы кувӕндоны. Мӕнӕ ӕрбахӕстӕг, арфӕ кӕны Хуыцауӕн ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕй алкӕмӕндӕр дзуры Йесойы тыххӕй.
Кувӕндоны цы цаутӕ ӕрцыд, уый фенгӕйӕ, куыд амондджын сты Иосиф ӕмӕ Мариа! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, се ’ппӕтдӕр бамбӕрстой, саби Хуыцауы Зӕрдӕвӕрд сывӕллон кӕй у, уый. Лукайы 2:21—38; Левит 12:1—8.
▪ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу Израилы лӕппуйыл ном кӕд ӕвӕрдтой?
▪ Цы саразын хъуыд израилаг мады йӕ лӕппуйы райгуырдӕй 40 боны фӕстӕ ӕмӕ, Мариа уыцы домӕн куыд ӕххӕст кӕны, уый йын куыд ӕвдисы йӕ мӕгуыр уавӕр?
▪ Уыцы рӕстӕджы чи базыдта Йесойы ӕмӕ йӕ куыд равдыстой?