29 сӕр
Хорз хъуыддӕгтӕ аразын сабаты
НӔ ЭРӔЙЫ 31 аз. Уалдзӕг. Йесо, Иудейы бӕстӕй Галилеймӕ цӕугӕйӕ, Самарийы цъайы цур сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕдӕй рацыд цалдӕр мӕйы.
Йесо йӕ ахуырад ӕппӕт Галилейы апарахат кодта, фӕстӕмӕ Иудейӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ ныр ам ӕмбырдгӕнӕнты ахуыр кӕны адӕмы. Йесо Галилейы цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон Библийы куыд бӕстон ӕвдыст цӕуынц, уыимӕ абаргӕйӕ, хӕрз гыццыл дзырдӕуы ацы бацыдӕн ӕмӕ ивгъуыд аз Куадзӕны фӕстӕ Иудейы цы арӕзта, уый тыххӕй. Бӕрӕг у, йӕ лӕггадзинадмӕ Галилейы куыд хорз ахаст уыд, Иудейы афтӕ кӕй нӕу.
Уый фӕстӕ Йесо ацыд Иудейы сӕйраг сахар Иерусалиммӕ н. э. 31 азы Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. Уым Фысты кулдуармӕ хӕстӕг уыд найӕн Вифездӕ ӕмӕ-иу уырдӕм ӕрбацыдысты бирӕ рынчынтӕ, куырмытӕ ӕмӕ уӕнгмӕрдтӕ. Уыдон ӕууӕндыдысты, дон куы базмӕнта, уӕд дзы чи ныххиза, уый кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн.
Сабаты Йесо найӕны раз федта, 38 азы дӕргъы рынчын чи у, ахӕм адӕймаджы. Йесо зоны, афтӕ бирӕ рӕстӕг кӕй тыхсы йӕ низӕй ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Фӕнды дӕ ӕнӕниз уӕвын?»
Уый дзуапп дӕтты Йесойӕн: «Афтӕ, Хицау, фӕлӕ дон куы сызмӕнты, уӕд мӕ найӕнмӕ чи ауадза, ахӕм адӕймаг мын нӕй; ӕз цалынмӕ ӕрцӕуын, уӕдмӕ мӕ разӕй ӕндӕр ныххизы».
Уӕд ын Йесо зӕгъы: «Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу». Ӕмӕ уыцы тӕккӕ сӕнӕниз, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ ацыд.
Фӕлӕ уыцы адӕймаджы фенгӕйӕ, иудейтӕ дзурынц: «Абон сабат у; нӕ дын ӕмбӕлы дӕ хуыссӕн исын».
Уый сын дзуапп дӕтты: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый загъта мӕнӕн: сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу».
«Чи у Уыцы Адӕймаг, Кӕцы загъта дӕуӕн: „сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“?»,— фӕрсынц ӕй уыдон. Йесо Адӕмы ’хсӕн кӕй нал зынд, уымӕ гӕсгӕ нӕ зоны, чи йӕ сдзӕбӕх кодта, уый Йесо кӕй хуыйны. Фӕстӕдӕр Йесо ӕмӕ уыцы адӕймаг ногӕй сӕмбӕлдысты кувӕндоны, ӕмӕ уӕд базыдта, чи йӕ сдзӕбӕх кодта.
Ныр уыцы адӕймаг агуры, чи йӕ фарста, уыцы иудейты, цӕмӕй сын зӕгъа, Йесо йӕ кӕй сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ иудейтӕ бацыдысты Йесомӕ. Цӕмӕн? Цӕмӕй, ахӕм диссӕгтӕ аразын йӕ бон куыд у, уый базоной? Нӕ. Цӕмӕй сабаты ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, уый тыххӕй йӕм фау ӕрхӕссой. Суанг ма йӕ фӕдыл зилын дӕр райдыдтой. Лукайы 4:44; Иоанны 5:1—16.
▪ Йесо фӕстаг хатт Иудейы куы уыд, уӕдӕй цас рӕстӕг рацыд?
▪ Вифездӕйы найӕн афтӕ зындгонд цӕмӕн уыд?
▪ Йесо найӕны цур цавӕр диссаг сарӕзта ӕмӕ уый тыххӕй иудейтӕ цы дзурынц?