Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 29 сӕр, 72 ф.–73 ф., 8 абз.
  • Сабаты хорз хъуыддӕгтӕ аразӕн ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сабаты хорз хъуыддӕгтӕ аразӕн ис?
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хорз хъуыддӕгтӕ аразын сабаты
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Уый адӕмы уарзта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Йесо дзӕбӕх кӕны рынчынты
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • «Нӕма ӕрцыд Йӕ сахат»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 29 сӕр, 72 ф.–73 ф., 8 абз.
Вифездӕйы найӕны раз Йесо ныхас кӕны рынчын лӕгимӕ

29 СӔР

Сабаты хорз хъуыддӕгтӕ аразӕн ис?

ИОАННЫ 5:1–16

  • ЙЕСО ХЪУСЫН КӔНЫ ИУДЕЙӔЙЫ

  • НАЙӔН БЫНАТЫ РЫНЧЫНЫ СДЗӔБӔХ КОДТА

Йесо Галилейӕйы куы хъусын кодта, уӕд ын бирӕ бантыст. Фӕлӕ афтӕ куы загъта, «иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын», зӕгъгӕ, уӕд ӕрмӕст Галилейӕйы кой нӕ кодта. Уымӕ гӕсгӕ ацыд ӕмӕ «Иудейӕйы ӕмбырдгӕнӕнты хорз хабар хъусын кодта» (Лукайы 4:43, 44). Иудейӕмӕ растдӕр уыцы рӕстӕг цӕмӕн ӕрцыд, уый дӕр ӕмбарӕм. Уыди н. э. 31 азы уалдзӕг, ӕмӕ, Иерусалимы кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы бӕрӕгбонмӕ бирӕ нал хъуыди.

Йесо Галилейӕйы куыд хъусын кодта, уый тыххӕй Евангелиты бирӕ цыдӕртӕ ис фыст, фӕлӕ, Иудейӕйы куыд хъусын кодта, уый тыххӕй дзы уыйбӕрц ницы фыст ис. Ӕмӕ кӕд Иудейӕйы адӕмӕн сӕ фылдӕр Йесомӕ уазал цӕстӕй кастысты, уӕддӕр, кӕмфӕнды ма уыдаид, алкӕмдӕр зӕрдиагӕй хъусын кодта ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта.

Цасдӕры фӕстӕ Йесо араст Иудейӕйы сӕйраг горӕтмӕ, Иерусалиммӕ, Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. Уым Фысты кулдуары раз уыди, йӕ алыварс цӕджындзтӕ кӕмӕн уыд, ахӕм стыр ӕмбӕрзтсӕр найӕн бынат, Вифездӕ, зӕгъгӕ. Уыцы найӕны-иу уыйбӕрц рынчынтӕ, куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ уыди, ӕмӕ-иу дзы фезмӕлӕнтӕ нӕ уыд. Фӕлӕ-иу уырдӕм цӕмӕн ӕрбацыдысты? Адӕм дзырдтой, дон, дам, куыддӕр сфӕйлауы, афтӕ, дам, дзы чи ныххиза, уый сдзӕбӕх уыдзӕн.

Уыди сабатбон. Йесо найӕны раз федта, 38 азы дӕргъы рынчын чи уыд, иу ахӕм лӕджы ӕмӕ йӕ бафарста: «Фӕнды дӕ, цӕмӕй сдзӕбӕх уай?» Лӕг ын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, ничи мын ис, дон фӕйлауын куы райдайы, уӕд мӕ уырдӕм чи ныххизын кӕна, ахӕм. Ӕмӕ цалынмӕ ӕз уырдӕм фӕхизын, уӕдмӕ дзы мӕ разӕй ӕндӕр исчи ныххизы» (Иоанны 5:6, 7).

Ӕмӕ йын уӕд Йесо цы загъта: «Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу» (Иоанны 5:8). Уый лӕгӕн йӕхимӕ дӕр ӕмӕ ма йӕ чи фехъуыста, уыдонмӕ дӕр диссаг куыннӕ фӕкастаид. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, лӕг уайтагъд адзӕбӕх, йӕ хуыссӕн систа ӕмӕ цӕуын райдыдта!

Дзуттӕгтӕ ныхас кӕнынц, Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы лӕгимӕ

Дзуттӕгтӕ уыцы диссаг фенгӕйӕ цин нӕ бакодтой, фӕлӕ смӕсты сты ӕмӕ лӕгӕн загътой: «Абон сабат у, ӕмӕ дын закъонмӕ гӕсгӕ дӕ хуыссӕн хӕссӕн нӕй». Фӕлӕ сын нӕлгоймаг загъта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, уый мын афтӕ загъта, сис, дам, дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу» (Иоанны 5:10, 11). Уыцы дзуттӕгтӕм раст нӕ фӕкаст, чидӕр сабатбон адӕймаджы кӕй сдзӕбӕх кодта ӕмӕ йын афтӕ кӕй загъта, дӕ хуыссӕн сис ӕмӕ цӕугӕ кӕн, зӕгъгӕ.

Ӕмӕ, чи сдзӕбӕх, уыцы лӕджы бафарстой: «Афтӕ дын чи загъта, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаг чи у?» Цӕмӕн ӕй бафарстой афтӕ? Уымӕн ӕмӕ Йесо «йӕхи уырдыгӕй айста», ӕмӕ йын уыцы лӕг та йӕ ном нӕ зыдта (Иоанны 5:12, 13). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йесойы ногӕй федта, ацы хатт – кувӕндоны. Ӕмӕ уӕд базыдта, найӕн бынаты йӕ чи сдзӕбӕх кодта, уый чи уыди.

Гъемӕ лӕг ацыд, чи йӕ фарста, уыцы дзуттӕгты ссардта ӕмӕ сын загъта, чи йӕ сдзӕбӕх кодта, уый Йесо кӕй уыди. Ӕмӕ уӕд дзуттӕгтӕ Йесомӕ ацыдысты. Фӕлӕ цӕмӕн? Ахӕм диссӕгтӕ цӕй фӕрцы арӕзта, уый базонын сӕ фӕндыд, мыййаг? Ахӕм хъуыды сӕ сӕрмӕ цӕугӕ дӕр не ’ркодта. Хъуамӕ йӕ фӕаххосджын кодтаиккой, сабатбон хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй. Ӕмӕ ма йӕ фӕдыл зилын дӕр райдыдтой!

  • Йесо Иудейӕмӕ цӕмӕн ацыд ӕмӕ уым дӕр цы арӕзта?

  • Вифездӕ кӕй хуыдтой, уыцы найӕн бынатмӕ уыйбӕрц адӕм цӕмӕн цыд?

  • Найӕн бынаты Йесо цавӕр диссаг сарӕзта? Уыцы хабармӕ дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ цы цӕстӕй ракастысты?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын