38 сӕр
Иоаннмӕ фаг уырнындзинад нӕ уыд?
ИОАНН иу афӕдз ис ахӕстоны, ӕмӕ йын уырдӕм фехъусын кодтой, Наинаг идӕдз усы фырт кӕй райгас. Иоанны фӕнды уый тыххӕй Йесойӕн йӕхи хъуыды базонын, ӕмӕ йӕм уый фӕдыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста, цӕмӕй йӕ бафӕрсой: «Ды Дӕ Уый, ӕрцӕуын Кӕуыл ӕмбӕлы, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»
Уыцы фарст уӕлдай диссаг у, уымӕн ӕмӕ Иоанн дыууӕ азы размӕ Йесойӕн аргъуыд куы ратта, уӕд йӕхӕдӕг федта, Хуыцауы сыгъдӕг уд Йесойыл куыд ӕрцыд ӕмӕ Йесойӕ разыдзинады нысанӕн Хуыцауы хъӕлӕс куыд ӕрыхъуыст. Иоанн ахӕм фарст кӕй ратта, уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ йӕ уырнындзинад фӕцудыдта. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Иоанн дызӕрдыг кӕнын куы райдыдтаид, уӕд дзы Йесо не ’ппӕлыдаид. Уӕдӕ цӕмӕн сӕвзӕрд Иоаннмӕ ахӕм фарст?
Чи зоны, Иоанны фӕнды, цӕмӕй йын Йесо йӕхӕдӕг зӕгъа, Мессиа кӕй у, уый тыххӕй. Уый тынг бафидар кӕнид ахӕстоны бадӕг, ӕфхӕрд Иоанны. Фӕлӕ бӕрӕг у, Иоанны фарсты ноджы арфдӕр хъуыды кӕй ис. Ӕвӕццӕгӕн уый базонын фӕнды, Йесойы фӕстӕ ма, Мессиайӕн цы хъуыддӕгтӕ ӕмбӕлы саразын, уыдон иуылдӕр чи сӕххӕст кӕндзӕн, ахӕм исчи ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ.
Иоанн Библийы пехуымпарӕдтӕй зоны, Хуыцауы Сӕрст паддзах ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕй хъуамӕ уа. Ныр Йесойы аргъуыдӕй бирӕ мӕйтӕ аивгъуыдта, фӕлӕ Иоанн нырма дӕр ахӕстоны бады. Ӕвӕццӕгӕн ӕй уый тыххӕй фӕнды Йесойӕ базонын: „Ды Дӕ Уый, Кӕцы хъуамӕ Хуыцауы Паддзахад йӕ уынгӕ тыхимӕ ӕрӕвӕра, ӕви ма ӕндӕр фӕдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕцы сӕххӕст кӕндзӕн Мессиайы кады пехуымпарӕдтӕ иуылдӕр?“
Йесо Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕн комкоммӕ нӕ загъта: „Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрцӕуын Кӕуыл ӕмбӕлы, уый Ӕз дӕн“. Фӕлӕ бирӕ адӕмы алыхуызон низтӕ ӕмӕ ӕдыхдзинӕдтӕй сдзӕбӕхгӕнгӕйӕ, уыцы тӕккӕ ратта диссаджы нысан. Ӕмӕ уый фӕстӕ дзуры Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ацӕут, зӕгъут Иоаннӕн, сымах цы федтат ӕмӕ фехъуыстат: куырмытӕ уынынц, къуылыхтӕ цӕуынц, хъотырджынтӕ сыгъдӕг кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, ӕмӕ мӕгуыргуртӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнынц».
Иудзырдӕй, Иоанны фарст нысан кӕны, уый кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йесо нырмӕ цы сарӕзта, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзӕн ӕмӕ ма Иоаннӕн йӕхи ссӕрибар кӕндзӕн. Фӕлӕ Йесо дзуры, Иоанн уыцы диссӕгтӕй фылдӕрмӕ кӕй ма хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса.
Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ куы ацыдысты, уӕд Йесо адӕмӕн бамбарын кодта, Иоанн ӕрмӕст Малахийы 3:1 рагзагъд Иегъовӕйы Зӕд [«уацхӕссӕг», НД] кӕй нӕу, фӕлӕ ма Малахийы 4:5, 6 рагзагъд пехуымпар Илиа дӕр. Афтӕмӕй уый скад кодта Иоаннӕн ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта, йӕ размӕ цы пехуымпартӕ цард, уыдон ӕмрӕнхъ. Дарддӕр Йесо дзуры: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: усӕй гуырдтытӕй нӕ уыд стырдӕр Аргъауӕг Иоаннӕй; фӕлӕ Уӕларвон Паддзахады къаддӕр чи у, уый стырдӕр у уымӕй. Аргъауӕг Иоанны бонтӕй нырмӕ Уӕларвон Паддзахад тыхӕй исгӕ у».
Йесо бамбарын кодта, Иоанн Уӕларвон Паддзахады кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ, уым къаддӕр чи у, уый дӕр Иоаннӕй стырдӕр у. Иоанн Йесойӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодта, фӕлӕ уый амард, Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕ Паддзахады йемӕ паддзахиуӕг кӕныны тыххӕй цӕдис кӕнӕ бадзырд куы сарӕзта, уый размӕ. Гъе уый тыххӕй загъта Йесо, зӕгъгӕ, Иоанн Уӕларвон Паддзахады нӕ уыдзӕн. Уый бӕсты Иоанн уыдзӕн Хуыцауы Паддзахады зӕххон ӕмбӕстаг. Лукайы 7:18—30; Матфейы 11:2—15.
▪ Цӕмӕн бафарста Иоанн, зӕгъгӕ, Йесо чи хъуамӕ ӕрцӕуа, уый у ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы?
▪ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ Иоанн цавӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта?
▪ Аргъауӕг Иоанн Йесоимӕ уӕларвыл цӕуылнӕ уыдзӕн?