Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 18 сӕр, 46 ф.–47 ф., 6 абз.
  • Йесо уӕлдӕр кӕны, Иоанн та – дӕлдӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо уӕлдӕр кӕны, Иоанн та – дӕлдӕр
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо рӕзы, Иоанн та ныллӕг кӕны
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты Йесомӕ ӕрбарвыста
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Аргъауӕг Иоанн – йӕ циндзинад не ’рмынӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Иоаннмӕ фаг уырнындзинад нӕ уыд?
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 18 сӕр, 46 ф.–47 ф., 6 абз.
Арагъауӕг Иоанн ныхас кӕны йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ

18 СӔР

Йесо уӕлдӕр кӕны, Иоанн та – дӕлдӕр

МАТФЕЙЫ 4:12 МАРЧЫ 6:17–20 ЛУКАЙЫ 3:19, 20 ИОАННЫ 3:22–4:3

  • ЙЕСОЙЫ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ДОНАРГЪУЫД ДӔТТЫНЦ

  • АРГЪАУӔГ ИОАННЫ АХӔСТОНЫ БАКОДТОЙ

Нӕ эрӕйы 30 азы уалдзӕджы, Куадзӕны фӕстӕ, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимӕй ацыдысты. Фӕлӕ комкоммӕ Галилейӕмӕ нӕ аздӕхтысты. Иудейӕйы бӕстӕйыл уал зылдысты ӕмӕ уым бирӕтӕн донаргъуыд лӕвӕрдтой. Иу азы бӕрц Аргъауӕг Иоанн дӕр ахӕм куыст кодта, ӕвӕццӕгӕн, Иорданы дӕлвӕзы. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ нырма йемӕ уыдысты.

Йесо йӕхӕдӕг донаргъуыд никӕмӕн лӕвӕрдта. Йӕ разамындӕй уыцы хъуыддаг арӕзтой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Уӕды онг Йесо дӕр ӕмӕ Иоанн дӕр ахуыр кодтой, Хуыцауы Закъоны ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, уыдоныл чи ’рфӕсмон кодта, уыцы дзуттӕгты (Хъуыддӕгтӕ 19:4).

Адӕмӕй бирӕтӕ Йесомӕ кӕй цыдысты, уый Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕм хардзау ӕркаст, ӕмӕ Иоаннӕн хъаст кодтой: «Иорданы фаллаг фарс демӕ чи уыди... уыцы адӕймаг [ома Йесо] донаргъуыд дӕтты, ӕмӕ адӕм иууылдӕр уымӕ цӕуынц» (Иоанны 3:26). Фӕлӕ Иоанн Йесомӕ ӕппындӕр нӕ хӕлӕг кодта. Йесойӕн йӕ хъуыддаг афтӕ хорз кӕй цыди, ууыл ма цин дӕр кодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр цин кодтаиккой. Иоанн сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Уӕхӕдӕг мын ӕвдисӕн, афтӕ кӕй дзырдтон, зӕгъгӕ, ӕз Чырысти нӕ дӕн, фӕлӕ йӕ разӕй ӕрвыст дӕн». Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хабар се ’ппӕт дӕр бамбӕрстаиккой, уый тыххӕй сын ахӕм цӕвиттон ӕрхаста: «Усаг кӕмӕн ис, уый у усгур. Усгурӕн йе ’мбал та фӕлӕууы, ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс куы фехъусы, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Афтӕ мӕ цинӕн дӕр кӕрон нӕй» (Иоанны 3:28, 29).

Усгурӕн йе ’мбал куыд фӕцин кӕны, афтӕ Иоанн дӕр цин кодта, цалдӕр мӕйы размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Йесойы куы бацамыдта, уӕд. Уыдонӕй чидӕртӕ Йесойы фӕдыл цӕуын райдыдтой, ӕмӕ фӕстӕдӕр хъуамӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккой. Иоанны фӕндыд, цӕмӕй ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йемӕ чи уыд, уыдон дӕр Йесойы фӕдыл ацыдаиккой. Йӕ лӕггады нысан дӕр уый уыди, ӕмӕ хъуамӕ Чырыстийӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодтаид. Иоанн бамбарын кодта: «Чырысти хъуамӕ уӕлдӕр кӕна, ӕз та – дӕлдӕр» (Иоанны 3:30).

Уымӕй раздӕр Йесойы фӕдылдзӕуӕг сси ӕндӕр Иоанн. Ӕмӕ уыцы Иоанн, Йесо кӕцӕй ӕрцыд, уый тыххӕй, стӕй, адӕмы ирвӕзындзинад Йесоимӕ баст кӕй у, уый тыххӕй фӕстӕдӕр загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕлейӕ чи ’рцыд, уый у се ’ппӕтӕй уӕлдӕр. [...] Фыд уарзы йӕ Фырты, ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ радта. Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн, фӕлӕ йӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн» (Иоанны 3:31, 35, 36). Ацы ахсджиаг хабар адӕм ӕнӕмӕнг хъуамӕ зоной!

Аргъауӕг Иоанны ахӕстоны ныппӕрстой

Аргъауӕг Иоанн йӕхицӕй афтӕ куы загъта, ӕз хъуамӕ дӕлдӕр кӕнон, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ гыццыл фӕстӕдӕр паддзах Ирод ӕрцахста. Цымӕ хабар куыд рауад? Ирод йе ’фсымӕр Филиппы (фыдӕй иу уыдысты, мадӕй – хицӕн) ус Иродиадӕйы байста ӕмӕ дзы йӕхицӕн ус скодта. Иоанн ын комкоммӕ загъта, ӕнӕгъдау ми кӕй бакодта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Ирод ахӕстоны ныппӕрста. Иоанны кӕй ӕрцахстой, уый Йесо куы фехъуыста, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Иудейӕйӕ ацыд ӕмӕ «йӕхи айста Галилейӕмӕ» (Матфейы 4:12; Марчы 1:14).

  • Цы уыди йӕ нысан, Иоанн цы аргъуыд лӕвӕрдта, уымӕн? Йесо цалынмӕ мӕрдтӕй нӕ райгас, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ разамындӕй цы аргъуыд лӕвӕрдтой, уымӕн та?

  • Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд бамбарын кодта, Йесомӕ хӕлӕг кӕй хъуамӕ ма кӕной?

  • Иоанны ахӕстоны цӕмӕн бакодтой?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын