38 СӔР
Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты Йесомӕ ӕрбарвыста
МАТФЕЙЫ 11:2–15 ЛУКАЙЫ 7:18–30
АРГЪАУӔГ ИОАНН ЙЕСОЙЫ ФӔРСЫ, ЧИ У, УЫМӔЙ
ЙЕСО ӔППӔЛЫ АРГЪАУӔГ ИОАННӔЙ
Аргъауӕг Иоанн иу афӕдзы бӕрц уыди ахӕстоны. Фӕлӕ, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уый тыххӕй уым дӕр фехъуыста. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд цин кодтаид, Йесо горӕт Наины идӕдз усы фырты кӕй райгас кодта, уый тыххӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы радзырдтой, уӕд. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Йесойӕн йӕхицӕй фӕндыд базонын, Мессийӕ у, уый. Ӕмӕ йӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста. Цӕмӕн? Уыдон Йесойы бафарстой: «Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» (Лукайы 7:19).
Ацы фарстайы диссагӕй исты ис? Иоанн уыд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг. Иу-дыууӕ азы размӕ Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд йӕхи цӕстӕй федта, Йесойыл Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд ӕрцыд. Ӕмӕ, Хуыцау Йесойы тыххӕй йӕхӕдӕг цы загъта, уый дӕр фехъуыста. Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Иоаннӕн йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, уымӕн ӕмӕ дзы уӕд Йесо нӕ раппӕлыдаид. Фӕлӕ кӕд Иоанн, Йесо чи у, ууыл нӕ дызӕрдыг кодта, уӕд ӕм ахӕм фарста цӕмӕн радта?
Чи зоны йӕ фӕндыд, цӕмӕй Йесо йӕхӕдӕг загътаид, Мессийӕ ӕз дӕн, зӕгъгӕ. Ахӕстоны бадгӕйӕ йын уый стыр ныфсы хос уыдаид. Фӕлӕ ма йӕ фарстайы фенӕн ис ӕндӕр хъуыды дӕр. Иоанн Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ зыдта, Хуыцауы Сӕрст Лӕггадгӕнӕг паддзах ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕй хъуамӕ уыдаид. Фӕлӕ Йесойы аргъуыдыл дзӕвгар рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иоанн та нырма дӕр ахӕстоны бадт. Уӕдӕ Иоанны фӕндыди базонын, Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ кӕронмӕ кӕуыл сӕххӕст уыдзысты, ӕндӕр ахӕм исчи ма ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ.
Йесо Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ нӕ загъта, о, ӕрцӕуинаг чи у, уый ӕз дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у, уый сын хъуыддагӕй равдыста – алыхуызон низтӕй рынчын чи уыд, бирӕ ахӕм адӕмы сдзӕбӕх кодта. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ загъта: «Ацӕут ӕмӕ Иоаннӕн радзурут, цы хъусут ӕмӕ цы уынут, уый: куырмытӕ цӕстӕй уынынц, къуылыхтӕ къуылых нал цӕуынц, хъотырджынтӕ сӕ низӕй дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц ӕмӕ мӕгуыртӕн хъуыстгонд цӕуы хорз хабар» (Матфейы 11:4, 5).
Иоанны фарста ма, чи зоны, ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ Йесомӕ фылдӕр цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ каст. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ дӕр ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кӕндзӕн. Фӕлӕ йын Йесо бамбарын кодта, цӕмӕй йӕм, цы диссӕгтӕ арӕзта, уымӕй фылдӕрмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кастаид.
Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ куы ацыдысты, уӕд Йесо адӕмӕн Иоанны кой кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, уый пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕр у. Иоанн уыди, Йегъовӕ Малахийы 3:1 стихы цы «фидиуӕджы» кой кодта, уый. Стӕй ма уыд пехуымпар Илийа дӕр, Малахийы 4:5, 6 стихты куыд загъд уыд, афтӕ. Йесо бамбарын кодта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди, фӕлӕ уӕларвон паддзахады гыццылдӕр чи у, уый дӕр уымӕй уӕлдӕр у» (Матфейы 11:11).
Йесо афтӕ кӕй загъта, уӕларвон паддзахады гыццылдӕр чи у, уый дӕр Иоаннӕй уӕлдӕр у, зӕгъгӕ, уымӕй бамбарын кодта, Иоанн уӕларвон Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзӕн. О, Йесойӕн фӕндаг Иоанн ӕрцӕттӕ кодта, фӕлӕ амард, Йесо цалынмӕ уӕларвмӕ фӕндаг байгом кодта, уӕдмӕ (Дзуттӕгтӕм 10:19, 20). Ӕмӕ кӕд хабар афтӕ рауад, уӕддӕр Иоанн уыди Хуыцауы иузӕрдион пехуымпар, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕххыл цӕрдзӕн.