55 сӕр
Ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ нал цӕуынц Йесойы фӕдыл
ЙЕСО Капернаумы ӕмбырдгӕнӕны адӕмӕн амоны, ӕцӕг дзул уӕлӕрвтӕй кӕй у. Куыд зыны, афтӕмӕй дарддӕр ныхас кӕны, Галилейы денджызы скӕсӕн фарс диссаджы хуызы лӕвӕрд дзул ӕмӕ кӕсаг чи хордта ӕмӕ йӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ чи ссардта, уыцы адӕмимӕ.
Уый дзуры: «Ӕз цы дзул раттон, уый у Мӕ Буар, кӕцыйы Ӕз ратдзынӕн дунейы царды тыххӕй». Дыууӕ азы размӕ, н. э. 30 азы, Йесо Никодимӕн загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ ратта йӕ Фырты адӕмы фервӕзын кӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ ныр Йесо ӕвдисы, тагъд рӕстӕджы цы нывонд ӕрхӕсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ йын символикон ӕгъдауӕй йӕ буар чи хӕра, уымӕн йӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнусон цард райсын.
Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ адӕммӕ раст нӕ кӕсынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Куыд у Йӕ бон махӕн раттын Йӕ буар хӕрынмӕ?» Йесойы фӕнды адӕмӕн бамбарын кӕнын, Йӕ буар ын ӕцӕгӕй нӕ, фӕлӕ символикон ӕгъдауӕй кӕй хӕрдзысты. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый бахахх кӕнынӕн сын ноджы ахӕм цыдӕр дзуры, комкоммӕ бамбаргӕйӕ сӕм бынтондӕр раст цы нӕ фӕкастаид.
«Куы нӕ хӕрат Адӕймаджы Фырты Буар ӕмӕ [куы нӕ] нуазат Йӕ Тугӕй,— дзуры Йесо,— уӕд нӕ уыдзӕн уӕ мидӕг цард; Мӕ Буар чи хӕры, ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз райгас кӕндзынӕн фӕстаг бон; уымӕн ӕмӕ Мӕ Буар ӕцӕг у хӕринаг, ӕмӕ Мӕ Туг ӕцӕг у нуазинаг; Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый ис Мӕн мидӕг ӕмӕ Ӕз уый мидӕг».
Йесо адӕймаджы фыд хӕрынмӕ куы сидтаид, уӕд йӕ ахуырад ӕцӕгдӕр зыгъуыммӕ уыдаид. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ӕцӕг йӕ буар хӕрыныл ӕмӕ йӕ туг нуазыныл нӕ дзуры. Уый ӕрмӕстдӕр ӕвдисы, ӕнусон цард райсын кӕй фӕнды, уыдон, Йесо йӕ ӕххӕст адӕймагон буар ратгӕйӕ ӕмӕ йӕ туг ныккалгӕйӕ цы нывонд ӕрхӕсдзӕн, ууыл кӕй хъуамӕ ӕууӕндой. Фӕлӕ суанг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр бирӕты нӕ фӕнды уый бамбарын, уыдон дзурынц: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ сты! кӕй бон у уыдонмӕ хъусын?»
Ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ кӕй хъуыр-хъуыр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сын Йесо дзуры: «Уый мыййаг рӕдийын кӕны сымах? Уӕдӕ цы зӕгъдзыстут куы фенат Адӕймаджы Фырты раздӕр кӕм уыд, уырдӕм ссӕугӕ, уӕд?.. Ӕз сымахӕн цы ныхӕстӕ кӕнын, [уыдон] сты уд ӕмӕ цард; фӕлӕ ис сымахӕй иутӕ ӕнӕуырнджытӕ».
Дарддӕр Йесо дзуры: «Уый тыххӕй дзырдтон Ӕз сымахӕн, никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йесо баздӕхт йӕ 12 апостолмӕ ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Нӕ фӕнды сымах дӕр ацӕуын?»
Петр дзуапп ратта: «Хицау! кӕмӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ ис мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ, ӕмӕ мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ базыдтам, Ды — кӕй Дӕ Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт». Кӕд Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр Йесойы ныхӕстӕ ӕххӕстӕй не ’мбарынц, уӕддӕр цӕй диссаджы иузӕрдиондзинад ӕвдисынц!
Йесойӕн ӕхсызгон у, Петр ахӕм дзуапп кӕй ратта, фӕлӕ уӕддӕр дзуры: «Дыууадӕсӕй уӕ нӕ равзӕрстон Ӕз? фӕлӕ сымахӕй иу у хӕйрӕг». Уый Иудӕ Искариотаджы кой кӕны. Гӕнӕн ис, уыцы рӕстӕджы Йесо фӕхатыд, Иудӕ ӕнӕраст фӕндагыл кӕй слӕууыд.
Йесо адӕмы фыдӕнхъӕл фӕкодта, уымӕн ӕмӕ сын нӕ бакуымдта, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ ныр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕнынц: „Кӕд Мессиайы закъонон бынат нӕ ахсы, уӕд куыд гӕнӕн ис, цӕмӕй Мессиа уа?“ Ацы хъуыдытӕ уӕгъд нӕ уадзынц адӕмы. Иоанны 6:51—71; 3:16.
▪ Кӕй тыххӕй ратдзӕн Йесо йӕ цард ӕмӕ йын цы хуызы ‘хӕрдзысты Йӕ буар’?
▪ Йесо адӕмы цавӕр ныхӕстӕй бафтыдта дисы ӕмӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?
▪ Ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ Йесойы куы ныууагътой, уӕд Петр цы загъта?