57 сӕр
Фӕлмӕнзӕрдӕ ахаст хъизӕмаргӕнджытӕм
ЙЕСО, фарисейтӕ сӕхи пайдайӕн цы ӕгъдӕуттӕ ӕрымысыдысты, уый тыххӕй сыл куы стӕрхон кодта, уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыд. Кӕд ма хъуыды кӕныс, Йесо уый размӕ дӕр архайдта семӕ иу чысыл аулӕфыныл, фӕлӕ сӕ адӕм кӕй ссардтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон не сси. Ныр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст цӕгатырдӕм, Тир ӕмӕ Сидоны бӕстӕм. Дзӕвгар сӕ хъӕуы ауайын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг хатт ахызт Израилы арӕнтӕй. Кӕм ӕрлӕууой, ахӕм хӕдзар куы ссардтой, уӕд Йесо бамбарын кодта йӕ фӕндон, цӕмӕй, кӕм сты, уый мачи базона. Фӕлӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы дӕр Йесойы бафиппайдтой. Ам сирийаг сахар Финикийы чи схъомыл, ахӕм грекъаг сылгоймаг ссардта Йесойы ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕны: «Фӕтӕригъӕд мын кӕн, Хицау, Давиды Фырт! мӕ чызг карз ӕрра кӕны». Фӕлӕ йӕм Йесо ницы сдзырдта.
Фӕстагмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзурынц: «Ауадз ӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕстӕ хъӕр кӕны». Уӕд сын Йесо ӕмбарын кӕны, йӕ хъус ӕм цӕуылнӕ дары: «Ӕз ӕрвыст дӕн ӕрмӕст Израилы хӕдзары сӕфт фыстӕм».
Фӕлӕ сылгоймаг нӕ сӕтты. Бацыд Йесомӕ, бакуывта йын ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕны: «Хицау! баххуыс мын кӕн».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесомӕ тынг бахъардта сылгоймаджы зӕрдиаг лӕгъстӕ! Фӕлӕ та йын уӕддӕр ногӕй дзуры, йӕ сӕйраг хӕс Хуыцауы адӕмӕн, израилӕгтӕн, хъусын кӕнын кӕй у. Уый ӕддейӕ Йесо банысан кодта, иудейтӕн ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕм ӕнӕрвӕссон ахаст кӕй ис, уый. Ӕвӕццӕгӕн ӕй уымӕй фӕндыд сылгоймаджы уырнындзинад бафӕлварын. Уый загъта: «Хорз нӕу сывӕллӕттӕй дзул райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн [«къӕбылатӕн», НД] аппарын».
Йӕ фӕлмӕн хъӕлӕс ӕмӕ йӕ цӕстӕнгасӕй Йесо, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвдисы йӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ахаст ӕнӕиудейтӕм. Ӕмӕ кӕд муртатты куыйтимӕ абарста, уӕддӕр сӕ «къӕбылатӕ» кӕй схуыдта, уымӕй йӕ абарст фӕфӕлмӕндӕр кодта. Йесо иудейты ӕнӕрвӕссон ахасты кой кӕй скодта, уый тыххӕй сылгоймаг нӕ фӕхӕрам, фӕлӕ уыцы фадатӕй спайда кодта ӕмӕ сӕрныллӕгӕй загъта: «Афтӕ, Хицау! фӕлӕ куыйтӕ [«къӕбылатӕ», НД] дӕр хӕрынц сӕ ӕлдӕртты стъолӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон».
«О, сылгоймаг! стыр у дӕ уырнындзинад,— дзуры Йесо,— уӕд дын дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ». Ӕмӕ раст афтӕ ӕрцыд! Хӕдзармӕ ӕрбацӕугӕйӕ, сылгоймаг йӕ чызджы ӕрбаййӕфта ӕнӕнизӕй.
Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Сидоны денджызгӕрӕттӕй ӕппӕт бӕстыл цӕхгӕрмӕ Иорданы донгуырӕнмӕ ахызтысты. Уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, Галилейы денджызӕй гыццыл уӕлдӕр Иорданы сӕрты ахызтысты ӕмӕ бахӕццӕ сты Дӕссахармӕ, Галилейы денджызы скӕсӕн фарсмӕ. Уым хохмӕ ссыдысты, фӕлӕ та сӕ адӕм ссардтой, ӕмӕ сӕ цӕнкуылты, къуылыхты, куырмыты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ алыхуызон рынчынтӕ ӕмӕ сахъатты уырдӕм бахастой. Комкоммӕ сӕ Йесойы къӕхты раз ӕвӕрдтой ӕмӕ уый сеппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта. Адӕм, ӕгомыгты дзургӕйӕ, цӕнкуылты цӕугӕйӕ, куырмыты та уынгӕйӕ куы федтой, уӕд дисгӕнгӕйӕ, кадджын кодтой Израилы Хуыцауы.
Адӕмы ’хсӕн Йесо бафиппайдта иу къуырма ӕмӕ дзурын зынтӕй чи фӕрӕзта, ахӕм адӕймаджы. Искӕй цур къуырматӕ тынг фефсӕрмы кӕнынц. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, уыцы адӕймаг йӕхимидӕг куыд тынг тыхсы, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Йемӕ иуварс ацыд ӕмӕ йын цы саразынмӕ хъавы, уый хибарӕй равдыста: йе ’нгуылдзтӕ йын йӕ хъусты бавӕрдта, стӕй ату кодта ӕмӕ йын йе ’взагыл баныдзӕвыд. Уый фӕстӕ Йесо арвмӕ скаст, ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Байгом у». Уыйадыл уыцы адӕймагӕн йӕ бон сси хъусын ӕмӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурын.
Йесо бирӕ диссӕгтӕ куы сарӕзта, уӕд дзы адӕм тынг фӕбузныг сты ӕмӕ йын дзурынц: «Ӕппӕтдӕр хорз кӕны: къуырматӕ хъустӕй хъусынц, гобитӕ дзыхӕй дзурынц». Матфейы 15:21—31; Маркы 7:24—37.
▪ Йесо грекъаг сылгоймаджы чызджы уайтагъд цӕуылнӕ сдзӕбӕх кодта?
▪ Ӕппынфӕстаг Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ кӕдӕм араст?
▪ Йесо къуырма ӕмӕ дзурын зынтӕй чи фӕрӕзта, уыцы адӕймагмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста?