Адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕнӕниз. Куыд?
АХЪУЫДЫ ма кӕн: куырм чи уыд, уый уыны, къуырма чи уыди, уый хъусы, кӕддӕры ӕгомыг хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ зары, къуылых чи уыди, уый та йӕ къӕхтыл фидар лӕууы! Мах медицинӕйы стыр ӕнтыстытыл нӕ дзурӕм, фӕлӕ, Хуыцау адӕмӕн цы сараздзӕн, ууыл. Библийы пехуымпарады кӕсӕм: «Уӕд куырмыты цӕстытӕ байгом уыдзысты, ӕмӕ къуырматы хъустӕ бакӕндзысты. Уӕд къуылых фестдзӕн саджы хуызӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг зардзӕн» (Исай 35:5, 6). Ацы диссаджы пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕнис, ууыл ӕууӕндӕн ис?
Фыццаджыдӕр зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы дзӕбӕх кодта алы низтӕй ӕмӕ сахъатдзинӕдтӕй. Уыимӕ уыцы диссӕгтӕ бирӕтӕ уыдтой сӕхи цӕстӕй — суанг ма йе знӕгтӕ дӕр. Ӕппынкъаддӕр иу хатт та Йесойы ӕнӕрвӕссон ныхмӕдзӕуджытӕ бӕстон равзӕрстой, иу адӕймаджы куыд сдзӕбӕх кодта, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд Йесойы фӕлывд миты фӕазымджын кӕнын. Фӕлӕ цы арӕзтой, уымӕй, сӕ фыдӕнӕн, ноджы тынгдӕр бӕлвырд кодта, Йесо ӕцӕгӕй дӕр диссаг кӕй сарӕзта, уый (Иоанны 9:1, 5—34). Дызӕрдыггаг чи нӕ уыд, ӕндӕр ахӕм диссаг та куы сарӕзта, уӕд цы сарӕзтаиккой, уымӕн ницыуал зыдтой ӕмӕ загътой: «Цы бакӕнӕм мах? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ кӕны» (Иоанны 11:47). Фӕлӕ хуымӕтӕг адӕм уыдонау дурзӕр дӕ кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ дзы бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл (Иоанны 2:23; 10:41, 42; 12:9—11).
Йесойы диссӕгтӕ — фидӕны низтӕ кӕй нал уыдзӕн, уый ныв
Йесойы диссӕгтӕ ӕрмӕст уый нӕ бӕлвырд кодтой, Хуыцауы Фырт ӕмӕ Мессиа кӕй уыд. Уыдоны руаджы баууӕндӕн ис Библийы зӕр дӕвӕр дтыл, фидӕны Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕм ӕппӕт низтӕй дӕр кӕй фервӕздзысты, ууыл. Уыцы зӕр дӕвӕр дтӕм ма хауы, Исайы 35-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уый дӕр, ууыл дзыр дтам фыццаг абзацы. Исайы 33:24-ӕм стихы дӕр ис фыст, фидӕны Хуыцауӕн кувӕг адӕм ӕнӕниз кӕй уыдзысты, уый тыххӕй: «Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“». Афтӕ ма Раргомады 21:4-ӕм стихы дӕр ис ахӕм зӕрдӕвӕрд: «Ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон [абоны зын ӕмӕ хъизӕмайраг цард] аивгъуыдта».
Адӕм, Йесо куыд бацамыдта, афтӕ куы фӕкувынц, уӕд растдӕр ацы пехуымпарӕдты сӕххӕсты тыххӕй фӕдзурынц. Дзыр дӕн, уыцы куывды ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:10). О, Хуыцауы фӕндон зӕхх ӕмӕ адӕммӕ дӕр хауы. Кӕд Хуыцау рӕстӕгмӕ бауагъта низтӕ, уӕддӕр ӕввахс фидӕны сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, цӕнкуыл, сахъат ничиуал уыдзӕн; уыдӕттӕ зӕххыл, Хуыцауы «къӕхтӕвӕрӕныл», никӕд никӕйуал хъыгдар дзысты (Исай 66:1)a.
Фӕстӕмӕ ӕнӕниз — ӕнӕ рыстӕй ӕмӕ лӕвар
Адӕмы цыфӕнды низ ма тыхсын кодтаид, уӕддӕр-иу сӕ Йесо уайтагъд афтӕ адзӕбӕх кодта, ӕмӕ-иу сӕ рисгӕ дӕр ницы фӕкодта, уыимӕ ма лӕвар дӕр. Уый уайтагъд дӕр дтыл айхъуысти ӕмӕ, бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕмӕй «ӕрбамбырд Уымӕ бирӕ адӕм, семӕ уыдис къуылыхтӕ, куырмытӕ, ӕгомыгтӕ, уӕнгхъуӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ, ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр дтой Йесойы къӕхты раз; ӕмӕ Уый сдзӕбӕх кодта уыдоны». Цы загътой адӕм уый фенгӕйӕ? Матфей, уыцы хабар йӕхи цӕстӕй фенӕг, йӕ чиныджы дарддӕр фыссы: «Адӕм дис кодтой уынгӕйӕ ӕгомыгты дзургӕйӕ, уӕнгхъуӕгты ӕнӕнизӕй, къуылыхты цӕугӕйӕ ӕмӕ куырмыты уынгӕйӕ; ӕмӕ кадджын кодтой Израилы Хуыцауы» (Матфейы 15:30, 31).
Йесо кӕй дзӕбӕх кодта, уыдоны-иу ӕвзаргӕ нӕ кодта, цӕстфӕливджытӕ куыд кӕнынц, афтӕ. Рынчынты-иу сӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕхӕдӕг «ӕрӕвӕр дтой Йесойы къӕхты раз; ӕмӕ Уый дзӕбӕх кодта уыдоны». Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ, Йесойӕн йӕ бон дзӕбӕх кӕнын кӕй у, уымӕн.
Куырмы цӕстӕй ракӕсын кодта. Йесо Иерусалимы куы уыд, уӕд «ӕр дзӕй куырм адӕймаджы» цӕстӕй ракӕсын кодта. У ыцы мӕгуыргур куырм лӕджы сахары иууылдӕр зыдтой. Ахъуыды ма кӕн уӕдӕ, адӕм ӕй куы федтой, цӕстӕй кӕй уыны, уӕд куыд дис кодтаиккой ӕмӕ уыцы хабар кӕрӕдзи дзыхӕй куыд скъӕфтаиккой! Фӕлӕ уый алкӕмӕн ӕхсызгон нӕ уыд. Уымӕй раздӕр Йесо кӕй фыдхъуыддӕгтӕ рахаста хурмӕ, уыцы зындгонд иудейаг сектӕйы уӕнгтӕй, фарисейтӕй, иуӕй-иутӕ сӕ уд хъардтой, цӕмӕй Йесойы цӕстфӕливӕн миты фӕаххосджын кӕной (Иоанны 8:13, 42—44; 9:1, 6—31). Ӕмӕ уӕд ӕрфарстой, Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы лӕджы, уый фӕстӕ йӕ ныййар джыты, ӕмӕ та стӕй лӕгӕн йӕхи. Фӕлӕ фарисейтӕн сӕ фӕрстытӕ уыцы диссаг ноджы бӕлвыр ддӕр кодтой, ӕмӕ мӕстӕй тыдтой. Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы лӕг, цӕстмӕхъус дингӕнджыты хивӕнд митыл дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕнусӕй нырмӕ никуы райхъуыст, исчи, куырмӕй чи райгуыр д, ахӕмы цӕстытӕ райгом кодта, уый; У ый Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд ницы уаид кӕнын Йӕ бон» (Иоанны 9:32, 33). У ыцы бӕлвыр д ӕмӕ зондджын дзуаппӕй лӕг равдыста йӕ уырнындзинад, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фарисейтӕ «атар дтой сӕ цурӕй», ома йӕ ӕмбыр дгӕнӕнӕй ацух кодтой (Иоанны 9:22, 34, «Мах дуг» №5, 1999).
Къуырма лӕгӕн байгом кодта йӕ хъустӕ. Йесо Дӕссахары куы уыд, Иор даны цӕугӕдонӕй скӕсӕныр дӕм цы облӕст ис, уӕд ӕм «ӕркодтой... гуылӕвзаг къуырмайы» (Маркы 7:31, 32, МСЕ). Йесо уыцы адӕймаджы сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ма йӕ ахастӕй равдыста, куыд хорз ӕмбӕрста уыцы адӕймаджы, адӕмӕй кӕй ӕфсӕрмы кодта, уый. Библи нын дзуры, Йесо къуырма лӕджы «адӕмӕй иуварс [кӕй] акодта» ӕмӕ йӕ хибарӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ та уыцы хъуыддаг чи федта, уыдон дӕр «дисы ӕфтыдысты» ӕмӕ дзыр дтой: «Ӕппӕт дӕр хорз кӕны. Къуырматӕн гом кӕны сӕ хъустӕ, ӕгомыгтӕн дӕтты ӕвзаг» (МСЕ) (Маркы 7:33—37).
Уӕнгмарды йӕ къӕхтыл слӕууын кодта. Капернаумы Йесомӕ адӕм хуыссӕныл ӕрбахастой параличӕй цӕф лӕджы (Матфейы 9:2). Матфейы 9-ӕм сӕры 6—8-ӕм стихты фыст ис, дар ддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй. «[Йесо] загъта уӕнгмар дӕн: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ. Ӕмӕ уый сыстад... ӕмӕ ацыд йӕ хӕдзармӕ. Адӕм та, фенгӕйӕ уый, дис кодтой ӕмӕ скадджын кодтой Хуыцауы, ахӕм бар адӕймӕгтӕн раттӕджы». Ацы диссаг дӕр та Йесо сарӕзта йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕмӕ йе знӕгты цур. Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йе знӕгтау фыдзӕр дӕ нӕ уыдысты ӕмӕ, цы диссаг федтой, уый тыххӕй «скадджын кодтой Хуыцауы».
Рынчыны сдзӕбӕх кодта. «Йесомӕ ӕрцыд хъотыр джын, Йӕ разы ӕрхауд зонгуытыл ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: „Куы Дӕ бафӕнда, уӕд Дӕ бон у ме ссыгъдӕг кӕнын“. Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, Йӕ къух ӕм бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: „Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у“. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ лӕджы хъотыр уайсахат ныууагъта» (Маркы 1:40—42, МСЕ). Йесо уыцы адӕймаджы хъуыр-хъуыргӕнгӕйӕ не сдзӕбӕх кодта, фӕлӕ йын ӕцӕгӕйдӕр тынг фӕтӕригъӕд кодта. Ахъуыды ма кӕн, дӕуыл куы уаид хъотыр. Дӕ буар дзы бонӕй-бонмӕ фыдынддӕр куы кӕнид ӕмӕ дӕм адӕм хӕстӕг куы нал цӕуиккой. Ӕмӕ дӕ уыцы ӕлгъаг, мӕлӕтдзаг низӕй ӕвиппайды ӕмӕ ӕнӕрыстӕй куы сдзӕбӕх кӕниккой, уӕд дӕхи куыд хатис? У ӕдӕ куыннӕ бамбар дзынӕ, Йесо ма уый фӕстӕ ноджыдӕр цы хъотырджыны сдзӕбӕх кодта, уый цӕмӕн «ӕрхауд... Йӕ къӕхтӕм, Уымӕн арфӕ кӕнгӕйӕ» (Лукайы 17:12—16).
Хъӕдгом байгас кодта. Йесойы цалынмӕ йе знӕгтӕ не ’рцахстой ӕмӕ йӕ нӕ байтыгътой, уӕдмӕ ма фӕстагмӕ иу диссаг сарӕзта: иу адӕймаджы сдзӕбӕх кодта. Апостол Петр, Йесойы кӕнынмӕ чи хъавыд, уыдоныр дӕм фӕци ӕмӕ сонтӕй йӕ кар д «фелвӕста... ӕмӕ ныццавта хистӕр сауджыны цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта» (Иоанны 18:3—5, 10). Уый тыххӕй ма ис фыст Лукайы чиныджы дӕр, ӕмӕ уым кӕсӕм, зӕгъгӕ, Йесо цагъарӕн «бавнӕлдта йӕ хъусмӕ, ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта» (Лукайы 22:50, 51, НФ). Ӕмӕ та ацы хорз хъуыддаг дӕр федтой Йесойӕн йӕ хӕлӕрттӕ дӕр, ӕмӕ йӕ чи ’рцахста, уыцы знӕгтӕ дӕр.
Цас лӕмбынӕгдӕр иртасӕм Йесойы диссӕгтӕ, уыйас бӕлвыр ддӕр кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕцӕг кӕй уыдысты (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕмӕ Библи лӕмбынӕг иртасгӕйӕ та, уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй фидарӕй баууӕнддзыстӕм Хуыцауы зӕр дӕвӕр дыл — сӕрныллӕг адӕмы низтӕй кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн. Библимӕ гӕсгӕ чырыстон уырнындзинад у, «ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кастӕуы, уый сӕххӕстыл ныфс дарын, ӕмӕ цытӕ дзы нӕ уындӕуы, уыдӕттыл дызӕрдыг ма кӕнын» (Дзуттытӕм 11:1, НФ). Хуыцау нын амоны, цӕмӕй алцӕуыл ӕнӕбындурӕй, куырмӕджы ма ӕууӕндӕм кӕнӕ цӕмӕй хорзмӕ ӕрмӕст бӕлгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ нын цӕмӕй уа фидар, йӕ бындуры раст зонындзинӕдтӕ кӕмӕн ис, ахӕм уырнындзинад (1 Иоанны 4:1). Ахӕм уырнындзинад куы рӕза нӕ зӕрдӕты, уӕд Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, уыдзыстӕм фидар дӕр ӕмӕ амондджындӕр (Матфейы 5:3; Ромӕгтӕм 10:17).
Фыццаг уал хъӕуы Хуыцауимӕ бафидауын!
Бирӕтӕ ӕнӕниз сты, фӕлӕ цар дӕй сӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны. Иуӕй-иутӕ та, сомбонӕй сӕ кӕй ницыуал ныфс вӕййы кӕнӕ царды зындзинӕдтӕ фӕразын сӕ бон кӕй нал вӕййы, уый аххосӕй суанг сӕхи марынмӕ дӕр ӕрцӕуынц. Раст зӕгъгӕйӕ, уыдон хъизӕмар кӕнынц, Хуыцауӕй дард кӕй сты, уый тыххӕй, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты ахӕм уавӕр буары сахъатӕй бирӕ уӕззаудӕр у (Иоанны 9:41). Иннӕр дыгӕй, буарӕй сахъат чи у, уыдонӕй бирӕтӕ сты амондджын, цар дӕй райгонд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон зонынц Хуыцауы, ӕмӕ сын хъару дӕтты, Библийыл чи бындуриуӕг кӕны, уыцы ӕцӕг ныфс.
Ӕрмӕстдӕр адӕймаджы цы хъӕуы, уый тыххӕй Йесо афтӕ загъта: «Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры лӕг, фӕлӕ алы дзыр дӕй, Хуыцауы дзыхӕй чи цӕуы» (Матфейы 4:4, НФ). О, цӕрӕгойтӕй уӕлдай адӕмы ӕнӕуи хӕринагӕй фылдӕр цыдӕр хъӕуы. Хуыцауы «фӕлгонцмӕ» гӕсгӕ конд кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы монон хӕринаг — зонындзинӕдтӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддӕгты мах цавӕр бынат ахсӕм, уый тыххӕй, стӕй ма йын йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй дӕр (Уӕвынад 1:27; Иоанны 4:34). Хуыцауы цас хуыздӕр базонӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн цӕрын ӕмӕ нӕм уыдзӕн хъарутӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Уый руаджы ма нӕ уыдзӕн зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕр. Йесо загъта: «Уый у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).
Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесойы йе ’мдуггӕгтӕ «Хосгӕнӕг» нӕ хуыдтой, фӕлӕ «Ахуыргӕнӕг» (Лукайы 3:12; 7:40). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо ахуыр кодта, адӕмы зындзинӕдтӕ ӕнустӕм цы аиуварс кӕндзӕн, ууыл — Хуыцауы Паддзахадыл (Лукайы 4:43; Иоанны 6:26, 27). Ацы уӕларвон хицауад Йесо Чырыстийы сӕргълӕудӕй хицауиуӕг кӕндзӕн ӕгас зӕххыл ӕмӕ, рӕстаг адӕмы фӕстӕмӕ ӕххӕстдзинадмӕ ӕркӕныны тыххӕй ӕмӕ зӕххыл фӕстӕмӕ дзӕнӕт скӕныны тыххӕй Библийы цы зӕр дӕвӕр дтӕ ис, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн (Раргомад 11:15). Гъе уый тыххӕй Йесо, кувын куы амыдта, уӕд дзыр дта, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕндон зӕххыл сӕххӕст кӕныны хъуыддаг баст у Паддзахады ӕрцыдыл (Матфейы 6:10).
Бирӕ рынчын адӕм ацы диссаджы ныфсы тыххӕй куы базыдтой, уӕд сӕ маст цинӕй раивта (Лукайы 6:21). Хуыцау адӕмы ӕрмӕст низтӕ ӕмӕ сахъатдзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, фӕлӕ ма айсдзӕн адӕмы хъизӕмӕртты аххосаг — тӕригъӕд дӕр. Ӕмӕ ӕцӕг, Исайы 33:24 ӕмӕ Матфейы 9:2—7-ӕм стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй низтӕ ӕмӕ тӕригъӕд кӕрӕдзийыл баст сты (Ромӕгтӕм 5:12). У ӕдӕ адӕм тӕригъӕды уацарӕй куы ссӕрибар уой, уӕд бафсӕддзысты «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибар дзинадӕй», уый та нысан кӕны ӕххӕст зонд ӕмӕ ӕххӕст буар (Ромӕгтӕм 8:21).
Ӕнӕниз чи у, уыдон, гӕнӕн ис, хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, уый цӕй стыр хорзӕх у, ууыл. Фӕлӕ сахъат кӕнӕ цӕнкуылӕй афтӕ нӕ зӕгъдзынӕ. Уыдон зонынц, ӕнӕниздзинад ӕмӕ цар д куыд зынаргъ сты, уый, стӕй цард доны тӕбӕгъӕй уӕлдай кӕй нӕу, уый дӕр (Екклесиаст 9:11). Уӕдӕ нӕ ныфс ис, нӕ журналкӕсджытӕй кӕд исчи рынчын у, уӕд уыдон уӕлдай лӕмбынӕгдӕр кӕй ахъуыды кӕндзысты, Хуыцау Библийы кӕй ныффыссын кодта, уыцы диссаджы зӕр дӕвӕр дтыл. Цӕмӕй уыдон сӕххӕст уой, уый тыххӕй Йесо радта йӕ цард. Уымӕй фылдӕр ма нӕ цы хъӕуы, цӕмӕй, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл баууӕндӕм? (Матфейы 8:16, 17; Иоанны 3:16).
[Фиппаинаг]
a Хуыцау хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн бауагъта, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд брошюрӕйӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?».