62 сӕр
Сӕрныллӕгдзинады цӕвиттон
ФИЛИППЫ Кесаримӕ хӕстӕг Йесо хӕйрӕджджын лӕппуйы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд уый фӕстӕ йӕ зӕрды уыд Капернауммӕ аздӕхын. Фӕлӕ йӕ фӕнды ӕрмӕстдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ бацӕттӕ кӕна йӕ мӕлӕтмӕ ӕмӕ сыл уый фӕстӕ цы стыр бӕрндзинад уыдзӕн, уымӕ дӕр. «Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд уыдзӕн адӕймӕгты къухтӕм,— дзуры Йесо,— ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
Кӕд сын Йесо раздӕр дӕр дзырдта уый тыххӕй ӕмӕ йӕ хуыз куыд фӕивта, уый ӕртӕ апостолы сӕхи цӕстӕй федтой ӕмӕ йӕ хуызы фӕивды рӕстӕджы йӕ «кӕроныл» дзырд кӕй цыд, уый сӕхи хъустӕй фехъуыстой, уӕддӕр ӕй ӕххӕстӕй нӕма ӕмбарынц. Кӕд ын Петрау йӕ мӕлӕт нал иуварс кӕнынц, уӕддӕр ма йӕ уый тыххӕй бафӕрсой, уымӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц.
Ӕппынфӕстаг ӕрхӕццӕ сты Капернауммӕ, Йесойы лӕггаддзинады сӕйраг бынатмӕ. Ацы сахар у Петр ӕмӕ цалдӕр апостолы райгуырӕн сахар дӕр. Уым Петрмӕ бацыдысты кувӕндоны хъалонисджытӕ. Сӕ зӕрды ис Йесойы фӕзылын кӕнын, ӕппӕтфӕткон ӕгъдӕуттӕ кӕй халы, уый тыххӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Петры фӕрсынц: «Уӕ Ахуыргӕнӕг нӕ ратдзӕн дыууӕ дидрахмӕйы [хъалон кувӕндонӕн]?»
«О»,— загъта Петр.
Гыццыл фӕстӕдӕр хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ, Йесо зоны, цы ’рцыд, уый. Петр ын уыцы цауы тыххӕй нӕма загъта, афтӕ йӕ Йесо йӕхӕдӕг фӕрсы: «Куыд дӕм кӕсы, Симон? зӕххон паддзӕхтӕ кӕмӕй исынц фиддон, кӕнӕ хъалон? сӕ фырттӕй, ӕви ӕцӕгӕлонтӕй?»
«Ӕцӕгӕлонтӕй»,— дзуапп ратта Петр.
«Уӕдӕ, фырттӕ сӕрибар сты»,— дзуры Йесо. Кувӕндоны Кӕмӕн кувынц, Уый — Йесойы Фыд — дун-дунейы Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Фыртӕй не ’мбӕлы кувӕндонӕн хъалон исын. «Фӕлӕ цӕмӕй мах ма фӕрӕдийын кӕнӕм уыдоны,— дзуры Йесо,— ацу денджызмӕ, баппар ӕнгуыр, ӕмӕ фыццаг кӕсаг кӕцы бахауа, райс; ӕмӕ, йӕ дзых байгомгӕнгӕйӕ, ссардзынӕ статир [цыппар драхмӕйы]; райс ӕмӕ йӕ ратт уыдонӕн, Мӕн ӕмӕ дӕхи тыххӕй».
Капернауммӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, Петры хӕдзары ӕрӕмбырд сты ӕмӕ кӕрӕдзийы фӕрсынц: «Чи у стылдӕр Уӕларвон Паддзахады?» Кесарийӕ цӕугӕйӕ цӕуыл ныхас кодтой, уый Йесо кӕй хъуыста, уымӕ гӕсгӕ зоны, ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Цӕуыл ныхас кодтат кӕрӕдзиимӕ фӕндагыл?» Ахуыргӕнинӕгтӕ фефсӕрмы сты ӕмӕ ницы сдзырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ стырдӕр чи у, ууыл ныхас кодтой.
Йесо сӕ ӕртӕ азы дӕргъы кӕй ахуыр кӕны ӕмӕ ма уӕддӕр се ’хсӕн ахӕм быцӕутӕ кӕй ис, уый диссаг нӕу? Уый ӕвдисы адӕймаджы ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ сӕ ивгъуыд динон царды тыхджын ӕндӕвдад. Иудейаг дины фӕдонтӕ цӕй бындурыл хъомыл кодтой, уым иуыл ахсджиагдӕр у, адӕймаг ӕхсӕнады цы бынат ахсы, уый. Уымӕй уӕлдай ма Йесо Петрӕн Паддзахады «дӕгъӕлтӕ» йӕ бӕрны кӕй бакодта, уый тыххӕй йӕхи, ӕвӕццӕгӕн, стырдӕрыл нымадта. Гӕнӕн ис, Йесо йӕ хуыз куы фӕивта, уый сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, уымӕ гӕсгӕ Иаков ӕмӕ Иоаннмӕ дӕр сӕвзӕрд ахӕм хъуыдытӕ.
Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сын сӕ цӕстӕнгас сраст кӕнынӕн Йесо ӕрхаста зӕрдӕмӕхъаргӕ цӕвиттон. Уый иу сывӕллонмӕ фӕдзырдта, ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ иуылдӕр куыд уыной, афтӕ йӕ слӕууын кодта, ӕрбахъӕбыс ӕй кодта ӕмӕ дзуры: «Куы нӕ раздӕхат ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ уат, нӕ бацӕудзыстут Уӕларвон Паддзахадмӕ; ӕмӕ афтӕ, йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна, ацы сывӕллоны хуызӕн, уый уыдзӕн стылдӕр Уӕларвон Паддзахады; ӕмӕ чи райса иу ахӕм сывӕллоны Мӕ номӕй, уый Мӕн исы».
Ӕвӕдза, цӕй диссаджы хуызы сраст кодта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты! Мӕсты сӕм нӕ кӕны, стӕй сӕ сӕрбӕрзонд, ӕнӕфсис ӕмӕ цытуарзаг дӕр нӕ хоны. Фӕлӕ сын сӕ зондахаст сраст кӕнынӕн амоны, хӕдӕфсарм, ӕнӕхин ӕмӕ хиппӕлой чи нӕу, ахӕм гыццыл сывӕллӕтты цӕвиттонмӕ. Афтӕмӕй Йесо ӕвдисы, йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй хъӕуы, сӕрныллӕг сывӕллӕттӕм цы миниуджытӕ ис, уыдоныл кусын. Кӕронбӕттӕны Йесо дзуры: «Сымахӕй ӕппӕтӕй ныллӕгдӕр чи у, уый уыдзӕн бӕрзонд». Матфейы 17:22—27; 18:1—5; Маркы 9:30—37; Лукайы 9:43—48.
▪ Капернауммӕ здӕхгӕйӕ цӕй тыххӕй дзырдта Йесо ӕмӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандӕвта?
▪ Цӕуылнӕ уыд Йесо хӕсджын кувӕндонӕн хъалон фидын, фӕлӕ йӕ уӕддӕр цӕмӕн бафыста?
▪ Цы уыд ахуыргӕнинӕгты быцӕуы аххосаг ӕмӕ сӕ Йесо куыд сраст кодта?