Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 65 сӕр
  • Сусӕг балц Иерусалиммӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сусӕг балц Иерусалиммӕ
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ адӕмы ахуыр кӕны
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • «Нӕма ӕрцыд Йӕ сахат»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Халагъудты бӕрӕгбоны
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Ногӕй та хъавынц Йесойы марынмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 65 сӕр

65 сӕр

Сусӕг балц Иерусалиммӕ

НӔ ЭРӔЙЫ 32 аз. Фӕззӕг. Ӕрхӕстӕг Халагъудты бӕрӕгбон. Н. э. 31 азы Куадзӕны иудейтӕ Йесойы марынмӕ куы хъавыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ фылдӕр хъусын кӕны Галилейы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Иерусалиммӕ цыдис аз ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты, иудейты стыр бӕрӕгбӕттӕм.

Ныр Йесомӕ йе ’фсымӕртӕ хатынц: «Ацу ардыгӕй ӕмӕ бацу Иудеймӕ». Иерусалим у Иудейы сӕйраг сахар ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы динон центр. Йе ’фсымӕртӕ йын ӕмбарын кӕнынц: «Сусӕгӕй ничи ницы кӕны, фӕлӕ фӕархайы, цӕмӕй йӕ зоной» (НФ).

Кӕд Иаков, Симон, Иосий ӕмӕ Иудӕ, сӕ хистӕр ӕфсымӕр Йесо Мессиа кӕй у, ууыл не ’ууӕндынц, уӕддӕр сӕ фӕнды, цӕмӕй бӕрӕгбонмӕ ӕрцӕуӕг адӕмӕн йӕ диссаджы тых равдиса. Фӕлӕ Йесо зоны, уый тӕссаг хъуыддаг кӕй у. «Сымах дунейӕн ӕнӕуынон не стут,— дзуры уый,— Ӕз та йын Дӕн ӕнӕуынон, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕвдисӕнад кӕнын йӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр кӕй сты, ууыл». Уый фӕстӕ Йесо йе ’фсымӕртӕн зӕгъы: «Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та нӕма ацӕудзынӕн [«нӕма цӕуын», НФ] ацы бӕрӕгбонмӕ».

Халагъудты бӕрӕгбон авд боны ахӕссы. Ӕстӕм бон феххӕст кӕнынц фӕстаг сӕрмагонд ӕгъдӕуттӕ. Ацы бӕрӕгбон нысан кӕны, зӕххы куыстытӕ кӕй фесты, уый, ӕмӕ у стыр циндзинад ӕмӕ арфӕдзинады рӕстӕг. Йесойы ӕфсымӕртӕ иннӕ бӕлццӕттимӕ куы араст сты, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты сусӕгӕй, куыд ничи сӕ фена, афтӕ. Уыдон, адӕмӕн сӕ фылдӕр цы фӕндагыл фӕцӕуынц, ууыл, Иорданы донбылтыл, нӕ ацыдысты, фӕлӕ Самарийыл.

Йесо ӕмӕ йе ’мбӕлццӕтты самариаг хъӕуы ӕхсӕвиуат кӕнын кӕй бахъӕудзӕн, уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕры разӕй арвыста бынат бацагурынмӕ. Фӕлӕ Иерусалиммӕ кӕй цӕуынц, адӕм уый куы базыдтой, уӕд не сразы сты Йесойӕн хорздзинад саразыныл. Иаков ӕмӕ Иоанн тынг смӕсты сты ӕмӕ йӕ фӕрсынц: «Хицау! фӕнды Дӕ, мах зӕгъӕм, цӕмӕй арт ӕрцӕуа арвӕй ӕмӕ фесафа уыдоны?» Фӕлӕ сын Йесо бауайдзӕф кодта, ӕмӕ ӕндӕр хъӕумӕ араст сты.

Фӕндагыл чиныджы дӕснытӕй иу Йесойӕн дзуры: «Хицау! ӕз ацӕудзынӕн Дӕ фӕстӕ, Ды кӕдӕм фӕнды ма цӕуай».

«Рувӕстӕн ис уӕрмытӕ, ӕмӕ ӕрвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ,— дзуапп дӕтты Йесо,— фӕлӕ Адӕймаджы Фыртӕн нӕй, сӕр ӕркъулгӕнӕн бынат». Йесо чиныджы дӕсныйӕн ӕмбарын кӕны, йӕ фӕдылдзӕуӕг куы суа, уӕд зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй чиныджы дӕсны йӕ фырхъалӕй йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы ахӕм цард.

Ӕндӕр адӕймагӕн та Йесо загъта: «Рацу Мӕ фӕстӕ».

«Бар мын ратт раздӕр ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды баныгӕнон»,— дзуапп ратта уыцы адӕймаг.

«Уадз мӕрдты сӕ мӕрдтӕ ныгӕнын; ды та цу, хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахад»,— загъта йын Йесо. Уыцы адӕймагӕн йӕ фыд, ӕвӕццӕгӕн, нӕма амард, науӕд йӕ фырт Йесойы ныхӕстӕм байхъусынмӕ не ’рбацыдаид. Фырты, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды, цӕмӕй йын, йӕ фыд цалынмӕ амӕла, уӕдмӕ рӕстӕг ратта. Уый цӕттӕ нӕу Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрынмӕ.

Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ ноджыдӕр иу адӕймаг дзуры Йесойӕн: «Ӕз ацӕудзынӕн Дӕ фӕстӕ, Хицау! фӕлӕ бар ратт мӕнӕн раздӕр мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъынӕн».

Йесо йын дзуры: «Йӕ къух гутоныл сӕвӕрӕг ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕсӕг, ӕнӕууӕнк у Хуыцауы Паддзахадӕн». Кӕй фӕнды, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинаг уа, уымӕн йӕ царды фыццаг бынаты хъуамӕ уа Хуыцауы Паддзахад. Хуымгӕнӕг размӕ куы нӕ кӕса, уӕд гутонвӕд куыд ныззылын уыдзӕн, афтӕ зӕронд цардыуагон системӕмӕ фӕстӕмӕ чи кӕса, уый дӕр, гӕнӕн ис, ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагӕй фӕиппӕрд уа. Иоанны 7:2—10; Лукайы 9:51—62; Матфейы 8:19—22.

▪ Чи сты Йесойы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?

▪ Самариӕгтӕн Йесомӕ ахӕм ӕвзӕр ахаст цӕмӕн уыд ӕмӕ цы бакӕнын фӕндыд Иаков ӕмӕ Иоанны?

▪ Фӕндагыл ӕртӕ адӕймагимӕ Йесо цӕуыл ныхас кодта ӕмӕ куыд равдыста, ӕнувыдӕй кӕй хъӕуы лӕггад кӕнын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын