79 сӕр
Адӕм фесӕфтысты, фӕлӕ се ’ппӕт нӕ
ЙЕСО, фарисейы хӕдзары раз цы иудейтӕ ӕрӕмбырд сты, уыдонимӕ ныхас куы фӕци, уӕд ын адӕм радзырдтой «Галилейӕгты тыххӕй, кӕцытӕн [Ромы хицау Понтий] Пилат сӕ туг схӕццӕ кодта сӕ нывӕндтимӕ». Уыцы галилейӕгты, ӕвӕццӕгӕн, амардтой, Пилат кувӕндоны ӕхцатӕй Иерусалиммӕ донвӕд скӕнын куы сфӕнд кодта ӕмӕ мингай иудейтӕ йӕ ныхмӕ куы растадысты, уӕд. Ацы цау чи дзуры, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъын фӕнды, галилейӕгтӕ се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕй амардысты.
Фӕлӕ сын цӕмӕй Йесо сӕ цӕстӕнгас сраст кӕна, уый тыххӕй сӕ фӕрсы: «Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы Галилейӕгтӕ уыдысты ӕппӕт Галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр, афтӕ кӕй фӕхъизӕмар кодтой? Нӕ»,— дзуапп ратта йӕхӕдӕг. Уый фӕстӕ, фадатӕй спайдагӕнгӕйӕ, иудейты бафӕдзӕхста: «Куы нӕ фӕкӕнат фӕсмон, уӕд иуылдӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Ныр та сын Йесо дзуры, донвӕд аразгӕйӕ ма ноджыдӕр цы ӕнамонд цау ӕрцыд, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ фӕрсы: «Кӕнӕ ӕнхъӕл стут, Силоамы мӕсыг кӕуыл ӕрхауд ӕмӕ ныцъцъӕл кодта уыцы ӕстдӕс адӕймаджы, Иерусалимы цӕрджытӕй се ’ппӕтӕй аххосджындӕр уыдысты?» Нӕ, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы адӕм сӕ тӕригъӕдты тыххӕй нӕ амардысты. Арӕхдӕр «рӕстӕг ӕмӕ цау» вӕййынц ахӕм ӕнамонддзинӕдты аххосаг. Уый фӕстӕ сӕ Йесо ногӕй фӕдзӕхсы: «Фӕлӕ фӕсмон куы нӕ фӕкӕнат, уӕд иуылдӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Дарддӕр Йесо дзуры ӕндӕр фӕсномыг ныхас: «Кӕмӕндӕр йӕ сӕнӕфсирдоны уыдис сагъд легъуи бӕлас, ӕмӕ ӕрбацыд ууыл дыргъ агурынмӕ, ӕмӕ йыл не ссардта; ӕмӕ загъта сӕнӕфсирдоны кусӕгӕн: мӕнӕ ӕз ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуи бӕласыл дыргъ агурынмӕ ӕмӕ йыл нӕ арын; алыг ӕй кӕн: зӕхх дӕр ма цӕмӕн ахсы? Фӕлӕ уый загъта уымӕн дзуаппӕн: ӕлдар! ныууадз ма йӕ ацы аз дӕр, цалынмӕ ӕз йӕ алфамбылай скъахон ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕнон: кӕд ӕрхӕссид дыргъ; фӕлӕ куы нӕ, уӕд ӕй иннӕ аз алыг кӕндзынӕ».
Йесо ӕртӕ азӕй фылдӕр архайдта иудейаг адӕмы баууӕндын кӕныныл. Фӕлӕ дзы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ систы ӕдӕппӕт цалдӕр сӕдӕ. Ныр, цыппӕрӕм аз, Йесо йӕ архайд фӕтынгдӕр кодта. Иудейы ӕмӕ Перейы зӕрдӕбынӕй кӕй хъусын кӕны ӕмӕ адӕмы кӕй ахуыр кӕны, уымӕй фӕсномыг хуызы къахы иудейаг сӕнӕфсирдоны алыварс ӕмӕ йыл фаджыс кӕны. Фӕлӕ дзӕгъӕлы! Адӕмы нӕ фӕнды ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы сӕфт. Адӕмӕй ӕрмӕстдӕр иу хай хӕссы дыргъ.
Фӕстӕдӕр, сабаты, Йесо амоны ӕмбырдгӕнӕны. Ам федта, 18 азы дӕргъы хӕйрӕг удхарӕй кӕй мары ӕмӕ кӕй ныкъкъӕдзтӕ кодта, ахӕм сылгоймаджы. Йесо йын тынг фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын дзуры: «Сылгоймаг! ды уӕгъд кӕныс [«ирвӕзыс», НФ] дӕ уӕззау низӕй». Куыддӕр ыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, афтӕ сылгоймаг йӕ астӕу сраст кодта ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдта.
Ӕмбырдгӕнӕны хицау та смӕсты. «Ис ӕхсӕз боны,— дзуры уый,— кӕцыты ӕмбӕлы кӕнын; уыцы бонты цӕут дзӕбӕх кӕнынмӕ, фӕлӕ сабатбон та нӕ». Афтӕмӕй ӕмбырдгӕнӕны хицау разы у, Йесойӕн йӕ бон дзӕбӕх кӕнын кӕй у, фӕлӕ адӕм сабаты кӕй цӕуынц дзӕбӕх кӕнынмӕ, уый тыххӕй сӕ ӕфхӕры.
«Цӕстмӕхъус! — дзуапп дӕтты Йесо. — Алчидӕр уӕ нӕ райхалы йӕ галы кӕнӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй сабаты ӕмӕ сӕ нӕ акӕны дон бадарынмӕ? Уӕдӕ ацы Авраамы чызджы та, кӕцыйы хӕйрӕг сбаста мӕнӕ ӕстдӕс азы, нӕ ӕмбӕлд мыййаг суӕгъд кӕнын уыцы бӕттӕнтӕй сабатбон?»
Йесойы ныхмӕлӕуджытӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сӕхиуыл ӕрхудтысты. Адӕм та цин кӕнынц, Йесо цы диссӕгтӕ аразы, уыдоныл. Уый фӕстӕ Йесо фӕлхат кӕны, иу азы размӕ, Галилейы денджызы бӕлӕгъы бадгӕйӕ, цы дыууӕ пехуымпарадон фӕсномыг ныхасы радзырдта, уыдон. Лукайы 13:1—21; Екклесиаст 9:11; Матфейы 13:31—33.
▪ Цавӕр ӕнамонд цауты кой цӕуы ацы сӕры ӕмӕ уыцы цаутӕй Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кӕны?
▪ Куыд ис спайдагӕнӕн ӕнӕдыргъ легъуибӕласы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй ӕмӕ йӕ тыллӕгджын скӕныны фӕлварӕнтӕй?
▪ Ӕмбырдгӕнӕны хицау куыд сразы, Йесойӕн йӕ бон дзӕбӕх кӕнын кӕй у, ууыл, фӕлӕ йын Йесо куыд раргом кодта йӕ цӕстмӕхъусдзинад?