87 сӕр
Фидӕныл зондджынӕй хъуыды кӕнын
ГЫЦЦЫЛ раздӕр Йесо дзырд фӕци сӕфт фысы таурӕгъ. Цы бирӕ адӕм ӕм хъуыста, уыдоны ’хсӕн уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, хъалонӕмбырдгӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр тӕригъӕдджынтӕ, афтӕ ма чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ дӕр. Ныр та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры фӕсномыг ныхас, йӕ хӕдзармӕгӕсӕджы тыххӕй ӕвзӕр хабар чи фехъуыста, ахӕм хъӕздыг лӕджы тыххӕй.
Йесо куыд дзуры, афтӕмӕй уыцы хъӕздыг лӕг фӕсидт йӕ хӕдзармӕгӕсӕгмӕ, цӕмӕй йын бамбарын кӕна, йӕ бынатӕй йӕ исынмӕ кӕй хъавы. «Цы бакӕнон? — хъуыды кӕны йӕхимидӕг хӕдзармӕгӕсӕг. — Мӕ ӕлдар исы мӕнӕй хӕдзармӕ кӕсӕджы куыст: къахын мӕ бон нӕу, курын ӕфсӕрмы кӕнын; зонын, цы бакӕнон, цӕмӕй мӕ сӕ хӕдзӕрттӕм уадзой, мӕ куыстӕй мӕ куы аиуварс кӕной, уӕд».
Цавӕр фӕнд сӕвзӕрд хӕдзармӕгӕсӕгмӕ? Йӕ ӕлдары хӕсджынтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ радгай фӕрсы: «Ды цас дарыс мӕ ӕлдарӕй?»
Фыццаг дзуапп дӕтты: «Сӕдӕ барӕны [2 200 литры] зети».
«Айс дӕ къухӕрфыст ӕмӕ сбад, рӕвдздӕр ныффысс: фӕндзай [1 100]»,— домы дзы уый.
Уый фӕстӕ дзуры иннӕмӕ: «Ды та цас дарыс?»
«Сӕдӕ барӕны [22 000] мӕнӕу»,— загъта уый.
«Айс дӕ къухӕрфыст ӕмӕ ныффысс: ӕстай [18 000]».
Хӕдзармӕгӕсӕгӕн ис йӕ ӕлдары къухфыстытӕ фӕивыны бар, уымӕн ӕмӕ финансон хъуыддӕгтӕ нырма йӕ бӕрны сты. Хӕсджынтӕн сӕ хӕстӕ кӕй фӕкъаддӕр кодта, уымӕй сси сӕ хӕлар, цӕмӕй, йӕ куыст куы фесафа, уӕд ын уыдон дӕр баххуыс кӕной.
Уыцы хабар ӕлдар куы базыдта, уӕд тынг бадис кодта. «Ӕмӕ раппӕлыд ӕлдар йӕ ӕнӕраст кусӕгӕй, ӕрхъуыдыджын [«зондджын», НФ] ми кӕй бакодта уымӕй». Стӕй Йесо бафтыдта: «Ацы дуджы фырттӕ сты ӕрхъуыдыджындӕр рухсы фырттӕй, сӕхи хъуыддаджы [«сӕ мыггаджы ӕхсӕн», НФ]».
Уый фӕстӕ Йесо ӕмбарын кӕны, ацы фӕсномыг ныхас йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕуыл ахуыр кӕны. Уый дзуры: «Уӕхицӕн агурут хӕлӕрттӕ ӕнӕраст хъӕздыгдзинадӕй, цӕмӕй куы смӕгуыр уат, уӕд уӕ райсой ӕнусмӕ цӕрӕнтӕм [«ӕнусон цӕрӕн бынатмӕ», НФ]».
Йесо хӕдзармӕгӕсӕгӕй, ӕдзӕсгом кӕй у, уый тыххӕй не ’ппӕлы, фӕлӕ ӕрхъуыдыджын кӕнӕ зондджын кӕй у, уый тыххӕй. Арӕх «ацы дуджы фырттӕ» арӕхстджынӕй спайда кӕнынц се ’хцатӕй кӕнӕ сӕ бартӕй, цӕмӕй сын бахъуаджы сахат чи баххуыс кӕна, уыдонӕй сӕхицӕн хӕлӕрттӕ скӕной. Уымӕ гӕсгӕ «рухсы фырттӕ», Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр хъуамӕ зондджынӕй пайда кӕной сӕ исбонӕй, сӕ «ӕнӕраст хъӕздыгдзинадӕй».
Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы хъӕздыгдзинадӕй сӕхицӕн хӕлӕрттӕ хъуамӕ кӕной, «ӕнусон цӕрӕн бынатмӕ» сӕ кӕй бон у райсын, уыдонӕй. Уыцы цӕрӕнбынат гыццыл дзуджы уӕнгтӕн ис уӕлӕрвтыл, «ӕндӕр фыстӕн» та — дзӕнӕтон зӕххыл. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты бон у адӕмы уыцы цӕрӕнбынӕттӕм райсын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ, цы «ӕнӕраст хъӕздыгдзинад нӕм ис, уымӕй Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ, зӕрдӕбынӕй фидар кӕнӕм нӕ хӕлардзинад семӕ. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы материалон хъӕздыгдзинадӕн аргъ куы нал уа кӕнӕ куы фесӕфа, уӕд нын цӕттӕ уыдзӕн ӕнусон фидӕн.
Дарддӕр Йесо дзуры, суанг уыцы материалон кӕнӕ гыццыл хъуыддӕгты ӕууӕнкджын чи у, уый стыр хъуыддӕгты дӕр ӕууӕнкджын кӕй разындзӕн. Уый дзуры: «Сымах кӕд ӕнӕраст хъӕздыгдзинады нӕ уыдыстут ӕууӕнкджын, уӕд ӕцӕг [ома, духовон кӕнӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕ] сымах бар чи бакӕндзӕн? Ӕмӕ искӕйы исбоны [ома, йӕ лӕггадгӕнджыты бар кӕй бакодта, Паддзахады уыцы хъуыддӕгты] кӕд нӕ уыдыстут ӕууӕнкджын, чи ратдзӕн сымахӕн уӕхион [ома ӕнусон цӕрӕнбынаты цӕрыны бар]?»
Йесо кӕронбӕттӕны куыд загъта, афтӕмӕй нӕй гӕнӕн, цӕмӕй уыцы иу рӕстӕджы уӕм Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕраст хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр: «Никӕцы кусӕджы бон у кусын дыууӕ ӕлдарӕн: уымӕн ӕмӕ йын иу уыдзӕн ӕнӕуынон, иннӕйы та уарздзӕн, кӕнӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕмӕ та не здӕхдзӕн [«зивӕг кӕндзӕни», НФ]. Уӕ бон нӕу кусын Хуыцауӕн ӕмӕ маммонӕн». Лукайы 15:1, 2; 16:1—13; Иоанны 10:16.
▪ Йесойы фӕсномыг ныхасы хӕдзармӕгӕсӕг йӕхицӕн хӕлӕрттӕ куыд скодта, фӕстӕдӕр ын чи баххуыс кӕндзӕн, уыдонӕй?
▪ Цы у «ӕнӕраст хъӕздыгдзинад» ӕмӕ уый руаджы куыд у нӕ бон нӕхицӕн хӕлӕрттӕ скӕнын?
▪ Кӕй бон у мах «ӕнусон цӕрӕн бынатмӕ» райсын ӕмӕ цы у уыцы цӕрӕнбынат?