78 СӔР
Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг, дӕхи цӕттӕ дар!
ӔУУӔНКДЖЫН ХӔДЗАРМӔГӔСӔГ ХЪУАМӔ ЙӔХИ ЦӔТТӔ ДАРА
ЙЕСО ӔРЦЫД ИУТЫ ИННӔТЫ НЫХМӔ СКӔНЫНМӔ
Йесо бамбарын кодта, уӕларвон Паддзахадмӕ ӕрмӕстдӕр «гыццыл дзуг» кӕй бацӕудзӕн (Лукайы 12:32). Фӕлӕ сын уыцы диссаджы хӕрзиуӕг райсыны фадат кӕй ис, уымӕ хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсой. Адӕймаг йӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй куы нӕ кӕса, уӕд уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕн.
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йе ’рцыдмӕ сӕхи цӕттӕ дарой. Загъта сын: «Уӕ астӕутӕ баст уӕнт, уӕ цырӕгътӕ судзӕнт, ӕмӕ ут, чындзӕхсӕвӕй йӕ хицауы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм адӕймӕгты хуызӕн – куыддӕр сӕ хицау ӕрбацӕуа ӕмӕ ӕрбахойа, афтӕ йын дуар бакӕндзысты. Амондджын сты уыцы цагъартӕ, сӕ хицау ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ кӕй ӕрӕййафа!» (Лукайы 12:35–37).
Ахуыргӕнинӕгтӕн зын бамбарӕн нӕ уыд, фӕсномыг ныхасы цагъартӕн цы зӕрдӕйы уаг уыд, уый. Уыдон сӕ хицауы ӕрцыдмӕ цӕттӕ уыдысты ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты. Йесо бамбарын кодта, зӕгъгӕ, хицау «ӕмбисӕхсӕв [ома изӕры 9 сахатӕй ӕмбисӕхсӕвмӕ], суанг кӕркуасӕнты дӕр [ома ӕмбисӕхсӕвӕй ӕхсӕвы 3 сахатмӕ] куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ афтӕмӕй куы ӕрӕййафа, уӕд амондджын сты!» (Лукайы 12:38).
Йесо ӕрмӕст уый кой нӕ кодта, ӕмӕ хӕдзары лӕггадгӕнджытӕ, кӕнӕ кусджытӕ, ӕнӕзивӕг хъуамӕ уой. Уый бӕрӕг у, Йесо, ома Адӕймаджы Фырт, фӕсномыг ныхасы йӕхи кой куыд ракодта, уымӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Лукайы 12:40). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, Йесо фидӕны кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ, уӕлдайдӕр та «гыццыл дзуг», йе ’рцыдмӕ цӕттӕ уыдаиккой.
Йесо уыцы ныхӕстӕй цы зӕгъинаг уыд, уый Петры фӕндыд бамбарын, ӕмӕ йӕ бафарста: «Хицау, уыцы фӕсномыг ныхас мах тыххӕй радзырдтай ӕви иннӕты тыххӕй дӕр?» Йесо йын комкоммӕ дзуапп нӕ радта, фӕлӕ радзырдта, фыццаг фӕсномыг ныхасимӕ баст чи уыд, ахӕм фӕсномыг ныхас: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын хӕдзармӕгӕсӕг, йӕ хицау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй бар бакӕндзӕн, цӕмӕй сын сӕ хӕринаджы хай афоныл дӕтта? Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа! Зӕгъын уын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн» (Лукайы 12:41–44).
Фыццаг фӕсномыг ныхасы цы «хицауы» кой цӕуы, уый у Йесо – Адӕймаджы Фырт. Ӕмӕ уӕд ӕууӕнкджын «хӕдзармӕгӕсӕг» та чи у? Уый иу адӕймаг нӕу, фӕлӕ сты цалдӕр адӕймаджы ӕмӕ сты, уӕларвон Паддзахад лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕудзӕн, уыцы «гыццыл дзугӕй» (Лукайы 12:32). Ацы фӕсномыг ныхасы Йесо бамбарын кодта, гыццыл дзугӕй чидӕртӕ «йӕ лӕггадгӕнджытӕн» кӕй дӕтдзысты «сӕ хӕринаджы хай афоныл». Фӕлӕ уый кӕд хъуамӕ уыдаид? Петры дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр Йесо йӕхӕдӕг кӕй ахуыр кодта ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй кӕй ӕфсӕста, уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыннӕ бамбӕрстаиккой, уый кӕй хъуамӕ уыдаид фидӕны, Адӕймаджы Фырт куы ’рцыдаид, уӕд. Уыцы рӕстӕджы зӕххыл хъуамӕ уыдаид, Йесойы фӕдылдзӕуджыты, ома Хицауы «лӕггадгӕнджыты», уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй цух чи нӕ уагътаид, ахӕм хӕдзармӕгӕсӕг.
Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕндӕр хуызы дӕр бамбарын кодта, къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уой ӕмӕ сӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕ сӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарой. Уыцы хъуыддагмӕ сын се ’ргом уый тыххӕй аздӕхта, ӕмӕ тӕссаг уыди, ахӕм ӕнӕмӕт куы суыдаиккой, ӕмӕ ма суанг иннӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ цӕуын дӕр куы райдыдтаиккой, уымӕй. Йесо загъта: «Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхицӕн афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау тагъд нӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, стӕй хӕрд ӕмӕ нозтыл куы фӕуа, куы-иу ныррасыг уа, уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ цы сахат ӕнхъӕл нӕ уа, уыцы сахат. Ӕмӕ йӕ карзӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын зӕгъдзӕн, дӕ бынат дӕлӕ ӕууӕнкхортимӕ, зӕгъгӕ» (Лукайы 12:45, 46).
Йесо загъта, зӕгъгӕ, «ӕз зӕхмӕ ӕрцыдтӕн арт бандзарынмӕ». Ӕмӕ зӕххыл арт ӕцӕгдӕр бандзӕрста! Адӕмимӕ ахӕм хъуыддӕгтыл ныхас кодта, ӕмӕ-иу цыма се ’хсӕн зынг сирвӕзт, афтӕ-иу кӕрӕдзийы ныхмӕ систы, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы арт мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ ныхъуырдта. Йесо кӕрӕдзийы ныхмӕ скодта, кӕрӕдзийыл ӕнувыд чи хъуамӕ уа, уыдоны дӕр. Куыд загъта, афтӕ «фыд [сси] йӕ фырты ныхмӕ, фырт та йӕ фыды ныхмӕ, мад йӕ чызджы ныхмӕ, чызг та йӕ мады ныхмӕ, ӕфсин йӕ чындзы ныхмӕ, чындз та йе ’фсины ныхмӕ» (Лукайы 12:49, 53).
Ацы ныхӕстӕ тынгдӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм хаудтой. Фӕлӕ уый фӕстӕ Йесо йе ’ргом аздӕхта адӕммӕ. Сӕ фылдӕр сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой ӕмӕ сын кӕд, Йесо Мессийӕ кӕй уыд, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыди, уӕддӕр ыл нӕ баууӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта: «Ныгуылӕнырдыгӕй мигъ ссӕугӕ куы фенут, уӕд уайтагъд фӕзӕгъут: „Тыхдымгӕ ӕрбацӕуы ӕмӕ йемӕ къӕвда ӕрбахӕссы“, ӕмӕ вӕййы афтӕ. Ӕмӕ хуссарӕй дымгӕ куы фӕдымы, уӕд та фӕзӕгъут: „Тынг тӕвд уыдзӕн“, ӕмӕ ӕцӕгдӕр вӕййы тӕвд. Цӕстмӕхъустӕ! Зӕхх ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд, цы рӕстӕджы цӕрут, уый раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у?» (Лукайы 12:54–56). Бӕрӕг у, уыдон Мессийӕйы ӕрцыдмӕ цӕттӕ кӕй нӕ уыдысты.