Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 87 сӕр, 204 ф.–205 ф., 3 абз.
  • Ут сӕрӕн – фидӕныл хъуыды кӕнут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ут сӕрӕн – фидӕныл хъуыды кӕнут
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фидӕныл зондджынӕй хъуыды кӕнын
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг, дӕхи цӕттӕ дар!
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 87 сӕр, 204 ф.–205 ф., 3 абз.
Хъӕздыг хицау йӕ хӕдзармӕгӕсӕджы йӕ куыстӕй ӕрвиты

87 СӔР

Ут сӕрӕн – фидӕныл хъуыды кӕнут

ЛУКАЙЫ 16:1–13

  • ФӔСНОМЫГ НЫХАС ӔНӔУУӔНК ХӔДЗАРМӔГӔСӔДЖЫ ТЫХХӔЙ

  • «ХӔЛӔРТТӔ СКӔНУТ» УӔ ХЪӔЗДЫГДЗИНАДЫ ФӔРЦЫ

Йесо гыццыл раздӕр радзырдта фӕсномыг ныхас сӕфт фырты тыххӕй. Чи йӕм хъуыста, уыцы хъалонисджытӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ хъуамӕ хуыздӕр бамбӕрстаиккой, Хуыцауы кӕй фӕнды, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнын (Лукайы 15:1–7, 11). Ныр та Йесо йе ’ргом аздӕхта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас. Дзырд дзы цӕуы, йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг, кӕнӕ хӕдзармӕгӕсӕг, сайдӕй кӕуыл цыди, иу ахӕм хъӕздыг лӕджы тыххӕй.

Хӕдзармӕгӕсӕг хъуыды кӕны, дарддӕр цы бакӕндзӕн, ууыл; 2. Хӕдзармӕгӕсӕг, йӕ хицауӕй хӕс чи дардта, уымӕн йӕ хӕс фӕкъаддӕр кодта

Йесо куыд радзырдта, афтӕмӕй хӕдзармӕгӕсӕгӕй рахъаст кодтой, йӕ хицауы фӕллӕйттӕ, дам, хӕры. Ӕмӕ йын уӕд йӕ хицау загъта, йӕ куыстӕй йӕ кӕй фӕтӕрдзӕн. Хӕдзармӕгӕсӕг мӕты бацыд ӕмӕ йӕхицӕн загъта: «Мӕ хицау мӕ мӕ бынатӕй тӕргӕ куы кӕны, уӕд ма цы кӕндзынӕн? Зӕхх къахон – уыцы хъару мӕм нӕй, мӕгуыргур цӕуын та мӕм худинаг кӕсы». Гъемӕ йӕм разӕй цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл ахъуыды кодта ӕмӕ аскъуыддзаг кодта: «Зонын ӕй, цы мӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй, уынаффӕгӕнӕг куы нал уон, уӕд-иу мӕ адӕм сӕ хӕдзары суазӕг кӕной». Ӕмӕ уайтагъд фӕдзырдта, йӕ хицауӕй хӕс чи дардта, уыдонмӕ ӕмӕ дзы иуы бафарста: «Мӕ хицауӕй цас дарыс?» (Лукайы 16:3–5).

Уый йын загъта: «Сӕдӕ дурыны [ома 2 200 литры бӕрц] оливӕйы сой». Хӕс чи дардта, уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыди, оливӕбӕлӕстӕ кӕм зад, ахӕм стыр дыргъдон кӕнӕ та оливӕйы сой уӕй кодта. Гъемӕ йын хӕдзармӕгӕсӕг загъта: «Айс дӕ гӕххӕтт, ӕрбад ӕмӕ рӕвдздӕр ныффысс: фӕндзай [ома 1 100 литры бӕрц]» (Лукайы 16:6).

Уый фӕстӕ та иннӕйы бафарста: «Ды та цас дарыс?» Уый йын дзуапп радта: «Сӕдӕ быркуыйы [ома 22 000 литры бӕрц] мӕнӕу». Ӕмӕ уымӕн та загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт ӕмӕ ныффысс: ӕстай“». Уӕдӕ та уымӕн дӕр йӕ хӕс зынгӕ фӕкъаддӕр кодта (Лукайы 16:7).

Хицауы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕхцатӕ нырма хӕдзармӕгӕсӕджы бар уыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди, йӕ хицауӕй иннӕтӕ цы хӕс дардтой, уый фӕкъаддӕр кӕнын. Уый фӕрцы уыцы адӕмӕй йӕхицӕн хӕлӕрттӕ скодта, ӕмӕ, ӕнӕ куыстӕй куы баззадаид, уӕд-иу ын уыдон дӕр йӕ къух сарӕзтаиккой.

Уӕдмӕ хицау хабар базыдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ мулкӕй фӕхъуыди. Фӕлӕ йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг цы сарӕзта, уый йӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ дзы раппӕлыд, кӕд «ӕнӕууӕнк» разынд, уӕддӕр «сӕрӕндзинад» кӕй равдыста, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ Йесо йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ацы дунейы адӕм сӕ фӕлтӕры адӕмимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд, рухсы чи ис, уыдонӕй сӕрӕндӕр вӕййынц» (Лукайы 16:8).

Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ хӕдзармӕгӕсӕг раст бакодта, стӕй ӕхцайы хъуыддӕгты хинӕй архайынмӕ дӕр нӕ разӕнгард кодта. Уӕдӕ йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныффӕдзӕхста: «Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы, цӕмӕй уӕм хъӕздыгдзинад куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной ӕнусон цӕрӕнбынӕтты» (Лукайы 16:9). Уӕдӕ ацы фӕсномыг ныхасӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ хъуамӕ уӕм сӕрӕн ӕмӕ дардмӕуынӕг. «Рухсы чи ис, уыдон», ома Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, хъуамӕ сӕ мулк ӕмӕ се ’хцайӕ зондджынӕй пайда кӕной – хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, ӕнусон цард сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

Уӕларвон Паддзахадмӕ кӕнӕ, уыцы Паддзахад зӕххыл цы Дзӕнӕт скӕндзӕн, уырдӕм адӕймаджы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт бакӕндзысты. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не ’хца ӕмӕ нӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ма ӕвгъау кӕнӕм. Афтӕмӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесо нӕ хӕлӕрттӕ суыдзысты, ӕмӕ сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ иннӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ куы нал уой, ома куы фесӕфой, уӕд нын ӕнусон цард балӕвар кӕндзысты.

Йесо ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, йӕ мулк ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинадӕй пайда кӕнгӕйӕ ӕууӕнкджын чи у, уый ӕууӕнкджын уыдзӕн стырдӕр хъуыддӕгты дӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхасмӕхъусджыты бафарста: «Уӕдӕ кӕд, мӕнгард хъӕздыгдзинадимӕ куыд архайын хъӕуы, уымӕй уӕхи ӕууӕнкджынӕй нӕ равдыстат, уӕд уыл ӕцӕг хъӕздыгдзинад [зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ] чи баууӕнддзӕн?» (Лукайы 16:11).

Афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын сӕ кӕй хъӕуы, цӕмӕй сӕ Хуыцау «ӕнусон цӕрӕнбынӕтты» суазӕг кӕна. Адӕймаг Хуыцауӕн дӕр лӕггад кӕна ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы зӕххон хъӕздыгдзинады цагъар дӕр уа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Йесо йӕ фӕсномыг ныхас фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Иу лӕггадгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Лукайы 16:9, 13).

  • Йесойы фӕсномыг ныхасы хӕдзармӕгӕсӕг, фӕстӕдӕр ын чи баххуыс кодтаид, уыдонӕй йӕхицӕн хӕлӕрттӕ куыд скодта?

  • Цы у «мӕнгард хъӕздыгдзинад»? Уыцы хъӕздыгдзинады фӕрцы Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн йӕ бон куыд у йӕхицӕн «хӕлӕрттӕ» скӕнын?

  • «Мӕнгард хъӕздыгдзинадӕй» пайда кӕнгӕйӕ ӕууӕнкджын куы уӕм, уӕд нӕ «ӕнусон цӕрӕнбынӕттӕм» чи бакӕндзӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын