127 сӕр
Майрӕмбоны йӕ баныгӕдтой — хуыцаубоны зӕппадз у афтид
МАЙРӔМБОН. Изӕр кӕны. Тагъд хур аныгуылдзӕн ӕмӕ райдайдзӕн сабат, 15 нисан. Йесойы ӕдзард буар цӕджындзыл ӕрзӕбул, фӕлӕ дыууӕ фыдгӕнӕджы нырма удӕгас сты. Сихорӕй фӕстӕмӕ майрӕмбон Цӕттӕгӕнӕн хонынц, уымӕн ӕмӕ уӕд адӕм хӕринаг фӕцӕттӕ кӕнынц ӕмӕ, сабаты фӕудмӕ аргъӕвӕн цы куыстытӕн нӕй, уыдон фӕкӕнынц.
Сабатмӕ бирӕ нал баззад, ӕмӕ уыцы бон канд сабат, ома къуырийы ӕвдӕм бон нӕу, уый у дывӕр кӕнӕ «стыр» сабат дӕр. Афтӕ та уый тыххӕй хуыйны, ӕмӕ 15 нисан, авдбонон Ӕнӕнхъизӕнты бӕрӕгбоны фыццаг бон (къуырийы кӕцыфӕнды бонмӕ ма ӕрхауа, уӕддӕр ӕрвылхатт дӕр вӕййы сабат) ӕрхауд ацы сабатмӕ.
Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ мард ӕхсӕв цӕджындзыл хъуамӕ ма баззайа. Уымӕ гӕсгӕ иудейтӕ курынц Пилатӕй, цӕмӕй цӕджындзыл чи ис, уыдонӕн сӕ уӕрджытӕ асӕттой ӕмӕ тагъддӕр амӕлой. Уыйадыл ӕфсӕддонтӕ дыууӕ фыдгӕнӕджы уӕрджытӕ асастой, Йесомӕ та нӕ бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ афтӕ зыны, цыма мард у. Уымӕй ӕххӕст кӕны Фыстады бынат: «Йӕ стӕг нӕ асӕтдзӕн».
Фӕлӕ ӕцӕгдӕр мард кӕй у, уый кӕронмӕ сбӕлвырд кӕнынӕн ӕфсӕддонтӕй сӕ иу Йесойы фарс арцӕй барӕхуыста. Арц бахызт зӕрдӕмӕ ’ввахс ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалд. Уыцы цаутӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы апостол Иоанн хъусын кӕны, уымӕй кӕй сӕххӕст ӕндӕр пехуымпарад дӕр: «Скӕсдзысты Уымӕ, Кӕцыйы барӕхуыстой».
Уым ис синедрионы зындгонд уӕнг Иосиф Аримафейӕ. Сӕйраг тӕрхондон Йесойы ныхмӕ ӕнӕраст аххосӕгтӕ куы раразмӕ кодта, уӕд уый семӕ не сразы. Раст зӕгъгӕйӕ, кӕд Иосиф йӕхи раргом кӕнынӕй тарст, уӕддӕр у Йесойы ахуыргӕнинаг. Фӕлӕ ныр йӕхимӕ уыйбӕрц тых ссардта, ӕмӕ бацыд Пилатмӕ, цӕмӕй дзы Йесойы буар ракура. Пилат фӕдзырдта радгӕс сӕдӕйы хицаумӕ ӕмӕ Йесо кӕй амард, уый куы сбӕлвырд кодта, уӕд ын мард раттын кодта.
Иосиф Йесойы буар райста, сыгъдӕг кӕттаджы йӕ батыхта ӕмӕ йӕ ныгӕнынмӕ ӕрцӕттӕ кодта. Иосиф иунӕг нӕу. Ӕххуыс ын кӕны синедрионы ӕндӕр уӕнг Никодим. Уый дӕр, Йесойыл кӕй ӕууӕнды, уый ӕргом нӕ равдыста, уымӕн ӕмӕ йӕ бынатӕн тарст. Фӕлӕ ныр ӕрбахаста сӕдӕ ромаг фунты бӕрц [33 литры] смирнӕ ӕмӕ алойӕ конд хорз тӕфгӕнаг буаргъӕд. Ӕмӕ иудейты мард ныгӕныны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Йесойы буар хорз тӕфгӕнӕгтӕй байсӕрстой ӕмӕ йӕ ӕмбӕрзӕны батыхтой.
Уый фӕстӕ йӕ уым хӕстӕг дыргъдоны мидӕг къӕдзӕхы къахт Иосифы ног зӕппадзы бавӕрдтой ӕмӕ зӕппадзы бахизӕны стыр дур бафӕлдӕхтой. Цӕмӕй сабаты райдианмӕ буар ӕнӕныгӕдӕй ма баззадаид, уый тыххӕй йӕ тагъд-тагъд ацӕттӕ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Мариа Магдалинаг ӕмӕ Мариа, кӕстӕр Иаковы мад (уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕххуыс кодтой Йесойы буар цӕттӕ кӕнынӕн) тагъд кӕнынц хӕдзармӕ, цӕмӕй ноджы фылдӕр хорз тӕфгӕнӕгтӕ ӕрцӕттӕ кӕной. Сӕ зӕрды ис сабаты Йесойы буармӕ ногӕй хорз базилын, цӕмӕй фылдӕр фӕлӕууа.
Дыккаг бон, сабаты, хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ бацыдысты Пилатмӕ ӕмӕ йын дзурынц: «Ӕлдар [«Нӕ хицау», НФ]! мах ӕрхъуыды кодтам, уыцы сайӕг ма ӕгас куы уыд, уӕд загъта: „ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“; уӕдӕ бардзырд ратт ингӕн хъахъхъӕнынӕн ӕртыккаг бонмӕ, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕрбацӕугӕйӕ ӕхсӕвы, ма адавой Уый, ӕмӕ ма зӕгъой адӕмӕн: „райгас мӕрдтӕй“; ӕмӕ уыдзӕн фӕстаг сайд ӕвзӕрдӕр фыццагӕй».
«Ис уӕм хъахъхъӕнджытӕ,— дзуапп сын дӕтты Пилат.— Ацӕут, хъахъхъӕнут куыд зонут, афтӕ». Уыдон ацыдысты, дурыл мыхуыр сӕвӕрдтой ӕмӕ ромаг ӕфсӕддонты зӕппадз хъахъхъӕнджытӕй баурӕдтой.
Хуыцаубоны райсомӕй раджы Мариа Магдалинаг, Иаковы мад Мариа, Саломиа, Иоаннӕ ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ зӕппадзмӕ ӕрбахастой хорз тӕфгӕнаг буаргъӕдтӕ, цӕмӕй сӕ Йесойы буармӕ базилой. Фӕндагыл кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Чи нын афӕлдахдзӕн дур зӕппадзы дуарӕй?» Фӕлӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уынынц, зӕххӕнкъуыст кӕй уыд ӕмӕ Иегъовӕйы зӕд дур кӕй афӕлдӕхта. Хъахъхъӕнджытӕ уым нал сты, зӕппадз та у афтид! Матфейы 27:57—28:2; Маркы 15:42—16:4; Лукайы 23:50—24:3, 10; Иоанны 19:14, Ин 19:31—20:1; Ин 12:42; Левит 23:5—7; Дыккаг закъон 21:22, 23; Псалом 33:21; Захари 12:10.
▪ Майрӕмбон Цӕттӕгӕнӕн цӕмӕн хуыйны ӕмӕ цы у «стыр» сабат?
▪ Йесойы буарӕн цы бакодтой, уымӕй цавӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты?
▪ Цы сарӕзтой Иосиф ӕмӕ Никодим Йесойы баныгӕныны тыххӕй ӕмӕ сын цавӕр ахаст ис Йесомӕ?
▪ Цавӕр курдиатимӕ ӕрбацыдысты сауджынтӕ Пилатмӕ ӕмӕ сын цы дзуапп ратта?
▪ Хуыцаубоны райсомӕй раджы цы хабар ӕрцыд?