Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахуырадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр иннӕ ныййарджытау хъуыды кӕнынц сӕ сывӕллӕтты фидӕныл. Уымӕ гӕсгӕ ахуыр нымайынц ахсджиаг хъуыддагыл. «Ахуырӕн йӕ нысан у, цӕмӕй адӕймаг ӕхсӕнадӕн пайда хӕсса, йӕ бӕстӕйы культурӕйӕн аргъ кӕнын сахуыр уа ӕмӕ амондджындӕр уа».
АЦЫ ныхӕстӕ ист сты иу энциклопедийӕ (The World Book Encyclopedia). Уыдонӕй бӕрӕг у, ахуырӕн йӕ сӕйраг нысӕнттӕй иу кӕй у сывӕллӕтты цардмӕ бацӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ уымӕ хауы бинонтӕ дарын дӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый ахсджиаг хъуыддагыл нымайынц. Библийы фыст ис: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, йӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй фыддӕр» (1 Тимофеймӕ 5:8). Скъолайы цӕуыл ахуыр кӕнынц, цы базонынц, уый сӕ уый фӕстӕ царды дӕр бахъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахуыр тынг ахсджиаг хъуыддагыл нымайынц.
«Ахуырадӕн йӕ нысан у, цӕмӕй адӕймаг ӕхсӕнадӕн пайда хӕсса, йӕ бӕстӕйы культурӕйӕн аргъ кӕна ӕмӕ амондджындӕр уа» (The World Book Encyclopedia)
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цӕрыныл: «Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:23). Уый хауы царды алы хъуыддагмӕ дӕр, уыимӕ скъолайы ахуыр кӕнынмӕ дӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ хорз ахуыр кӕной ӕмӕ уроктӕм сӕхи бӕстон цӕттӕ кӕной.
«Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:23)
Библимӕ гӕсгӕ ма адӕймаг хъуамӕ ӕххӕст кӕна, кӕм цӕры, уыцы бӕстӕйы закъӕттӕ. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд бӕстӕйы закъон домы, цӕмӕй сывӕллӕттӕ скъолайы бӕлвырд кармӕ ахуыр кӕной, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы закъон ӕххӕст кӕнынц (Ромӕгтӕм 13:1–7).
Хорз ирхӕфсӕнтӕ, музыкӕ, хобби, спорт, библиотекӕтӕм ӕмӕ музейтӕм цӕуын – стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй сывӕллон фылдӕр зона ӕмӕ фылдӕр цӕмӕдӕрты арӕхса
Уӕдӕ скъола сывӕллоны цӕттӕ кӕны цардмӕ. Фӕлӕ, Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй ахуырӕн йӕ иунӕг ӕмӕ йӕ сӕйраг нысан уый нӕу. Сывӕллон хорз куы фӕахуыр кӕны, уӕд вӕййы амондджындӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр, стӕй ӕхсӕнадӕн дӕр фылдӕр пайда фӕхӕссы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц, сӕ сывӕллӕттӕ урокты фӕстӕ цы фӕкусынц ӕмӕ сӕхи цӕмӕй фӕирхӕфсынц, уымӕ. Уыдон зонынц, хорз ирхӕфсӕнтӕ, музыкӕ, хобби, спорт, библиотекӕтӕм ӕмӕ музейтӕм цӕуын стыр ӕххуыс кӕй сты, цӕмӕй сывӕллон фылдӕр зона ӕмӕ фылдӕр цӕмӕдӕрты арӕхса. Уымӕй уӕлдай ма сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй хистӕрты нымайой ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной.
Скъолайы фӕстӕ ма ӕндӕр искуы ахуыр кӕныны тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?
Ног технологитӕ кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы ног специалисттӕ. Уый тыххӕй ӕрыгӕттӕй бирӕты хъӕудзӕн кусын, кӕуыл сахуыр кодтой, уыцы профессийыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕрыл. Ахӕм уавӕры сын баххуыс кӕндзысты, цы куыстытӕ кӕнын зонынц ӕмӕ цӕмӕ арӕхсынц, уыдӕттӕ. Уӕлдайдӕр та сын баххуыс кӕндзӕн, цыфӕнды куыст кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ куы уой, уый. 16 ӕнусы цӕрӕг французаг фыссӕг Монтен куыд загъта, афтӕмӕй, «бирӕ зонындзинӕдтӕ кӕм ис, ахӕм сӕр хорз у, фӕлӕ, зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын чи зоны, ахӕм сӕр та ноджы хуыздӕр у». Ӕмӕ хорз вӕййы, сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд сӕ зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын куы фӕзонынц.
Хъӕздыг бӕстӕты дӕр ӕмӕ мӕгуыр бӕстӕты дӕр ӕнӕ куыстӕй баззайынӕй арӕхдӕр тӕссаг вӕййы ӕрыгӕттӕн, уымӕн ӕмӕ фӕлтӕрдджын нӕма вӕййынц. Кӕмдӕрты, цӕмӕй адӕймаджы куыстмӕ райсой, уый тыххӕй ӕрмӕст скъола фӕуын фаг нӕу. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнынц, цӕмӕй бӕстон ахъуыды кӕной, дарддӕр ахуыр кӕнынмӕ кӕдӕм бацӕудзысты, ууыл.
Фӕлӕ адӕймаг йӕ цардӕй райгонд уыдзӕн ӕви нӕ, уый хъӕздыгдзинадӕй кӕнгӕ нӕу. Царды ӕппӕты сӕйрагдӕр йӕ куыст кӕмӕн уыд, уыдонӕй чидӕртӕ ӕнӕ куыстӕй куы баззадысты, уӕд сӕм сӕ цард ӕппындӕр ницыуал каст. Ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ сӕ куыстӕй дарддӕр ницыуал фӕуынынц, ӕмӕ сӕ нал дӕр сӕ кӕрӕдзимӕ февдӕлы, нал дӕр сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынмӕ.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг, цавӕр ахуырад райсдзӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, амондджын ӕрмӕст ӕхцайы фӕрцы кӕй нӕ уыдзӕн. Йесо Чырысти загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“» (Матфейы 4:4). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты чырыстӕттӕ, ӕмӕ зонынц, адӕймагӕн йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты дарын куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй ӕгъдауджын уа ӕмӕ йӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕна.