Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 4 сӕр, 37–46 фф.
  • «Йегъовӕ... стыр тыхы хицау у»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Йегъовӕ... стыр тыхы хицау у»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы тых
  • Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы
  • Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы ӕххӕст кӕны йӕ фӕндтӕ
  • Кӕд Хуыцау ӕгӕрон тыхы хицау у, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм
  • Иегъовӕ у стыр тыхы хицау
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • «Агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • «Хуыцауы фӕзмут», уӕ тыхӕй куыд архайут, уымӕй
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 4 сӕр, 37–46 фф.
Илийа лӕгӕтӕй кӕсы, Йегъовӕ йӕ хъару куыд ӕвдисы, уымӕ: тыхдымгӕ сыстад, уый фӕстӕ уыди зӕххӕнкъуыст, стӕй та арт.

4 СӔР

«Йегъовӕ... стыр тыхы хицау у»

1, 2. Илийа йӕ царды цавӕр диссӕгтӕ федта, фӕлӕ Хоривы хохыл куы уыд, уӕд цы федта?

ИЛИЙА йӕ царды бирӕ диссӕгтӕ федта. Зӕгъӕм, йе знӕгтӕй куы ӕмбӕхст, уӕд ын халӕттӕ бон дыууӕ хатты хӕринаг хастой. Ӕххормаг заман бирӕ рӕстӕг куы ахаста, уӕд та федта, стыр дурыны ссад кӕй нӕ фӕуд кодта, гыццыл дурыны та – сой. Уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ куы скуывта, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцыд (1 Паддзӕхты, 17, 18 сӕртӕ). Фӕлӕ ныр Илийа федта ноджы стырдӕр диссаг.

2 Хоривы хохыл лӕгӕты бахизӕны куы лӕууыд, уӕд федта, ферох кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабӕрттӕ. Фыццаг уал дымгӕ сыстад. Бӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, гыбар-гыбур сси. Дымгӕ ахӕм тыхджын уыд, ӕмӕ хӕхтӕ скъуыдтӕ кодтой ӕмӕ къӕдзӕхтӕ згъӕлдысты. Стӕй та уыди тыхджын зӕххӕнкъуыст. Уый фӕстӕ та уыд арт. Бӕстӕ судзын куы райдыдта, уӕд Илийа, ӕвӕццӕгӕн, арты тӕвдӕй фӕцӕйсыгъд (1 Паддзӕхты 19:8–12).

3. Илийа Йегъовӕйы миниуджытӕй кӕцы федта ӕмӕ мах та уыцы миниуӕг йе сконд хъуыддӕгтӕй кӕцыты уынӕм?

3 Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау стыр тыхы хицау у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн диссӕгтӕ ӕвдисын нӕ хъӕуы, цӕмӕй бамбарӕм, Хуыцауы тыхӕн ӕмбал кӕй нӕй. Йӕ тых ын уынӕм алы ран дӕр. Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, йе сконд хъуыддӕгты ирдӕй зынынц «йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый» (Ромӕгтӕм 1:20). Ахъуыды-ма кӕн, тӕрккъӕвдайы рӕстӕг арв куыд ферттивы ӕмӕ куыд фӕнӕры, ууыл кӕнӕ рӕсугъд ӕхсӕрдзӕнтыл ӕмӕ стъалыджын арвыл. Уыдӕттӕ иууылдӕр Хуыцауы тыхыл дзурӕг не сты?! Фӕлӕ, Хуыцау тыхджын кӕй у, уый чи ӕмбары, уыдон тынг гыццыл сты. Ноджы къаддӕр та сты, Хуыцауы тыхмӕ раст цӕстӕй чи кӕсы, уыдон. Мах ӕмбарӕм, Хуыцау тыхджын кӕй у, уый ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ацы хайы Йегъовӕйы ӕгӕрон хъаруйы тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм.

«Йегъовӕ йӕ рӕзты... фӕцӕйцыд»

Йегъовӕйы тых

4, 5. а) Библийы Йегъовӕйы номы тыххӕй цы фыст ис? б) Йегъовӕ, куыд тыхджын у, уый равдисыны тыххӕй галы цӕвиттонӕн цӕмӕн ӕрхаста?

4 Йегъовӕ ахӕм стыр тыхы хицау у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Йеремийы 10:6 стихы фыст ис: «О Йегъовӕ, дӕуӕн ӕмбал нӕй. Ды дӕ кадджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ ном у кадджын ӕмӕ хъомысджын». Дӕ хъус-ма ӕрдар, ам афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном у хъомысджын. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы ном, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕ цӕй фӕрцы сфӕлдисы, цы йӕ бафӕнды, уый? Ӕмӕ йӕ цы бафӕнды, уый цӕй фӕрцы свӕййы? Йӕ тыхы фӕрцы. Тых у йӕ сӕйраг миниуджытӕй иу.

5 Цӕстуынгӕ цӕвиттонты фӕрцы нын Йегъовӕ бамбарын кодта, цы стыр тыхы хицау у, уый. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Библийы гал амоны Хуыцауы тыхмӕ (Йезекил 1:4–10). Йегъовӕ, куыд тыхджын у, уый равдисыны тыххӕй цӕвиттонӕн галы уымӕн ӕрхаста, ӕмӕ гал стыр ӕмӕ тыхджын вӕййы, суанг хӕдзарон гал дӕр. Библи куы фыстой, уыцы заман Палестинӕйы цӕрӕг адӕм уымӕй тыхджындӕр цӕрӕгой, ӕвӕццӕгӕн, никуы федтой. Фӕлӕ зыдтой, уымӕй тыхджындӕр хъӕддаг гал кӕй у (Иов 39:9–12). Ныр уыцы галы мыггаг нал ис. Ромы император Юлий Цезарь иухатт загъта, зӕгъгӕ, дам, уыцы галтӕ пылтӕй зына-нӕзына къаддӕр сты. Уый ныффыста: «Уыцы галтӕ сты тынг тыхджын ӕмӕ тынг тагъд лидзынц». Ахӕм цӕрӕгойы раз нӕхимӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг гыццыл ӕмӕ тынг лӕмӕгъ кӕсиккам!

6. «Ӕппӕтхъомысджын» ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ цӕмӕн хуыйны?

6 Хуыцауимӕ абаргӕйӕ дӕр адӕймаг гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ у. Йегъовӕйӕн цыфӕнды хъомысджын адӕмтӕ дӕр сты, барӕн къустыл чи сбады, уыцы рыджы хуызӕн (Исай 40:15). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у ӕгӕрон тыхы хицау, ӕмӕ Библи дӕр «Ӕппӕтхъомысджын»a ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы уый тыххӕй хоны (Раргомад 15:3). Йегъовӕмӕ ис стыр хъару ӕмӕ стыр тых (Исай 40:26). Ахӕм тыхы хицау у, ӕмӕ афтӕ никуы уыдзӕн, цӕмӕй йӕм цыдӕр саразынӕн тых мауал уа. Искӕй кӕнӕ йӕ истӕй тых никуы бахъӕуы, уымӕн ӕмӕ «хъару Хуыцаумӕ... ис» (Псалом 62:11). Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы?

Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы

7. Йегъовӕйы сыгъдӕг тых цы у ӕмӕ «тых»-ӕй цы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон цӕмӕ амонынц?

7 Йегъовӕйы сыгъдӕг тых у ӕгӕрон. Сыгъдӕг тых у Хуыцауы архайгӕ тых. Библи йӕ афтӕ хоны Райдианы 1:2 стихы. Дзырд «тых»-ӕй цы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон ма кӕцыдӕр рӕтты ратӕлмац кӕнынц дзырдтӕй «дымгӕ», «улӕфт» ӕмӕ «комулӕфт». Библи иртасджытӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы дзырдтӕ амонынц ӕнӕуынгӕ архайгӕ тыхмӕ. Дымгӕ куыд нӕ уынӕм, афтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр нӕ уынӕм, фӕлӕ, цы аразы, уый нӕ бон у фенын.

8. Библи Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд хоны ӕмӕ уыцы абарстытӕ раст цӕмӕн сты?

8 Йегъовӕйӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у саразын, цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый. Ӕмӕ Библи иуӕй-иу рӕтты Хуыцауы сыгъдӕг тых уый тыххӕй хоны Хуыцауы «ӕнгуылдз», йӕ «фидар къух» кӕнӕ йӕ «тыхджын цонг» (Лукайы 11:20, фиппаинаг; Дыккаг закъон 5:15; Йезекил 20:33). Адӕймаг йӕ къухтӕй алыхуызон куыстытӕ фӕкӕны. Йегъовӕ та алцыдӕр аразы йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы, зӕгъӕм, уыцы тыхы фӕрцы скодта гыццыл атом, Сырх денджызы дӕттӕ адих кодта ӕмӕ фыццаг чырыстӕтты ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиатӕй схайджын кодта.

9. Йегъовӕйӕн ма йӕ тых цӕмӕй бӕрӕг у?

9 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ тых бӕрӕг у, йӕ бартӕй куыд пайда кӕны, уымӕй дӕр. Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕйӕн йӕ дӕлбар сты милуангай лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ цӕттӕ сты, цыдӕриддӕр сын зӕгъа, уый саразынмӕ. Зӕххыл ын цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдоны Библи бирӕ рӕтты бары ӕфсадимӕ (Псалом 68:11; Рацыд 7:4). Фӕлӕ зӕдимӕ абаргӕйӕ адӕймаг лӕмӕгъ у. Зӕгъӕм, Ассирийы ӕфсад Хуыцауы адӕмимӕ схӕцынмӕ куы хъавыд, уӕд ӕрмӕст иу зӕд иу ӕхсӕвмӕ ныццагъта 185 мин ассириаг ӕфсӕддоны (2 Паддзӕхты 19:35). Уӕдӕ Хуыцауы зӕдтӕ «хъомысджынтӕ» сты (Псалом 103:19, 20).

10. а) Йегъовӕ ӕфсӕдты Хуыцау цӕмӕн хуыйны? б) Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты хъомысджындӕр чи у?

10 Зӕдтӕ цас сты? Пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, Йегъовӕйы паддзахбадӕны раз кӕй уыд 100 милуан зӕдӕй фылдӕр. Фӕлӕ дзы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ зӕдты се ’ппӕты дӕр федта (Данел 7:10). Чи зоны, сӕдӕгай милуантӕ дӕр сты. Йегъовӕ ӕфсӕдты Хуыцау дӕр уымӕн хуыйны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ разамынд дӕтты хъомысджын зӕдты стыр ӕфсадӕн. Ӕппӕт уыцы зӕдты сӕргъы Йегъовӕ сӕвӕрдта йӕ уарзон Фырты. Уый у, Хуыцау «цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15). Йесо у хистӕр зӕд, ома у ӕппӕт зӕдты, серафимты ӕмӕ херувимты хистӕр ӕмӕ у, Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты хъомысджындӕр.

11, 12. а) Хуыцауы Ныхасы стыр тых кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у? б) Йегъовӕмӕ цы тых ис, уый тыххӕй Йесо цы загъта?

11 Йегъовӕйӕн ма йе стыр тых бӕрӕг у ноджыдӕр иу хъуыддагӕй. Дзуттӕгтӕм 4:12 стихы фыст ис: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых». Дӕ хъус никуы ӕрдардтай, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Библийы цы ныффыссын кодта, уымӕн цы стыр тых ис, уымӕ? Хуыцауы Ныхасӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын нӕ хъарутыл хъару бафтауа, нӕ уырнындзинад нын бафидар кӕна ӕмӕ нын хуыздӕрырдӕм аивынӕн баххуыс кӕна. Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи ӕнӕгъдау адӕмӕй хызтаиккой. Стӕй ма загъта: «Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Ӕцӕгдӕр, «Хуыцауы ныхасы» цы стыр тых ис, уый сын баххуыс кодта, цӕмӕй аивтаиккой.

12 Йегъовӕ ахӕм стыр тыхы хицау у, ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн, цы сфӕнд кӕна, уый саразын. Йесо загъта: «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Матфейы 19:26). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы ӕххӕст кӕны йӕ фӕндтӕ

13, 14. а) Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ Йегъовӕ цавӕрдӕр ӕбӕрӕг тых у? б) Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы?

13 Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхимӕ ницавӕр тых ис абарӕн. Йегъовӕ цавӕрдӕр ӕбӕрӕг тых кӕнӕ, алцӕмӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр тых чи дӕтты, ахӕм чидӕр нӕу. Уый у удӕгас Хуыцау ӕмӕ йӕ тыхыл йӕ бар цӕуы. Фӕлӕ йӕ тыхӕй цӕмӕн фӕархайы?

14 Дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы аразгӕ дӕр кӕны, сафгӕ дӕр, хъахъхъӕнгӕ дӕр ӕмӕ алцыдӕр ногӕй йӕ къахыл слӕууын кӕны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ тыхы фӕрцы аразы, йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый (Исай 46:10). Хатт Йегъовӕ йӕ тыхӕй фӕархайы ӕндӕр хуызы дӕр: цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй нын ахсджиаг хъуыддӕгтӕ раргом кӕны ӕмӕ нын бамбарын кӕны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ тыхы фӕрцы ӕххӕст кӕны йӕ фӕндон. Йӕ фӕндон та у, цӕмӕй йӕ Паддзахады фӕрцы йӕ сыгъдӕг ном срухс кӕна ӕмӕ, ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕна. Ӕмӕ йӕ уый саразын ницы бакъуылымпы кӕндзӕн.

15. Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ уый Илийайы хабарӕй куыд зыны?

15 Йегъовӕ ма йӕ тыхы фӕрцы ӕххуыс кӕны махӕй алкӕмӕн дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, 2 Азфыстыты 16:9 стихы цы фыст ис, уымӕ: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса». Уый афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, райдианы цы хабары кой ракодтам, уымӕй, ома Илийайы хабарӕй. Йегъовӕ йын йӕ тых ахӕм хуызы цӕмӕн равдыста? Уымӕн ӕмӕ фыдзӕрдӕ ус-паддзах Йезавел расомы кодта, Илийайы удӕгасӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн. Пехуымпар фӕтарст ӕмӕ алыгъд, цӕмӕй йӕ сӕр бафснайдтаид. Афтӕ йӕм фӕкаст, ӕмӕ иунӕгӕй баззад, тас дзы бацыд ӕмӕ йӕ ныфс асаст. Хъуыды кодта, йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй уыди. Йегъовӕ йын йӕ тых равдыста ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафидар кодта. Дымгӕйы, зӕххӕнкъуысты ӕмӕ арты фӕрцы Йегъовӕ Илийайӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр чи у, уый йемӕ кӕй ис. Уӕдӕ ма Йезавелӕй куыд хъуамӕ тарстаид?! (1 Паддзӕхты 19:1–12)b.

16. Йегъовӕ цы стыр тыхы хицау у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый куыд бафидар кӕны?

16 Абон Йегъовӕ диссӕгтӕ нӕ аразы. Фӕлӕ уӕддӕр Илийайы заманӕй нырмӕ нӕ аивта (1 Коринфӕгтӕм 13:8). Ныр дӕр ӕй тынг фӕнды, чи йӕ уарзы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Йегъовӕ цӕры уӕлӕрвты, фӕлӕ махӕй дард нӕу. Йӕ тых ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ бон у баххуыс кӕнын, кӕмфӕнды ма уӕм, уӕддӕр. «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (Псалом 145:18). Иухатт пехуымпар Данел Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ куы куывта, уӕд ӕм зӕд фӕзынд, куывд нӕма фӕци, афтӕ! (Данел 9:20–23). Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдонӕн цыфӕнды уавӕры дӕр баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ бафидар кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн! (Псалом 118:6).

Кӕд Хуыцау ӕгӕрон тыхы хицау у, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм

17. Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм? Кӕд Хуыцау тыхджын у, уӕддӕр уый цӕуыл дзурӕг нӕу?

17 Хуыцау стыр тыхы хицау кӕй у, уый тыххӕй дзы хъуамӕ тӕрсгӕ кӕнӕм? Зӕгъӕн ис «о» дӕр ӕмӕ «нӕ» дӕр. «О» уымӕн, ӕмӕ, Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд ӕй нымайдзыстӕм ӕмӕ йын аргъ кӕндзыстӕм (ууыл цыбыртӕй ныхас кодтам ӕртыккаг сӕры). Библийы фыст ис, Хуыцауӕй тӕрсын «зонды райдайӕн» кӕй у (Псалом 111:10). «Нӕ» та уымӕн, ӕмӕ, кӕд тыхджын у, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы хъуамӕ ӕмризӕджы ризӕм кӕнӕ, йӕ хӕлӕрттӕ суӕм, уымӕй тӕрсӕм.

18. а) Бартӕ кӕй къухы сты, уыдоныл бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕууӕндынц? б) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ бартӕй алкӕддӕр раст кӕй фӕпайда кӕны?

18 100 азӕй фылдӕры размӕ иу историк загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕймагмӕ цас фылдӕр бартӕ уа, уыйас тӕссагдӕр у, раст сӕ кӕй нӕ пайда кӕндзӕн, уымӕй. Ацы ныхӕстӕ бирӕтӕ фӕзӕгъынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уынынц, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ӕнӕххӕст адӕм арӕх сӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕнынц (Екклесиаст 4:1; 8:9). Уый тыххӕй бирӕтӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоныл нал ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ сӕхи дард ласынц. Йегъовӕйӕн та йӕ къухы сты ӕппӕт бартӕ дӕр. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ раст нӕ пайда кӕны. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ у алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг ӕмӕ ӕвзӕрӕй никуы ницы сараздзӕн. Йегъовӕйы ӕппындӕр нӕй абарӕн, ацы дунейы бартӕ кӕй къухы сты, уыцы ӕнӕххӕст нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ. Афтӕ никуы уыд, ӕмӕ Хуыцау йӕ тыхӕй раст не спайда кодта, ӕмӕ никуы дӕр уыдзӕн.

19, 20. а) Йегъовӕ йӕ тыхӕй куы фӕархайы, уӕд ма ноджыдӕр цавӕр миниуджытӕ февдисы ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн у? б) Йегъовӕ хиуылхӕцгӕ кӕй у, уымӕн цавӕр цӕвиттон ӕрхӕссис ӕмӕ уыцы миниуӕг дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?

19 Стӕй дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ ӕрмӕст тыхджын кӕй нӕу, фӕлӕ ма йӕм кӕй ис ӕндӕр миниуджытӕ дӕр. Ацы чиныгӕй ма базондзыстӕм Йегъовӕйӕн йӕ рӕстдзинад, йе стыр зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы миниуджытӕй алкӕцы дӕр хицӕнӕй ӕвдисы. Иннӕ сӕртӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куы фӕархайы, уӕд алкӕддӕр бӕрӕг кӕй вӕййынц йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинад дӕр. Ахъуыды-ма кӕнӕм Хуыцауӕн ноджыдӕр йӕ иу миниуӕгыл – хиуылхӕцгӕ кӕй у, ууыл. Уыцы миниуӕг ацы дунейы хицӕуттӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕм ис.

20 Зӕгъӕм, тынг стыр ӕмӕ тынг тыхджын адӕймаг федтай ӕмӕ дзы фыццаг фӕтарстӕ. Фӕлӕ йӕ хуыздӕр куы базыдтай, уӕд бамбӕрстай, тынг фӕлмӕн адӕймаг кӕй у. Уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та, лӕмӕгъ чи у ӕмӕ, йӕ сӕрыл рахӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн баххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнынмӕ. Кӕд тынг тыхджын у, уӕддӕр ӕвзӕрӕй никуы ницы саразы. Мӕнг ныхӕстӕ дзы куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр вӕййы сабыр ӕмӕ ма суанг хӕларзӕрдӕ дӕр. Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Цымӕ ӕз уый хуызӕн тыхджын куы уаин, уӕд ӕз дӕр уыйау сабыр ӕмӕ хиуылхӕцгӕ уаин?» Ахӕм адӕймаджы хуыздӕр куы базонай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ хӕлар суа. Уӕдӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа, уый та нӕ ноджы тынгдӕр хъуамӕ фӕнда. Ахъуыды-ма кӕн, ацы сӕрӕн йӕ ном цы стихӕй ист у, ууыл: «Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ стыр тыхы хицау у» (Наум 1:3). Кӕд Йегъовӕ тынг тыхджын у, уӕддӕр адӕмы бафхӕрыныл нӕ тагъд кӕны, суанг фыдгӕнджыты бафхӕрыныл дӕр. Уый у фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Кӕд-иу ын адӕм йӕ зӕрдӕ бирӕ хӕттыты фӕриссын кодтой, уӕддӕр мӕсты кӕнынмӕ тагъд никуы кодта (Псалом 78:37–41).

21. Йегъовӕ адӕмы йӕхицӕн тыххӕй цӕуылнӕ лӕггад кӕнын кӕны ӕмӕ нын уый Йегъовӕйы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?

21 Ноджыдӕр-ма ахъуыды кӕн: Йегъовӕйы хуызӕн тыхджын куы уаис, уӕд-иу дӕ цымӕ нӕ бафӕндид, цӕмӕй-иу иннӕтӕн, дӕу цы фӕнды, уый саразын кӕнай? Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ та адӕмы йӕхицӕн тыххӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Кӕд ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм, Хуыцауӕн куы лӕггад кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыххӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны. Уый алы адӕймагӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй йӕхӕдӕг равзара, лӕггад ын кӕндзӕн ӕви нӕ. Дзуры нын, раст уынаффӕ чи нӕ рахӕсса, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ, раст уынаффӕ чи рахӕсса, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, уый. Фӕлӕ куыд бакӕндзыстӕм, уый хъуамӕ нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм (Дыккаг закъон 30:19, 20). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм лӕггад кӕной, сӕхи кӕй фӕнды, уый тыххӕй, тӕрсгӕ дзы кӕй кӕнынц, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Уый агуры, чи йӕ уарздзӕн ӕмӕ йын зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм адӕмы (2 Коринфӕгтӕм 9:7).

22, 23. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй уарзы иннӕтӕн бартӕ ӕмӕ хъарутӕ дӕттын? б) Иннӕ сӕрӕй цы базондзыстӕм?

22 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй ма цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? Бартӕ кӕй къухы сты, уыдон фӕтӕрсынц сӕ бартӕй иннӕтӕн хай кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ уарзы йе ’нувыд лӕггадгӕнджытӕн бартӕ дӕттын. Йе стыр бартӕй хай кӕны иннӕтӕн, зӕгъӕм, йӕ Фыртӕн (Матфейы 28:18). Йегъовӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты хъарутӕ дӕр. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «О Йегъовӕ, ды дӕ стыр Хуыцау, хъомысджын, диссаджы Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй, ды дӕ кадджын Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый. [...] Дӕ къухы ис тых ӕмӕ хъомыс, дӕ бон у адӕймаджы сбӕрзонд кӕнын ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр хъару раттын» (1 Азфыстыты 29:11, 12).

23 Йегъовӕ дӕуӕн дӕр хъарутӕ дӕтдзӕн. Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Нӕ хъомысджын Хуыцау йӕ тыхӕй алкӕддӕр раст фӕархайы ӕмӕ йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг у, бирӕ нӕ кӕй уарзы. Куыннӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлар уай! Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд фӕархайы, цӕмӕй, цы сфӕнд кӕны, уый-иу сараза.

a «Ӕппӕтхъомысджын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «ӕппӕтӕн дӕр Хицау чи у, уый; ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй къухы сты, уый».

b Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ нӕ уыд нӕдӕр дымгӕйы, нӕдӕр зӕххӕнкъуысты, нӕдӕр арты. Ӕрдзы тыхтӕн чи табу кӕны, уыцы адӕмӕй уӕлдай Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау ӕрдзы тыхты мидӕг ис. Уыдон зонынц, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй бирӕ хъомысджындӕр кӕй у (1 Паддзӕхты 8:27).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • 2 Азфыстыты 16:7–13. Паддзах Асӕйы хабарӕй куыд зыны, адӕймаг Йегъовӕйы тыхыл йӕ ныфс куы нал фӕдары, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕны?

  • Псалом 89:6–18. Йегъовӕ стыр тыхы хицау кӕй у, уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн ныфсы хос куыд у?

  • Исай 40:10–31. Йегъовӕмӕ цы стыр тых ис, уый тыххӕй ацы стихтӕй цы ис базонӕн ӕмӕ дын йӕ тыхы фӕрцы йӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

  • Раргомад 11:16–18. Тагъд Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы цы сараздзӕн ӕмӕ уый ӕцӕг чырыстӕттӕн ныфсы хос цӕмӕн у?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын