Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 10 сӕр, 97–106 фф.
  • «Хуыцауы фӕзмут», уӕ тыхӕй куыд архайут, уымӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Хуыцауы фӕзмут», уӕ тыхӕй куыд архайут, уымӕй
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕйрагдӕр у уарзондзинад
  • Бинонты ’хсӕн
  • Ӕмбырды
  • Ӕвзагӕн стыр тых ис
  • Йегъовӕйӕн «ӕппӕт хъаруйӕ» лӕггад кӕнӕм
  • «Агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • «Йегъовӕ... стыр тыхы хицау у»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Иегъовӕ у стыр тыхы хицау
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 10 сӕр, 97–106 фф.
Дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны сылгоймагӕн йӕ хӕдзары раз хорз хабар хъусын кӕнынц.

10 СӔР

«Хуыцауы фӕзмут», уӕ тыхӕй куыд архайут, уымӕй

1. Ӕнӕххӕст адӕм цавӕр къӕппӕджы бахауынц?

ИУХАТТ иу фыссӕг загъта: «Адӕймагмӕ бартӕ куы вӕййы, уӕд уый алы хатт дӕр тӕссаг вӕййы». Цымӕ цӕмӕй? Уымӕн ӕмӕ арӕхдӕр йӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕны. Хъыгагӕн, ӕнӕххӕст адӕм уыцы къӕппӕджы ӕнцонтӕй бахауынц. Дунейы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ «адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Адӕймаг иннӕты куы нӕ фӕуарзы, уӕд йӕ тыхӕй ӕмӕ йӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕны, ӕмӕ бирӕтӕн стыр зындзинӕдтӕ бавзарын кӕны.

2, 3. а) Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй адӕмӕй куыд хицӕн кӕны? б) Цавӕр тых нӕм ис ӕмӕ дзы куыд хъуамӕ архайӕм?

2 Йегъовӕ Хуыцау ахӕм нӕу. Уымӕй тыхджындӕр ничи ис, фӕлӕ йӕ тыхӕй афтӕ никуы фӕархайы, цӕмӕй искӕмӕн исты зиан ракӕна. Раздӕры сӕртӕй базыдтам, йӕ тыхӕй алкӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕй фӕаразы, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, цӕмӕй йӕм тынгдӕр баввахс уӕм. Ӕмӕ йӕм цас ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕфӕнды, цӕмӕй мах дӕр нӕ тыхӕй уыйау архайӕм (Ефесӕгтӕм 5:1). Фӕлӕ кӕд Хуыцауимӕ абаргӕйӕ адӕймаг гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ у, уӕд ӕм цавӕр тых ис?

3 Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» ӕмӕ стӕм уый хуызӕн (Райдиан 1:26, 27). Уӕдӕ махмӕ дӕр тых ис. Зӕгъӕм, нӕ тыхы руаджы кусӕм ӕмӕ цыдӕртӕ аразӕм. Уымӕй уӕлдай, нӕ бар кӕуылдӕр фӕцӕуы, стӕй нӕ бон вӕййы иннӕтыл бандавын, уӕлдайдӕр та нӕ чи уарзы, уыдоныл. Чи зоны, стӕм хъаруджын ӕмӕ нӕм мулк ис. Йегъовӕйы тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Дӕумӕ ис царды суадон» (Псалом 36:9). Уӕдӕ нӕм цы тых ис, уый нӕм Йегъовӕйы фӕрцы ис. Ӕмӕ нӕ уымӕн фӕнды нӕ тыхӕй ӕмӕ нӕ бартӕй афтӕ архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

Сӕйрагдӕр у уарзондзинад

4, 5. а) Цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм, уый тыххӕй нӕм сӕйраджыдӕр цавӕр миниуӕг хъуамӕ уа ӕмӕ уый Хуыцауӕн йӕхи цӕвиттонӕй куыд у бӕрӕг? б) Уарзондзинад нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм?

4 Цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты уарзӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Хуыцау йӕхӕдӕг куыд фӕархайы, уымӕй. 1-аг сӕры дзырд цыди Хуыцауы цыппар сӕйраг миниуӕгыл. Уыдон сты тых, рӕстдзинад, зонд ӕмӕ уарзондзинад. Уыцы цыппар миниуӕгӕй сӕйрагдӕр кӕцы у? Уарзондзинад. 1 Иоанны 4:8 стихы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад». Йегъовӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр у уарзондзинад, ӕмӕ йӕ алцы аразынмӕ дӕр уыцы миниуӕг разӕнгард кӕны. Уӕдӕ исты куы фӕаразы, уӕд ӕй фӕаразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдоны пайдайӕн.

5 Уарзондзинад махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уарзондзинад у «хӕларзӕрдӕ» ӕмӕ «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Уӕдӕ нӕм уарзондзинад куы уа, уӕд тызмӕг кӕнӕ ӕгъатыр нӕ уыдзыстӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдонимӕ нӕхи куыд дардзыстӕм, уымӕй. Мах фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ дарӕм, нымайӕм сӕ ӕмӕ сыл нӕхицӕй тынгдӕр тыхсӕм (Филиппӕгтӕм 2:3, 4).

6, 7. а) Хуыцауӕй тӕрсын цы нысан кӕны ӕмӕ нын уыцы миниуӕг куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм? б) Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсын ӕмӕ Хуыцауы уарзын кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

6 Уарзондзинады фӕрцы ма сахуыр вӕййӕм Хуыцауӕй тӕрсын дӕр. Ӕмӕ Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тыхӕй раст архайӕм. Куыд? Ӕмбисӕндты 16:6 стихы фыст ис: «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй». Адӕймаг йӕ тыхӕй раст куы нӕ архайа, уӕд уый дӕр ӕвзӕрдзинадыл нымад у, ӕмӕ уымӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм. Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд, нӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдонӕн ӕвзӕр нӕ уыдзыстӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд стӕм, уый тыххӕй дзуапп дӕттӕм Хуыцауы раз (Нееми 5:1–7, 15). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр уый нӕу. Библи кӕуыл фыст ӕрцыд, уыцы ӕвзӕгтӕй дзырд «тӕрсын»-ӕй цы дзырдбӕстытӕ ратӕлмац кодтой, уыдон арӕх фӕамонынц Хуыцауӕн кад ӕмӕ аргъ кӕнынмӕ. Библийӕ бӕрӕг у, цӕмӕй Хуыцауӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй йӕ уарзгӕ кӕй хъуамӕ кӕнӕм (Дыккаг закъон 10:12, 13). Хуыцауӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ зӕрдӕхудты ма бацӕуӕм. Ӕмӕ афтӕ кӕндзыстӕм, кӕй нӕ бафхӕрдзӕн, уымӕй кӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй.

7 Зӕгъӕм, гыццыл лӕппу зоны, йӕ фыд ӕй тынг кӕй уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы. Стӕй ма зоны, йӕ фыды кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕхи хорз дара ӕмӕ, исты куы рафыдуаг кӕна, уӕд ын уайдзӕф дӕр кӕй бакӕндзӕн. Фӕлӕ дзы ӕмризӕджы нӕ ризы. Лӕппу йӕ фыды тынг уарзы. Ӕхсызгон ын у, йӕ фыды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын дӕр афтӕ у. Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй тӕрсӕм, йӕ зӕрдӕ йын цы фӕриссын кӕндзӕн, ахӕм исты саразынӕй (Райдиан 6:6). Мах фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕмӕ нӕ нӕ тыхӕй дӕр раст архайын уый тыххӕй фӕнды. Цӕй ӕмӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, ууыл.

Бинонты ’хсӕн

8. а) Лӕгӕн цавӕр бартӕ ис ӕмӕ уыцы бартӕй куыд хъуамӕ пайда кӕна? б) Лӕг йӕ усӕн кӕй аргъ кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

8 Фыццаг уал аныхас кӕнӕм бинонтыл. Ефесӕгтӕм 5:23 стихы фыст ис: «Лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау». Уӕдӕ Хуыцау лӕгӕн цавӕр бартӕ радта, уыдонӕй куыд хъуамӕ пайда кӕна? Библи лӕгтӕн фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, уӕ устыты ӕмбарут ӕмӕ «сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут» (1 Петры 3:7). «Кад кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у «аргъ кӕнын, нымайын». Ацы дзырдӕн йӕ иннӕ формӕтӕ та тӕлмац ӕрцыдысты дзырдтӕй «лӕвар» ӕмӕ «зынаргъ» (Хъуыддӕгтӕ 28:10; 1 Петры 2:7). Лӕг йӕ бинойнагӕн куы аргъ кӕна, уӕд ӕм йӕ къух никуы сисдзӕн, стӕй йӕ ныхасӕй дӕр не ’фхӕрдзӕн, кӕннод сылгоймаг йӕхимӕ ницӕйаг кӕсдзӕн. Ахӕм лӕгӕн йӕ бинойнаг зынаргъ вӕййы ӕмӕ йын кад фӕкӕны. Ӕмӕ иунӕгӕй уой ӕви иннӕты ’хсӕн, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг вӕййы, кӕй йын аргъ кӕны, уый (Ӕмбисӕндтӕ 31:28). Уӕд усӕн ӕнцон вӕййы йӕ сӕрыхицауы уарзын ӕмӕ йын кад кӕнын. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ ахӕм лӕг Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн.

Лӕг ӕмӕ ус сӕ кӕрӕдзи къухтыл хӕцгӕ фӕцӕуынц.

Лӕг ӕмӕ ус сӕ бартӕй раст пайда кӕндзысты, кӕрӕдзийы куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы кад кӕной, уӕд

9. а) Сылгоймагӕн бинонты ’хсӕн цавӕр бартӕ ис? б) Усӕн цы ’ххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, йӕ бон цӕмӕй у, уымӕй йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕна ӕмӕ уый хорз цӕмӕн у?

9 Сылгоймагӕн дӕр бинонты ’хсӕн цавӕрдӕр бартӕ ис. Библийы фыст ис, Хуыцауы зӕрдӕ чи рухс кодта ӕмӕ йӕ сӕрыхицауӕн чи аргъ кодта, ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй. Фӕлӕ-иу уыцы сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгтӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй-иу раст уынаффӕтӕ хастаиккой кӕнӕ-иу рӕдыд къахдзӕф ма сарӕзтаиккой (Райдиан 21:9–12; 27:46–28:2). Гӕнӕн ис, ӕмӕ ус йӕ сӕрыхицауӕй ӕмбаргӕдӕр уа кӕнӕ йӕм уа, йӕ лӕгмӕ чи нӕй, ахӕм курдиӕттӕ. Фӕлӕ уӕддӕр ус хъуамӕ «йӕ лӕджы нымайа» ӕмӕ йӕ «коммӕ кӕса», «Хицауы коммӕ куыд кӕсы, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:22, 33). Усы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын куы фӕнда, уӕд йӕ сӕрыхицауы кад дӕлӕмӕ нӕ кӕндзӕн кӕнӕ йын йӕхи хицау нӕ кӕндзӕн. Уый бӕсты йын, йӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕндзӕн. «Зондджын сылгоймаг» йӕ сӕрыхицауимӕ иумӕ архайдзӕн, цӕмӕй сӕ бинонтӕ ӕнгом уой. Ӕмӕ афтӕ куы кӕна, уӕд дзы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 14:1).

10. а) Хуыцау ныййарджытӕн цавӕр бартӕ радта? б) Дзырдбаст «зондыл аразын», кӕнӕ «зонд амонын», цы нысан кӕны ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд хъуамӕ амоной? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

10 Хуыцау бартӕ радта ныййарджытӕн дӕр. Библийы ис ахӕм фӕдзӕхст: «Фыдӕлтӕ... уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Ефесӕгтӕм 6:4). Дзырдбаст «зондыл аразын», кӕнӕ «зонд амонын», Библийы нысан кӕны раст фӕндагыл аразын ӕмӕ зондахаст раст кӕнын. Сывӕллӕтты ӕнӕмӕнг хъӕуы ахуыр кӕнын. Уыдон хъуамӕ зоной, сӕ ныййарджытӕ сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, стӕй сын бар цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, уый. Библимӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной, уарзгӕ сӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 13:24). Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ «зондамонӕн уисӕй» хъуамӕ афтӕ ма пайда кӕной, цӕмӕй сывӕллӕттӕн исты зиан ӕрхӕссой кӕнӕ сын сӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнойa (Ӕмбисӕндтӕ 22:15; 29:15). Ныййарджытӕн уый бар нӕй, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты фыднад кӕной кӕнӕ сын зонд куы амоной, уӕд семӕ тызмӕгӕй ныхас кӕной. Афтӕ куы кӕной, уӕд сывӕллӕттӕн сӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ сӕхимӕ ныхъхъусдзысты (Колоссӕгтӕм 3:21). Фӕлӕ сӕ раст куы хъомыл кӕной, уӕд ӕмбардзысты, сӕ ныййарджытӕ сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа.

11. Сывӕллӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ тыхӕй раст архайын?

11 Цы зӕгъӕн ис сывӕллӕттӕй та? Уыдонӕн та сӕ бон куыд у сӕ тыхӕй раст архайын? Ӕмбисӕндты 20:29 стихы фыст ис: «Лӕппуты фидауц – сӕ тых». Ӕрыгӕттӕн ӕппӕты хуыздӕр у, цӕмӕй сӕ хъарутӕ саразой се Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ (Екклесиаст 12:1). Стӕй ма хъуамӕ ӕрыгӕттӕ сӕ зӕрдыл дарой, сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ ныййарджытӕн кӕнӕ цины хос кӕй уыдзысты, кӕнӕ та масты хос (Ӕмбисӕндтӕ 23:24, 25). Ныййарджытӕ амондджын вӕййынц, сӕ сывӕллӕттӕ сӕм куы фӕхъусынц ӕмӕ, раст цы у, уый куы фӕаразынц, уӕд (Ефесӕгтӕм 6:1). Сывӕллон коммӕгӕс куы уа, уӕд «уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ» (Колоссӕгтӕм 3:20).

Ӕмбырды

12, 13. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ бартӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фыстыл зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ тыхсой, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

12 Йегъовӕ ӕмбырды сӕвӕрдта цӕстдарджыты, цӕмӕй нын разамынд дӕттой (Дзуттӕгтӕм 13:17). Уыцы нӕлгоймӕгтӕн Хуыцау цы бартӕ радта, уыдонӕй хъуамӕ афтӕ пайда кӕной, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕной. Стӕй ма сын ӕххуыс кӕной Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн дӕр. Фӕлӕ сын цымӕ уый бар ис, цӕмӕй сын сӕхи хицау кӕной? Нӕй! Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбарой, ӕмбырды раз сыл цы хӕстӕ ис, уый (1 Петры 5:2, 3). Библи цӕстдарджыты фӕдзӕхсы: «Хизут Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (Хъуыддӕгтӕ 20:28). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕмбырды алкӕй дӕр уарзой ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ дарой.

13 Зӕгъӕм, дӕ хорз ӕмбал дын дӕ бар бакодта, тынг зынаргъ ын чи у, ахӕм дзаума. Зоныс ӕй, стыр аргъӕй йӕ кӕй балхӕдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕстыгагуыйау ӕй хъахъхъӕндзынӕ. Афтӕ Хуыцау дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бар бакодта стыр хӕзна – Библи фыстимӕ кӕй бары, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты (Иоанны 21:16, 17). Йегъовӕ йӕ фысты афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ сӕ йӕ иунӕггуырд Фырт Йесо Чырыстийы зынаргъ тугӕй балхӕдта. Уымӕй стырдӕр аргъ бафидӕн нӕ уыд. Сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уый сӕ зӕрдыл дарынц ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсынц.

Ӕвзагӕн стыр тых ис

14. Ӕвзагӕн цавӕр тых ис?

14 Библийы фыст ис: «Мӕлӕт дӕр ӕмӕ цард дӕр ӕвзаджы къухы сты» (Ӕмбисӕндтӕ 18:21). Цы дзурӕм, уый, гӕнӕн ис, искӕмӕн стыр зиан ӕрхӕсса. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм адӕймаг нӕй, йӕ зӕрдӕ ныхасӕй кӕмӕн нӕ фӕриссын кодтой. Фӕлӕ ныхасӕн йӕ бон у адӕймагыл базыртӕ басадзын дӕр. Ӕмбисӕндты 12:18 стихы фыст ис: «Зондджыны ӕвзаг... у ӕвдадзы хос». Ныфсы ныхӕстӕ ӕмӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ хосӕй уӕлдай не сты. Ахӕм ныхас фехъусгӕйӕ зӕрдӕйӕн фенцондӕр вӕййы. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

15, 16. Нӕ бон куыд у нӕ ныхӕстӕй иннӕты фидар кӕнын?

15 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14 стихы кӕсӕм: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут». Хатт Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ ныфс асӕтты. Нӕ бон сын куыд вӕййы баххуыс кӕнын? Йӕ ныфс кӕмӕн асаст, ахӕм адӕймагӕн-иу зӕгъ, цы хорз миниуджытӕ йӕм ис, уый тыххӕй. Уый йын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕна, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй у, ууыл. Библийӕ йын ахӕм стихтӕ бакӕс, цӕмӕй фена, «зӕрдӕсаст чи у» ӕмӕ «ныфссаст чи у», уыдоны Йегъовӕ кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы (Псалом 34:18). Нӕ ныхӕстӕй иннӕты куы фидар кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцауы хуызӕн кӕй стӕм. Уый, «зӕрдӕсаст чи у, уыдоны ныфс... уадзы» (2 Коринфӕгтӕм 7:6).

16 Нӕ ныхӕстӕй ма нӕ бон у иннӕты фидар кӕнын дӕр. Мыййаг, хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй искӕмӕн йӕ хиуӕттӕй исчи фӕзиан? Цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕйы рыст фӕкъаддӕр кӕнӕм, уый тыххӕй йын нӕ бон у зӕгъын, йемӕ кӕй хъыг кӕнӕм. Чи зоны, ацӕргӕ ’фсымӕр кӕнӕ хомӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуы. Цы сын зӕгъдзыстӕм, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Уӕд сын нӕ ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй мауал дызӕрдыг кӕной, иннӕтӕ сӕ кӕй нымайынц ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнынц, ууыл. Йе та, чи зоны, чидӕр уӕззау низимӕ тох кӕны. Нӕ бон ӕм у телефонӕй бадзурын, абӕрӕг ӕй кӕнын кӕнӕ та йӕм ныфсы ныхӕстӕ афыссын. «Адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ куы фӕдзурӕм, уӕд уый не Сфӕлдисӕгӕн тынг ӕхсызгон вӕййы (Ефесӕгтӕм 4:29).

17. Иннӕты ӕппӕты тынгдӕр цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн ӕмӕ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?

17 Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмбисӕндты 3:27 стихы фыст ис: «Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн». Цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хорз хабар адӕмӕн дзурын нӕ хӕс у. Йегъовӕ нын цӕстуарзонӕй цы ахсджиаг хабар раргом кодта, уый иннӕтӕй куы сусӕг кӕниккам, уӕд уый раст нӕ уаид (1 Коринфӕгтӕм 9:16, 22). Уӕдӕ нӕм Йегъовӕ ацы хъуыддаджы цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ тыхтӕй раст архайдзыстӕм

Йегъовӕйӕн «ӕппӕт хъаруйӕ» лӕггад кӕнӕм

18. Йегъовӕйы цы фӕнды?

18 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды нӕ лӕггады, нӕ бон цы у, уый аразын. Уыцы хъуыддаджы нӕм Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Библийы фыст ис: «Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:23). Уӕдӕ нӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр уый алкӕмӕн дӕр йӕ бон у. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст у: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Марчы 12:30). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм.

19, 20. а) Кӕд «уд» адӕймаг йӕхӕдӕг у, уӕд Марчы 12:30 стихы Йесо адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъару хицӕнтӕй цӕмӕн ранымадта? б) Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, Хуыцауӕн «ӕппӕт удӕй» лӕггад кӕн, зӕгъгӕ?

19 Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, Хуыцауӕн «ӕппӕт удӕй» лӕггад кӕн, зӕгъгӕ? «Уд» у адӕймаг йӕхӕдӕг, йӕ зӕрдӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъаруимӕ. Ӕмӕ сӕ уӕд Марчы 12:30 стихы Йесо хицӕнтӕй цӕмӕн ранымадта? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Рагзаманты адӕймагӕн йӕ бон уыд йӕхи (йӕ уд) ауӕй кӕнын, ома-иу кӕйдӕр цагъар сси. Фӕлӕ, гӕнӕн уыд, ӕмӕ цагъар йӕ хицауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ ма лӕггад кодтаид (Колоссӕгтӕм 3:22). Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕхиуыл ма ауӕрдӕм, фӕлӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм.

20 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иу цас лӕггад кӕны, иннӕ дӕр уыйбӕрц хъуамӕ лӕггад кӕна? Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ уавӕртӕ иухуызон не сты. Зӕгъӕм, ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕниз чи у, уыдонӕн сӕ бон цас у хъусын кӕнын, уыйбӕрц хъусын кӕнын сӕ бон нӕу, азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой ӕмӕ фаг хъарутӕ кӕмӕ нал ис, уыдонӕн. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн дӕр сӕ бон фылдӕр аразын у, бинонтӕ даринаг кӕмӕн ис, уыдонимӕ абаргӕйӕ. Уӕдӕ кӕд нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ амонынц, цӕмӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнӕм, уӕд дзы хъуамӕ бузныг уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхи иннӕтимӕ макуы барӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, сӕ бон цы у, уый нӕ аразынц, зӕгъгӕ (Ромӕгтӕм 14:10–12). Уый бӕсты, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм.

21. Нӕ тыхӕй раст кӕд архайдзыстӕм?

21 Йегъовӕ нын фӕзминаг у, йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау нӕ тыхӕй раст архайӕм. Цы бартӕ нӕм ис, уыдонӕй раст пайда кӕндзыстӕм ӕмӕ, нӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдонмӕ хӕларзӕрдӕ дардзыстӕм ӕмӕ сӕ нымайдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма ӕппӕт удӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын нӕ бӕрны кӕй бакодта, уыцы хъуыддаг – хъусын кӕндзыстӕм, цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хорз хабар (Ромӕгтӕм 10:13, 14). Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразыс, ома йын ӕппӕт удӕй куы фӕлӕггад кӕныс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕу фӕнды, цӕмӕй нӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразай. Дӕ тыхӕй раст архайдзынӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ куы саразай, уӕд.

a Дзырд «уис»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амыдта, фыййау-иу йӕ фысты кӕмӕй тардта, ахӕм хъил кӕнӕ лӕдзӕгмӕ (Псалом 23:4). Уӕдӕ, Библийы афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ ныййарджытӕм ис «уис», уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты раст зондыл аразой ӕмӕ сӕ карзӕй ма ’фхӕрой.

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Ӕмбисӕндтӕ 3:9, 10. «Хуыздӕрӕй» нӕм цы ис, уыдӕттӕ цы сты ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон куыд у Йегъовӕйы кадджын кӕнын?

  • Екклесиаст 9:5–10. Дӕ бон куыд у дӕ хъарутӕй, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ пайда кӕнын?

  • Хъуыддӕгтӕ 8:9–24. Ацы скъуыддзагӕй цы ис базонӕн, бартӕй куыд нӕ хъӕуы пайда кӕнын, уый тыххӕй ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи уымӕй бахизӕм?

  • Хъуыддӕгтӕ 20:29–38. Павел хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын