Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lr 16 сӕр, 87–91 фф.
  • Царды сӕйрагдӕр цы у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Царды сӕйрагдӕр цы у?
  • Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Ӕхца фыдбылызы хос у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесо ӕмӕ хъӕздыг хицау
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
Фылдӕр фенын
Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
lr 16 сӕр, 87–91 фф.

16 СӔР

Царды сӕйрагдӕр цы у?

Нӕлгоймаг Йесомӕ дзуры, иннӕтӕ та хъусынц

Ацы лӕг цы не ’мбӕрста?

ИУХАТТ Йесомӕ бацыди иу лӕг. Уый зыдта, Йесо кӕй уыди тынг зондджын, ӕмӕ йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, ме ’фсымӕрӕн-ма зӕгъ, ӕмӕ йӕм цы ис, уымӕй мын хай ратта». Уыцы лӕг афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, йе ’фсымӕрмӕ цы уыди, уый хъуамӕ йемӕ адих кодтаид.

Ды Йесойы бынаты куы уыдаис, уӕд ын цы загътаис? ~ Йесо зыдта, уыцы лӕг иу хъуыддаг кӕй не ’мбары. Йе ’фсымӕрмӕ цы уыдис, уый йӕ ӕцӕгӕй нӕ хъуыди. Фӕлӕ уыцы лӕг не ’мбӕрста, царды сӕйрагдӕр цы у, уый.

Ахъуыды-ма кӕнӕм. Царды нын сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа: хъазӕнтӕ, рӕсугъд дзаумӕттӕ ӕви ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ? ~ Ис иу цыдӕр, ӕмӕ уый у бирӕ сӕйрагдӕр. Ӕмӕ Йесо дӕр адӕмӕн уый ӕмбарын кодта. Уый радзырдта, Хуыцауы чи ферох кодта, иу ахӕм лӕджы хабар. Радзурон дын уыцы хабар? ~

Уыцы лӕг уыди тынг хъӕздыг. Уыдис ӕм зӕхх ӕмӕ хордӕттӕ – мӕнӕу кӕм бафснайынц, ахӕм бынӕттӕ. Иухатт йӕ зӕххыл ӕрзад бирӕ мӕнӕу, йӕ хордӕтты та уыйбӕрц бынат нӕ уыди. Ӕмӕ цы сфӕнд кодта? Уый йӕхицӕн загъта: «Мӕ хордӕттӕ фехалдзынӕн ӕмӕ стырдӕртӕ сараздзынӕн. Ӕмӕ мӕ мӕнӕу ӕмӕ мӕм цы ис, уыдон иууылдӕр уыцы ног хордӕтты сӕвӕрдзынӕн».

Уыцы хъӕздыг лӕг афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ раст кӕны. Бирӕ цыдӕртӕ кӕй ӕрӕмбырд кодта, уый тыххӕй йӕхимӕ тынг зондджын касти. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта: «Бирӕ хорз цыдӕртӕ ӕрӕмбырд кодтон, ӕмӕ мын сты бирӕ азты фаг. Ныр мӕ бон у мӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрын: хӕрдзынӕн, нуаздзынӕн ӕмӕ мӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитдзынӕн». Фӕлӕ уыцы лӕг иу цӕмӕйдӕр рӕдыди. Зоныс ӕй, цӕмӕй? ~ Уый хъуыды кодта ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл ӕмӕ, йӕ рӕстӕг хорз куыд арвита, ууыл. Хуыцауы та ферох кодта.

Хъӕздыг лӕг йӕ ног хордӕттӕм кӕсы

Ацы хъӕздыг лӕг цӕуыл хъуыды кӕны?

Уӕд ын Хуыцау загъта: «Куыд ӕнӕзонд дӕ! Ахсӕв амӕлдзынӕ, ӕмӕ, цы ӕрӕмбырд кодтай, уыдон кӕмӕн баззайдзысты?» Уыцы лӕг цы ӕрӕмбырд кодта, уыдон ма йын йӕ мӕлӕты фӕстӕ исты пайда уыдаиккой? ~ Ницы, уымӕн ӕмӕ баззадаиккой ӕндӕр кӕмӕндӕр. Стӕй Йесо загъта: «Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн» (Лукайы 12:13–21).

Фӕндид дӕ, цӕмӕй уыцы хъӕздыг лӕджы хуызӕн уай? ~ Царды йӕ хъӕздыгдзинад йеддӕмӕ ницы хъуыд. Ӕмӕ уымӕй тынг рӕдыд. Уый хъуыди ноджы фылдӕр, ӕмӕ бафтыди хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмбырд кӕныныл. Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг нӕ уыд.

Адӕмӕй бирӕтӕ сты уыцы хъӕздыг лӕджы хуызӕн. Цы сӕм ис, уый сын фаг нӕу, хъӕуы сӕ ноджы фылдӕр. Фӕлӕ уый тыххӕй сӕхи фыдбылызы баппарынц. Ахъуыды-ма йыл кӕнӕм. Зӕгъӕм, дӕуӕн ис хъазӕнтӕ, афтӕ нӕу? ~ Цавӕртӕ дын сты? ~ Фӕлӕ де ’мбӕлттӕй искӕмӕ пурти, кукла кӕнӕ ӕндӕр исты хъазӕн куы фенай, дӕумӕ та ахӕм куы нӕ уа, уӕд куыд кӕндзынӕ? Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мадӕн дзурдзынӕ, мӕнӕн дӕр ахӕм хъазӕн балхӕн, зӕгъгӕ? Уый раст уыдзӕн? ~

Фыццаг дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕ дӕ царды уыцы хъазӕнӕй тынгдӕр ницы хъӕуы. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ыл цы ’рцӕудзӕн? ~ Базӕронд уыдзӕн. Чи зоны, сӕтгӕ дӕр акӕна, ӕмӕ дӕ уӕд хъӕугӕ дӕр нал кӕндзӕн. Фӕлӕ дӕумӕ ис, хъазӕнтӕй бирӕ хуыздӕр цы у, уый. Зоныс, цы? ~

Лӕппу йӕ хъазӕнтӕй хъазы

Хъазӕнтӕй бирӕ хуыздӕр цы у?

Уый у дӕ цард. Дӕ цард хъазӕнтӕй бирӕ сӕйрагдӕр у, уымӕн ӕмӕ, куы нӕ цӕрис, уӕд дӕ бон аразын дӕр ницы уаид. Фӕлӕ цӕмӕй цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцаумӕ хъусын, афтӕ нӕу? ~ Уӕдӕ уыцы ӕнӕзонд хъӕздыг лӕджы хуызӕн ма уӕм, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы ферох кодта.

Уыцы хъӕздыг лӕгау ӕнӕзонд хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст сывӕллӕттӕ нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ стыртӕ дӕр. Уыдонӕй иуӕй-иуты, цы сӕм ис, уымӕй фылдӕр фӕхъӕуы. Вӕййы сын хӕринаг, дзаумӕттӕ ӕмӕ хӕдзар. Фӕлӕ сын уый фаг нӕ вӕййы. Фӕхъӕуы сӕ фылдӕр дзаумӕттӕ ӕмӕ стырдӕр хӕдзӕрттӕ. Уымӕн та хъӕуы бирӕ ӕхца. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ кусын райдайынц. Ӕмӕ сӕм цас фылдӕр ӕхца фӕзыны, уыйас сӕ фылдӕр цыдӕртӕ фӕхъӕуы.

Стыртӕй иуӕй-иутӕ афтӕ бирӕ фӕкусынц, ӕмӕ сын сӕ бинонтӕн дӕр рӕстӕг нал вӕййы. Рӕстӕг сын нал вӕййы Хуыцауӕн дӕр. Фӕлӕ сын се ’хцатӕ цард ратдзысты? ~ Нӕ ратдзысты. Куы амӕлой, уӕд ма сӕ се ’хцатӕ истӕмӕн бахъӕудзысты? ~ Ницӕмӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтӕн сӕ бон ӕппындӕр ницы у аразын (Екклесиаст 9:5, 10).

Уӕдӕ ӕхцатӕ ӕвзӕр сты? ~ Ӕвзӕр бӕргӕ не сты. Ӕхцайӕ нӕ бон у хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ балхӕнын. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕхца адӕймаджы хъахъхъӕны (Екклесиаст 7:12). Фӕлӕ ӕхца бирӕ куы уарзӕм, уӕд нӕхи фыдбылызы баппардзыстӕм. Мах дӕр уыдзыстӕм уыцы ӕнӕзонд хъӕздыг лӕджы хуызӕн. Уый йӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмбырд кодта, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг нӕ уыди.

Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уа, уый тыххӕй йӕ цы хъӕуы аразын? ~ Йӕ царды хъуамӕ Хуыцауы фыццаг бынаты ӕвӕра. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, мӕн Хуыцау уырны. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ Хуыцау куы уырна, уӕд уый фаг у. Фӕлӕ Хуыцауы цӕсты хъӕздыг сты? ~ Не сты. Уыдон ницӕмӕй хицӕн кӕнынц, Хуыцауы чи ферох кодта, уыцы хъӕздыг лӕгӕй.

Йесо йӕ уӕларвон Фыды никуы рох кодта. Уый бирӕ ӕхцатӕ нӕ хъуыди. Дзаумӕттӕ дӕр ын бирӕ нӕ уыд. Йесо зыдта, царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый. Зоныс, цы? ~ Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уа.

Чызг Библи кӕсы, иннӕ чызгӕн хъусын кӕны, ӕмбырды йӕ бинонтимӕ зары ӕмӕ кувы

Ацы чызгӕн йӕ царды сӕйрагдӕр цавӕр хъуыддӕгтӕ сты?

Махӕн та нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уӕм? ~ Хъуамӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразӕм. Йесо афтӕ загъта: «Ӕз алкӕддӕр, Хуыцауӕн ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоанны 8:29). Хуыцау фӕцин кӕны, цы нын дзуры, уый куы фӕаразӕм, уӕд. Зӕгъ-ма, Хуыцауӕн ӕхсызгон цы у, уый дӕ бон та куыд у аразын? ~ О, дӕ бон у Библи кӕсын, ӕмбырдтӕм цӕуын, кувын ӕмӕ иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын. Царды уыцы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр ницы ис.

Йесо Йегъовӕйы цӕсты уыди хъӕздыг, ӕмӕ йын Йегъовӕ ӕххуыс кодта. Уый йын радта ӕнусон цард. Мах дӕр Йесойы хуызӕн куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ уарздзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ уӕм Йесойы хуызӕн ӕмӕ, Хуыцауы чи ферох кодта, уыцы хъӕздыг лӕджы хуызӕн макуы суӕм.

Ӕхца ӕмӕ дзаумӕттӕм цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын, уый ӕвдисынц мӕнӕ ацы стихтӕ: Ӕмбисӕндтӕ 23:4; 28:20; 1 Тимофеймӕ 6:6–10 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 13:5.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын